Главная - Новости Беслан

26/12/2014 Кадджын гражданины хæдзарæй – хуын

Раздæр куыд хъусын кодтам, афтæмæй æрæджы нæ горæты цæрæг Кцойты Гермæнæн лæвæрд æрцыд Беслæныхъæуы кадджын гражданины ном. Гермæн активонæй архайы æхсæнадон царды, у Иры Стыр Ныхасы координацион Советы уæнг, Рахизфарсы районы Ныхасы дзуапп дæтты кувæндæтты архайдыл.

Кцойы-фырт хъæппæрисджын адæймаг у – къорд азы дæргъы йæхи хъары Беслæны уынгтæ фæаивдæр кæныныл,йæ цæхæрадоны цы заз бæлæстæ æрзайын кодта, уыдонæй æвирхъау теракты амæттæгты номыл йæ фæндонмæ гæсгæ медицинон центры кæрты ныссагътой аллея. Ацы сæрды та Джыбылаты зынгхуыст Зауры номарæнæн ахæм аллея сагъд æрцыд кувæндонмæ хæстæг. Гермæн стыр хъомыладон куыст кæны фæсивæды ‘хсæн, йæ бинонты уаг у фæзминаг. Иузагъдæй, йæ хорз хъуыддæгтæ фæнымайынæн рæстæг хъæуы.

Ноябры фæстаг бонтæй иуы Беслæныхъæуы сæргълæууæг Хуыбаты Мæирбег йæ кусæн уатмæ æрбахуыдта Кцойты Гермæны æмæ йын радта сертификат, горæты кадджын цæрæджы æвдисæндар æмæ æхцайы преми (зæрдылдарæн лæвар).

Æндæрæбон та горæты администрацимæ Кцойтæ æрбарвыстой… хуын – æртæ кæрдзыны, æртæ фæрсчы, Гермæны цардæмбал Эльзæйы конд нæртон бæгæны… Кадджын гражданин йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй йæ бафæндыд, цæмæй администрацийы кусджытæ йæ циныл бацин кæной.

Беслæныхъæуы администрацийы пресс-службæ.

 

Комментарии:

Комментарии к данной записи отсутствуют

Добавить комментарий

Имя:  

Уведомить меня о новых комментариях