Главная - Новости Беслан

31/03/2015 Бæлвырд уыунаффæтæ  рахастой

Рахизфарсы районы Ныхасы сæргълæууæг Томайты Савели радзырдта Стыр Ныхасы хæстæ æмæ бартыл Уставмæ гæсгæ:
- Æрлæууын уын сæ кæнæм уæ зæрдыл. «Иры Стыр Ныхас» у Æппæтдунеон Æхсæнадон змæлд. Ахæм змæлдтытæ ма ис тæтæйрæгтæ æмæ башкиртæм, Цæгат Кавказы та æрмæстдæр ирон адæммæ. «Иры Стыр Ныхасæн» йæ бон у цыфæнды хицаудзинады оргæнтæм, суанг Иугонд Нациты Организацимæ дæр æвзарын æмæ æрвитын иудадзыг архайджытæ. Змæлды нысан у, фыццаджыдæр, æппæт дунейы цы ирон адæм цæры, уыдоны иудзинадыл, ирон æвзаг æмæ æгъдау куыд нæ сæфой, фæлæ рæсугъдæй нæ царды мидæг фидар куыд кæной ууыл архайын.
БМК-йы микрорайоны цæрджытæ се ‘гъдауæй бæрæг дарынц адæмы астæу. Ирон адæмы æгъдау у тынг хъæздыг æмæ фидауц. Фæлæ нæм ис аппаринаг хъуыддæгтæ, кæцытæ нын нæ цард кæнынц æвидауц, æмæ сæ сыскъуыныныл архайын хъæуы. Нæ фыдæлты æгъдау сыгъдæгæй, рæсугъдæй хъуамæ хæссæм. Цы ныхас ракодтон, уымæй бæрæг сты Ныхасы хæстæ æмæ бартæ. Уæ микрорайоны хайадæн йæ архайды мидæг бирæ бантысæд, - загъта Савели, стæй æмбырдмæ бахаста фæндон:
- Беслæныхъæуы БМК-йы микрорайоны Ныхасы хайады куыст хæссынмæ хъæуы равзарын сæргълæууæг æмæ Совет. Уый у уæхи бар. Кæй кандидатурæтæ уæ фæнды бахæссын сæргълæууæг равзарынмæ, уый зæгъут.
Цæлойты Бег, Алыккаты Махар, Гуытъиаты Таймураз загътой сæ фæндон - сæргълæууæджы хæстæ бабар кæнын Тагъаты Виктор Таймуразы фыртæн. Ацы адæймаджы хорз зонынц нæ горæты – у активон алы хъуыддаджы, ис ын кад адæмы ‘хсæн, йæ дзырды та – уæз. Æмбырды архайджытæ «дыууæ» нæ загътой ацы фæндоныл, æмæ Виктор Ныхасы сæрдары бынат бацахста.
Тагъайы-фырт куыд загъта, афтæмæй Советы уæнгты нымæц сæрдаримæ хъуамæ уа 11. Схъæлæс кодтой Алыккаты Махарбегыл, Гуытъиаты Таймуразыл, Елхъанаты Алиханыл, Кадиты Барисыл, Кокойты Олегыл, Куыдзиаты Умарбегыл, Татраты Мæирбегыл, Хадыхъаты Русланыл, Цæлойты Бегыл, Цомартаты Тотрадзыл. Дарддæр æмбырды архайджытæ æрдзырдтой сæ фидæны куысты тыххæй. Байхъусæм ма сæм.
Тагъаты Виктор дзырдта зианы иуæй-иу æгъдæуттыл:
- Хуыцаумæ (табу йæхицæн) кувгæйæ бирæтæ бафтауынц дзырд «стыр», зæгъгæ. Хуыцау нæдæр стыр у, нæдæр гыццыл. Хуыцау у. Цæстмæ митæ æмæ йæм уæлдай ныхæстæ æфтауын не ‘мбæлы. Фыццаджыдæр, Хуыцауы размæ хъуамæ уой æфсармдзинад æмæ бонзонгæдзинад. Уый фæстæ æнæмæнг уыдон уыдзысты хи размæ дæр æмæ адæмы размæ дæр. Вæййы кувгæйæ ахæм загъд: «Кæд уæлейы Хуыцау ис, уæд…» Уыцы «кæд»-ы загъдæй кувæг рагацау ахахх кæны йæ куывдыл, сыгъзæрин ныхæстæ дзы куы уа, уæддæр, æмæ йæ куывд вæййы афтид æмæ дзæгъæлы. Ахæм куывдæн оммен кæн, ма кæн – пайда дзы нал и.
Зианы, хæлар кæнгæйæ, чи амарди, уымæ дзурын нæ хъæуы. Хуыцауæй йын ракур уыцы хæлардзинад. Дæхи номæй хæлармæ дæ ницы хъуыддаг ис.
Алыккаты Махар раныхас кодта, ирон адæмы астæу цы æндæр адæмыхæттыты минæвæрттæ цæры, уыдоны тыххæй:
- Ис дзы бирæ ахæмтæ, æмæ не ‘гъдау сæ зæрдæмæ цæуы, бамбæрстой йæ æмæ йæ хæссынц. Фæлæ вæййы афтæ, æмæ уырыссаг лæг, фынджы уæлхъус бадгæйæ, хистæр кувгæ куы фæкæны, уæд æм сдзуры: «Выключи телевизор». Гъома, фаг у кувынæн, бауадз нæ нæхи бар дзурын, хæрын, нуазын. Вæййы æнæмбаргæтæ нæхи ирон адæмы астæу дæр. Сæхи фæдарынц æгъдауы мидæг æвидауц. Ахæм æнæмбаргæтæн иумæйагæй, æргомæй æмбарын кæнын хъæуы сæ рæдыд, суанг хъуыддагæй аиуварс кæныны уонг.
Чындзæхсæвы фынджы уæлхъус æрбадынц адæм сæдæгæйттæй. Рауайы афтæ, æмæ ма чындзы æрбацыдмæ баззайы цалдæр адæймаджы. Æмбæлы сыстын, хистæрæй хи ракургæйæ, акафын, цин кæнын. Фæлæ чындзы æрбахуыдтой, уæд æрбамбæл. Кæннод афтæ уайы, æмæ бахордтам, банызтам, нæ хæдзæрттæ бацагуырдтам, æгъдау та куыд æмбæлы, афтæ конд кæронмæ не ‘рцыд. Уый хæдзары бинонтæн, фыццаджыдæр та, кæй тыххæй сæмбæлыдыстæм, уыдонæн хъыг у. Афтæ не ‘мбæлы.
омайты Савели радзырдта телелæвæрд «Фарны хабæрттæ»-йы тыххæй:
- Йæ аразæг сылгоймаг телелæвæрды архайджыты ‘хсæн (уыдоны астæу зæронд лæгтæ) бадти, йæ буар æрдæггом, афтæмæй. Уæд ма уым цавæр æгъдæуттыл ныхас хъуамæ цыдаид? Телеуынынадмæ ныхас хаст æрцыд. Уый фæстæ телелæвæрд аразæг сылгоймаджы дарæс фæуындджындæр ис.
Мыггаджы, сыхы куывдтæ æрмæст хæрын æмæ нуазынæн арæзт не ‘рцæуынц, фæлæ афтæ арæх рауайы. Уыдон сты аныхас кæнынмæ, исты хорз хабæрттæ ракæнынмæ, базонгæ уæвынмæ, адæм кæрæдзийыл бæдтынмæ æмæ æндæр хорз хъуыддæгтæн, æмæ уый рох кæнын нæ хъæуы.
Куыдзиаты Умарбег йæ ныхасы сбæрæг кодта:
- Не ‘гъдау нæхæдæг фидар куы нæ кæнæм, уæд нæм иуварсæй ничи æрбацæудзæн ууыл архайынмæ. Паддзахады оргæнтæ дæр уым ницы баххуыс уыдзысты. Сыхæй сыхмæ дæр æгъдау ивы. Хъуамæ афтæ ма уа. Кæд у, уæд та хорзæй æмæ уындджынæй цы ис, уыдон райсæн ис æмæ фидаргæнинаг сты. Æвзæрæй, æвидауцæй æмæ уæлдай уæз цæмæй æвзарæм, уыдон та æгъдауы ном дæр нæ хæссынц æмæ сыскъуынинаг сты. Дигорайы уыдтæн æмæ дзы фынджы уæлхъус тамакодымæг æмæ хи æнæконддарæг нæ федтон, уый тыххæй æмæ ахæмты фынджы уæлхъусæй стын кæнынц, æмæ йæ иууылдæр зонынц. Æвæццæгæн, ууыл сæ астæу уынаффæ рахастой, æмæ ныхасы фæстæ æгъдау фидар кæныныл иумæйагæй архайынц.
Цомартаты Тотрадз ныхас райдыдта къæлиндарты бæрæгбæтты фысты тыххæй:
- Никæмæн ис бар мæйы ном раивынмæ, фæлæ чидæртæ сæхимæ фыр зондджынæй уыцы бар райсынц. Джеоргубайы мæйæн ма хъуамæ цавæр æндæр ном уа? Фæстаг заман бирæ хистæртæ, сæ уæлхъус цы кæстæртæ фæархайынц уырдыгыстæгæй, уыдоны æртæ куывды кæннод сидты фæстæ арвитынц, тæригъæд сын кæнгæйæ. Уый раст нæу. Кæстæртæн уыцы æгъдау у скъола, уымæн æмæ цыдæриддæр дзурынц æмæ кæнынц хистæртæ æгъдау хæсгæйæ, уый уырдыгыстæг хъусы, уыны æмæ хъуыды кæны. Афтæмæй фæлтæрæй-фæлтæрмæ æгъдау цæуы æмæ фидар кæны.
Гуытъиаты Таймуразы ныхас уыд, мæрдæхсæвæр кæнын, стæй мæрддзыгойæ цæуыны размæ фынг æвæрын кæй нæ хъæуы, уый тыххæй:
- Ис ахæм сыхтæ, кæм сæ нал кæнынц, уымæн æмæ сыл баныхас кодтой. Фæлæ ма бирæ сыхты мидæг уыдон арæзт цæуынц, æмæ сын бамбарын афон у, уыцы æппæрццаг «æгъдау» ныууадзын хъæуы. Нæ фыдæлтæ нын цы цины æмæ зианы фæтк ныууагътой, уыдон æнæ уæлдаймитæй ныффидар кæныныл æгъдау архайдзæн нæ Ныхасы хайад.
Ис ахæм хистæртæ, æмæ сыл цæуы 80 азæй фылдæр, сæ бон у хистæры æгъдау хæссын æмæ йæ хæссынц. Фæлæ йæ бон кæмæн нал у, уыдонæн сæ кармæ гæсгæ лæхстæ кæнын æмæ сыл уыцы стыр уæз æвæрын нæ хъæуы.
Мæргъиты Дмитри радзырдта зианы зилæнгæнджыты тыххæй:
- Зиан нæма ахæссынц, афтæмæй лæггадгæнджытæ сæхицæн фынг саразынц. Бирæтæ уым сæхи «арæвдз» кæнынц, стæй ма сын фынджы уæлхъус бадджытæ арфæ кæнгæйæ нуазæнтæ авæрынц. Иуæй-иу хатт ма фынг бафснайынмæ, æгтæ ныссыгъдæг кæнынмæ, кæрт барæсугъд кæнынмæ баззайы цалдæр адæймаджы, кæцытæ тухитæ бавзарынц, æгæр стыр уæз сæм æрхауы. Иннæтæ ма сбæззынц исты хуызы сæ хæдзæрттыл сæмбæлынмæ, æгъдау кæронмæ хæццæ кæнын хъæуы, уый ферох кæнгæйæ. Афтæ не ‘мбæлы.
Тагъаты Виктор ма бафтыдта иу загъд:
- Алы ныхасæн нæ, фæлæ алы дзырдæн дæр йæ уæз æмæ аргъ зонын хъæуы. Уæд нæм уыдзæн уæздандзинад, æфсарм, æгъдау, кæцыты фæрцы нæ кад бæрзонддæр кæндзæн.
Æмбырды кæронбæттæны йæ архайджытæ рахастой бæлвырд уынаффæтæ. Фыццаджыдæр, цы фарстатыл дзырдтой, уыдон боны фæткы пъланмæ бахастой. Алы æмбырды лæмбынæг каст цæудзæн дыууæ - æртæ фарстамæ, кæцытыл хъуамæ хаст цæуа бæлвырд уынаффæтæ. Алы уынаффæ дæр хъусын кæндзысты адæмæн. Районы Ныхас æмæ бынæттон Советы уæнгтæ иумæйагæй архайдзысты «Иры Стыр Ныхас»-ы уынаффæтæ æххæст кæныныл адæмы астæу. Чи нæ сæ æххæст кæна, уыдонимæ хъæддых домæн ныхас цæудзæн.

"Вестник Беслана"

 

Комментарии:

Комментарии к данной записи отсутствуют

Добавить комментарий

Имя:  

Уведомить меня о новых комментариях