Главная - Новости Беслан

24/05/2019 ИРОН Дӕн ӕз

Алы аз дӕр ахуыргӕнджыты ӕхсӕн конкурсмӕ гӕсгӕ ӕрцӕуы ӕвзӕрст хуыздӕр ахуыргӕнӕг. Ацы азРахизфарсы районы
ахуырады управленийы уынаффӕмӕ гӕсгӕ 8-ӕм рӕвдауӕндоны арӕзт ӕрцыд мадзал
«Хуыздӕр ирон ӕвзаджы хъомылгӕнӕг рӕвдауӕндоны». Ерысты архайдтой авд хъомылгӕнӕджы: Хуымарты Илонӕ (1-
ам рӕвдауӕндоны хъомылгӕнӕг), Касаты Валентинӕ (2-ӕм рӕвдауӕндоны хъомылгӕнӕг), Зӕнджиаты Альбинӕ (3-
ӕм рӕвдауӕндоны хъомылгӕнӕг), Пухаты Оксанӕ (10-ӕм рӕвдауӕндоны хъомылгӕнӕг), Дзиуаты Жаннӕ (14-ӕм
рӕвдауӕндоны хъомылгӕнӕг), Хабӕты Индирӕ (14-ӕм рӕвдауӕндоны хъомылгӕнӕг), Цӕллагты Луизӕ (Заманхъулы
рӕвдауӕндоны хъомылгӕнӕг). Хуынд адӕм ӕмӕ жюрийы уӕнгтӕ - конкурсы архайджытӕн сӕ арӕхстдзинадӕн
аргъгӕнджытӕ: Еналдыты Хъазыбег – Ӕппӕтадӕмон ӕхсӕнадон змӕлд «Иры Стыр Ныхас»-ы уӕнг, Бургалаты Заремӕ
– Иры Стыр Ныхас»-ы ахуырады ӕмӕ ирон ӕвзаджы фарстаты фӕдыл комитеты сӕргълӕууӕг, Хъусаты Эммӕ –
районы ахуырады управленийы ирон ӕвзаджы методист, Гуситы Элинӕ – районы ахуырады управленийы сӕйраг
специалист, Тауытты Фатимӕ – 2-ӕм скъолайы ирон ӕвзаг ӕмӕ литерӕтурӕйы ахуыргӕнӕг, Пухаты Тамарӕ - 1-ӕм
рӕвдауӕндоны хъомылгӕнӕг, Батяты Зоя – 3-ӕм рӕвдауӕндоны хъомылгӕнӕг.
Ӕркаст байгом кодта 8-ӕм рӕвдауӕндоны ирон ӕвзаджы хъомылгӕнӕг – ацы рӕнхъыты автор. Загътон, мадӕлон ӕвзаг
бахъахъхъӕныныл, йӕ дарддӕры рӕзтыл кусын кæй хъæуы æмхъаруйæ. Адӕймаг бӕласау хъуамӕ фидар хӕца йӕ уидӕгтыл,
йӕ райгуырӕн зӕххыл, йӕ фыдӕлты ӕгъдӕуттыл, йӕ адӕмон сфӕлдыстадыл, йӕ ӕнӕмӕлгӕ ирон ӕвзагыл. Рӕвдауӕндоны
хъомылгӕнӕг та йӕ хӕсыл нымайы, цӕмӕй уыцы удвӕрны хазнатӕ дарддӕр тауа нӕ рӕзгӕ фӕлтӕры зӕрдӕты ӕмӕ сӕ
уыдон дӕр кӕронмӕ хӕццӕ кӕной.
Залы райхъуыст аудифыст «Нарты фӕткъуы»-йӕ скъуыддзаг, бакаст ӕй Темыраты Дауыт. Уый фӕстӕ архайджыты ӕргом
раздӕхтон цымыдисаг сыгъзӕрин фӕткъуы бӕласмӕ. Алчидӕр дзы ӕртыдта фӕйнӕ фӕткъуыйы нымӕцонимӕ, кӕцы амыдта,
чи кӕй фӕстӕ архайдзӕн, уый. Мадзал арӕзт ӕрцыд бӕрӕгбонхуызы. Фӕзынд постхӕссӕг Бицко (Дзӕгъойты Иринӕ),
ӕрбахаста мын «мӕ пенси», фӕлӕ куы бамбӕрста конкурсы хабар, уӕд уый дӕр сфӕнд кодта йӕхицӕн къаййаг равзарын
Ерыстӕ райдыдтой нывӕцӕнӕй - «Цӕмӕн хонын мӕхи ирон». Уыдон радзырдтой, цӕмӕн равзӕрстой ирон ӕвзаджы
хъомылгӕнӕджы професси, цӕмӕн хонынц сӕхи ирон. Архайджытӕй алчидӕр бафиппайдта, адӕймаг ӕдзухдӕр хъуамӕ
хъуыды кӕна, ирон кӕй у, уый, дзура йӕ мадӕлон ӕвзагыл, уарза йӕ райгуырӕн зӕхх, йӕ фыдӕлты ӕгъдӕуттӕ. Радзырдтой,
куыд кусынц сывӕллӕттимӕ, цавӕр методикон хуызтӕй пайда кӕнынц, куыд уарзын кӕнынц ирон ӕвзаг.
Дыккаг этап уыдис бӕрӕгбӕтты тыххӕй радзурын. Архайджытӕ дзырдтой, кӕмӕ цы бӕрӕгбон ӕрхауд, уый тыххӕй.
Бирӕтӕ радзырдтой, чысыл сабийӕ абоны онг сӕ хӕдзары куыд бӕрӕг кодтой ӕмӕ кӕнынц, уыцы хъудытӕ. Уый тынг
ахсджиаг хабар у царды мидӕг. Хорз сӕ кӕй зыдтой, уымӕй скӕнӕн ис хатдзӕг, сӕ кӕстӕртӕ дӕр сӕ дарддӕр кӕй
зондзысты.
Дарддӕр Бицкойы бафӕндыд чындзӕхсӕвы ӕгъдӕуттӕм байхъусын. Уым дӕр та конкурсы архайджытӕ ӕнӕрӕдыдӕй
дзырдтой, кӕмӕ цы ӕгъдауы фарста ӕрхауд, уый тыххӕй.
Уӕдӕ рагон кусӕнгӕрзтӕ дӕр сӕ зӕрдыл дарынц, уый бӕрӕг уыдис сӕ дзуаппытӕй. Зыдтой сын сӕ ахадындзинад, куыд
сӕ пайда кӕнын хъӕуы.
Бицкойы конкурсанттӕ дисы бафтыдтой сӕ хӕринаджы скондӕй! Уыдон семӕ ӕрбахастой ирон хӕринӕгтӕ: дзыкка, сир,
дзӕрна, мисын, басылтӕ, бӕгӕны ӕмӕ ӕнӕмӕнг ӕртӕ уӕливыхы. Алчи дӕр сӕ радзырдта, куыд кӕнгӕ сты, цы нысан
кӕныц ӕмӕ цы пайда дӕттынц. Уӕдӕ бӕрӕгбон ӕнӕ зард ӕмӕ кафтӕй нӕ фидауы, уый иууылдӕр зонӕм. Ам нӕ
архайджытӕ равдыстой сӕ аивад: фӕндыры цагъдӕй, зарынӕй, кафынӕй, ӕмдзӕвгӕтӕ кӕсынӕй.
Фӕлӕ бӕрӕгбон ууыл нӕ фӕци! 8-ӕм рӕвдауӕндоны кусджытӕ бацӕттӕ кодтой чындзӕхсӕвы ӕгъдӕуттӕй иу.
Райхъуыст ирон чындзӕхсӕвы цагъд. Къухылхӕцӕг (Дудиаты Роберт) ӕмӕ кӕнгӕмад (Хӕдарцаты Алинӕ) уазджытӕм
ракодтой чындзы (Хъараты Зӕлинӕ). Амонӕг (ацы рӕнхъыты автор) бамбарын кодта уазджытӕн, ныр та кӕй бакӕсдзысты
мыдыкъус уарыны ӕгъдаумӕ. Чындзы бахуыдтой, куыд ӕмбӕлы, афтӕ хистӕртӕм. Хъомылгӕнинаг Баситы Астан «Фарн, фарн,
фарн, фараст лӕппуйы ӕмӕ иу цъӕхдзӕст чызг»-ы ныхӕстӕ дзургӕйӕ, систа чындзӕн йӕ хыз. Хистӕртӕ зӕрдиагӕй
ракуывтой, загътой рӕсугъд ныхӕстӕ чындзӕн. Уый сӕ алкӕмӕндӕр авӕрдта мыд, балӕвар сын кодта куатӕтӕ.
Конкурс куы ахицӕн, уӕд жюрийы уӕнгтӕ банымадтой, архайджытӕн сӕ хӕслӕвӕрдтӕн цы бӕрӕггӕнӕнтӕ
сӕвӕрдтой, уыдон ӕмӕ скодтой хатдзӕгтӕ.
Ӕртыккаг бынат байуӕрстой Пухаты Оксанӕ (10-ӕм рӕвдауӕндоны хъомылгӕнӕг) ӕмӕ Касаты Валентинӕ (2-ӕм
рӕвдауӕндоны хъомылгӕнӕг).
Дыккаг бынат бацахста Хуымарты Илонӕ (1-ӕм рӕвдауӕндоны хъомылгӕнӕг).
Фыццаг бынат жюрийы уӕнгтӕ саккаг кодтой Зӕнджиаты Альбинӕйӕн (3-ӕм рӕвдауӕндоны хъомылгӕнӕг).
Мадзалы кӕрон рӕвдауӕндоны сӕргълӕууӕг Гаккайты Иринӕйы номӕй архайджытӕн лӕвӕрд ӕрцыд зӕрдылдарӕн
лӕвӕрттӕ, ӕмӕ уазджытӕ хуынд ӕрцыдысты дзаджджын фынгтӕм.
Мӕхи номӕй мӕ фӕнды ракӕнын стыр арфӕ 8-ӕм рӕвдауӕндоны куысджытӕн. Кӕд нырма афӕдз дӕр нӕма куысӕм,
уӕддӕр архайӕм иумӕ, ӕмдых-ӕмхъаруйӕ. Уымӕн та нын стыр ӕххуыс дӕдтынц рӕвдауӕндоны сӕргълӕууӕг Гаккайты
Иринӕ ӕмӕ методист Хъозаты Ламарӕ.

"ВЕСТНИК БЕСЛАНА"

 

Комментарии:

Комментарии к данной записи отсутствуют

Добавить комментарий

Имя:  

Уведомить меня о новых комментариях