
Главная - Новости Беслан
2/12/2014 Цæмæн нæ хъæуынц «Арендæ-хистæртæ»?
Ирон адæммæ бирæ хорз æгъдæуттæ ис: хистæрæн балæггад кæнын, кæстæры барæвдауын æмæ йæ раст фæндагыл саразын, сыхагмæ хи æфсымæры кæнæ хойы цæстæй кæсын, хæларæй цæрын йемæ, уазæджы сбуц кæнын. Уæлдай кадджындæр та нæм сты нæ бæрæгбæттæ, уыдон æгъдауыл саразын.
Куыд рæсугъд-иу куывта мæ баба Хуыцаумæ, зæдтæм. Нæ Ирыстон, нæ Райгуырæн бæстæ сыл фæдзæхста, цæмæй фыдбылызæй хызт уой.
Хъыгагæн, абоны фæсивæдæй бирæтæ афтæ рæсугъд, зæрдæйæ ныхас кæнын зæдтимæ нал зонынц.
Æрæджы телеуынанæдæй фехъуыстон, зæгъгæ, дам, саразæм «Арендæ-хистæртæ», кæцыты-иу æрбахондзыстæм не ‘ртæ кæрдзыны скувынмæ, кæцытæ ахуыр кæндзысты нæ кæстæр фæсивæды фынджы æгъдæуттыл. Хорз хъуыддаг у уый, фæлæ мæнæ раздæр куыд уыдис, афтæ хуыздæр нæ уаид: ома, фынджы уæлхъус куыд уа уырдыглæууæг, хистæр бада хистæры бынаты, йæ дæлейы чи бада, уыдон æфсæрмы кæной, йæ ныхасмæ йын хъусой æмæ афтæ дарддæр. "Арендæ-хистæр"-ма, кæй зæгъын æй хъæуы, лæвар дæр нæ кæндзæн йæ куыст.
Æз ирон лæппу дæн, цæрын Беслæны æмæ мæ тынг фæнды нæ ирон æгъдæуттæ, нæ ирондзинад, нæ традицитæ нæ фыдæлтæм куыд бæрзонд æвæрд уыдысты, абон дæр афтæ куы уаиккой, уый. Иугæр уыдон куы фесафæм, уæд ма цæй ирæттæ уыдзыстæм? Æз курын нæ хистæртæй, цæмæй ацы фарстатыл бæстон ахъуыды кæной æмæ сæ рапарахат кæной. Нæ нæ хъæуы мах «аренднæйæ» хистæртæ не ‘ртæ кæрдзыны уæлхъус.
Мах районы цæуы дыууæ хуызы газеттæ: «Жизнь Правобережья» æмæ «Вестник Беслана». Уыдоны хорз æрмæджытæ рауадзынц æгъдæутты тыххæй зилгæйаг Хæмыцаты Роман æмæ заманхъуйлаг Хъуыдакаты Хъасболат. Иттæг хорз, фæлæ уый, æвæццæгæн, æгъгъæд нæу.
Скъолайы дæр ис цалдæргай уроктæ ТКО, зæгъгæ, ома, «Традиции и культура осетин». Æвæццæгæн, куыд æмбæлы афтæ æвæрд не сты уыдон дæр. Хъæуы сæм фылдæр æргом аздахын, цæмæй нæ сомбон æдзæллагмæ ма æрцæуа, цæмæй не ‘ртæ чъирийы скувыны тыххæй «арендæты» ма агурæм.
"Жизнь Правобережья"
Комментарии:
Комментарии к данной записи отсутствуют
Добавить комментарий