
Главная - Новости Беслан
22/09/2015 Зæнджиаты Виктория – Рахизфарсы районы арæхстджындæр Сатана!
Куыд зонæм, афтæмæй Цæгат Ирыстоны ныр цалдæр азы арæзт æрцæуы ирон бæгæныйы бæрæгбон. Афтæ фæцыд адæмы зæрдæмæ, æмæ ныр дыккаг аз сси Æппæтдунеон фестиваль-конкурс. Ивгъуыд къуырийы райдыдта конкурс. Цæгат Ирыстоны районты, стæй Хуссар Ирыстоны æмæ Кæсæг Балхъары бæрæггонд цæуынц хуыздæр бæгæныфыцджытæ. Уый у фыццаг этап. Цæудзæн октябры кæронмæ, хуыздæртæ куы сбæрæг уой, уæд та 29 октябры Дзæуджыхъæуы сбæрæг уыдзæн дæсныдæр бæгæныфыцæджы ном.
Конкурсы амидингæнджытæ сты нæ республикæйы Культурæйы министрад, бæгæныфыцæн кампани «Бавари», Республикæйы традицион культурæ æмæ этнотуризмы центр "Фарн», Хуссар Ирыстоны Культурæйы министрад æмæ Кæсæг Балхъары Ирон национ-культурон центр «Ныхас»-ы регионалон æхсæнадон организаци. Сæ хъуыдымæ гæсгæ, конкурсы сæйраг нысан у ирон традицион бæгæныйы технологи рапарахат кæнын, стæй хуыздæр бæгæныфыцджыты сбæлвырд кæнын, цæмæй сæ фæлтæрддзинад кæстæртæм лæвæрд цæуа, ууыл архайын.
Рахизфарсы районы Культурæйы галуаны коллективмæ ис хорз традици зæрдæмæдзæугæ мадзæлттæ аразынмæ, æмæ та уымæн майрæмбоны диссаджы бæрæгбонæн уыдыстæм æвдисæн. Чысыл зал кæй хонынц, уый æмбæлгæхуызы фæлгонцгонд æрцыд. Иу къуымы лæууыдысты бæгæныфыцæн дзаумæттæ. Фынгтыл – алыхуызон ирон хæринæгтæ – уый конкурсы архайæг сылгоймæгтæ равдыстой сæ арæхстдзинад рагон æмæ нырыккон цæл сцæттæ кæнынæй. Ирон музыкæйы зæлтæ рæвдыдтой бæрæгбонмæ æрбацæуæг адæмы. Дзæрæгæсты Алинæ «Тæргæйттæ» куы азарыд, уæд бынтон бахъæлдзæг сты. Уалынмæ Уататы Бибойы диссаджы хъæлæс райхъуыст фæссценæйæ, ныццæлхъ ласта «Уастырджийы зарæг». Рагуылф кодтой фæсивæд æртæ кæрдзыны, физонæг æмæ бæгæныйы кæхцимæ. Ракуывта сæ районы Ныхасы сæрдар Томайты Савели.
Кокайты Заремæ азарыд «Сырдоны куплеттæ», стæй амонæг Дзæрæгъæсты Алинæ зæрдиаг салам загъта уазджытæн, бæрæгбоны архайджытæн æмæ сæ базонгæ кодта конкурсы архайджытимæ. Рахизфарсы районы гыццыл нæй нарты Сатанайау куырыхон, зондджын, бæркадкъух æфсинтæ. Ацы аз сæ арæхстдзинад æвдыстой Хъæрджынты Алинæ (Цæлыкк), Карсанаты Зарæ (Олгинскæ), Биджелты Альбинæ (Фарн), Хæблиаты Каринæ (Зилгæ), Дзестелты Беллæ (Ног Бæтæхъойыхъæу), Хъуысаты Еленæ (Заманхъул), Уалыты Аргентинæ (Брут), Зæнджиаты Виктория (Хуымæллæг), Хъараты Ларисæ (Зæронд Бæтæхъо), Тæболты Екатеринæ (Беслæныхъæу). Уыдонæй алчи рагагъоммæ цы бæгæны сарæзта, уый хæрзхъæддзинадæн аргъ кодтой жюрийы уæнгтæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, бæгæныйы адæн аккаг аргъ скæнын зонынц бæгæныфыцæн кампанийы специалисттæ, æмæ уымæ гæсгæ жюрийы сæргъы лæууыд «Баварийы» цехы хицау Дидараты Георги, æххуыс та йын кодтой ацы куыстуаты сæйраг специалист Бæлоты Лианæ, Æппæтдунеон Æхсæнадон Змæлд «Иры Стыр Ныхас»-ы ирон æгъдæутты комитеты сæрдар Бæройты Махарбег, Беслæныхъæуы хуыздæр бæгæныфыцджытæй иу – Гусалты Рая. Дæс сылгоймагæй хъуамæ равзæрстаиккой хуыздæр æртæ бæгæныфыцæджы. Цалынмæ уыцы бæрнон æмæ кадджын хæс æххæст кодтой, уæдмæ районы Культурæйы галуаны аивадон коллективтæ бæрæгбонмæ æрбацæуæджыты хъæлдзæг дардтой, равдыстой концерт. Зарæггæнджыты къорд «Балц», вокалон-инструменталон ансамбльтæ «Амонды суадон» æмæ «Айзæлд», нæ уарзон вокалисттæ Туаты Тугъан, Дзæрæгъæсты Алинæ, Дудиаты Ларисæ, Кокайты Заремæ, Дзулаты Зæринæ, Кæлухты Лидæ, Хъуысаты Камиллæ нын балæвар кодтой сæ хуыздæр зарджытæ, Мелыккаты Светæ æмæ Гариты Иринæ ацагътой ирон мелодитæ, концерты кульминаци та уыд «ирон хъазт».
Уæдмæ жюрийы уæнгтæ дæр сæ размæ æвæрд хæс сæххæст кодтой. Сæ иумæйаг хатдзæгмæ гæсгæ Рахизфарсы хуыздæр бæгæныфыцæгыл нымад æрцыд Хуымæллæджы минæвар Зæнджиаты Виктория. Дыккаг бынат лæвæрд æрцыд фарныхъæуккагБиджелты Альбинæйæн, æртыккаг та – ногбæтæхъойаг Дзестелты Беллæйæн.
Генералон спонсор - бæгæныфыцæн кампани «Бавария»-йы номæй æртæ уæлахиздзауæн радтой æхцайы фæрæзтæ, зынаргъ лæвæрттæ æмæ дипломтæ. Æппæт архайджыты дæр схорзæхджын кодтой дипломтæй, стæй сын радтой зæрдылдарæн лæвæрттæ.
Афтæмæй мадзал йæ куыст фæци. Зæнджиаты Виктория та, уæлдæр куыд загътам, афтæмæй конкурсы кæронбæттæн этапы 29 октябры Дзæуджыхъæуы хъахъхъæндзæн районы кад, æмæ йын нæ зæрдæ зæгъы уæлахиз!
"Вестник Беслана"
Комментарии:
Комментарии к данной записи отсутствуют
Добавить комментарий