
Главная - Новости Беслан
21/09/2015 Фæзынд нæ куывды ивддзинæдтæ
Ивгъуыд цыппæрæмы редак-цимæ уазæгуаты æрбацыдысты Беслæныхъæуы Лæгты Дзуары кувæндоны Советы сæрдар Алыккаты Хасан æмæ районы Ныхасы уæнг Кцойты Гермæн. Нæ куырыхон хистæрты бафæндыд сæ хъуыдытæ æмæ цæстæнгас зæгъын, Беслæныхъæуы кувæндоны дыккæгæм сентябры цы куывд арæзт æрцыд, уый фæдыл.
Кцойты Гермæн: Куывды агъоммæ зæдбадæн бынаты архайдтам цалдæр боны, æмæ нæ ам бацагуырдта фарныхъæуккаг лæппу Гагиаты Тамерлан. Бафарста нæ, куывдмæ, дам, уæ бæгæны нæ хъæуы? Мах ын дзуапп радтам, хъæуы нæ æнæмæнг, зæгъгæ. Иу-цас, дам, уæ хъæуы, уыд йæ дыккаг фарст. Мах загътам, иу-дыууæсæдæ литры, зæгъгæ.
Куыд рабæрæг, афтæмæй ацы лæппу-лæджы æрæрвыста Дзампаты Руслан, амалхъом адæймаг, кæцы аразы ирон бæгæны «Ронг». Диссаджы нуазинаг! Æцæг нæртон нозт! Куывды бон Русланы куыстуатæй æрбаластой бæгæны, стæй уазалгæнæн агрегат, æмæ уыцы тæвд боны адæм сæ дойны уазал бæгæныйæ æхсызгонæй састой. Стыр арфæйы аккаг сты ацы лæппутæ, сæ цæрæнбон бирæ, Уастырджи сæ йæ рахиз базыры бын дарæд!
Алыккаты Хасан: Ацы хатт нæ куывды уырыссаг нозт нæ уыдзæн, зæгъгæ, дзырд радтам æмæ йæ сæххæст кодтам. Уый у фыццаг къахдзæф, кувæндонмæ карз нозт цæмæй хаст мауал цæуа, уыцы рæстæгмæ, æмæ, мæнмæ гæсгæ, уыцы заман дæр ралæудзæн, æрмæст ыл не ‘ппæты дæр архайын хъæуы. Бынтон æнæнозтæй нæ ацыд куывд – ТорчынтыТамерлан, аэропорты хицау, æрбарвыста йæхи хардзæй дыууæсæдæ литры ирон арахъхъ, кæцы фынгтыл æвæрд æрцыд. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый дæр карз нозт у, фæлæ уырыссаг водкæйæ дзæвгар лæмæгъдæр, лæг дзы йæ зонд нæ фесафы.
Торчынты мыггаг æрбарвыстой кусæрттаг - гал, афтæ нæ республикæйы Парламенты депутат Мырыкаты Хъазыбег дæр, сæ цæрæнбон бирæ. Куыд иннæ азты, афтæ та ацы хатт дæр акционерон æхсæнады номæй Хъулаты Светæ феххуыс кодта дзулæй - рæдау æфсинау сæдæ дзулы фынгтæн саккаг кодта. Йæ къухы бæркад бирæ уæд! Уæдæ нæм ис хорз традици – районы хъæуты зæды куывд куы вæййы, уæд сыхаг хъæутæй æрбацæуынц делегацитæ. Ацы хатт дæр уыцы æгъдау хæлд не ‘рцыд – Олгинскæ, Заманхъул æмæ нæм Зилгæйæ æрбацыд уазджытæ, æрбаластой фæйнæ кусæрттаджы, стæй семæ цы ‘мбæлы, уыдон. Уастырджи сын ахъазгæнæг уæд, сæ фæндæгтæ –лæгъз æмæ рæсугъд кæддæриддæр!
Алы аз дæр кувды фæстæ фембæлын Алыккаты Хасанимæ, бафæрсын æй, куыд ацыд, зæгъгæ, æмæ фæхъаст кæны, адæм, дам, сæхи дарын нæ зонынц, æгъдау хуыздæрхъуаг уыд, зæгъгæ. Ацы хатт дæр уыцы фарста радтон редакцийы уазджытæм.
Алыккаты Хасан: Адæймаг æй цæй аххос фæкæна, нæ зонын. Фынгтæ куыд рæсугъддæр æмæ хъæздыгдæр уой, ууыл зæрдиагæй бацархайдтам. Фæлæ цы фæци уыцы рæсугъддзинад?! Кæронмæ та нæ ахæццæ иннæ азты хуызæн. Раст сыл цыма зилгæ дымгæ сыстад, уыййау, адæм нæма сыстадысты, афтæ иуæй-иу æдзæсгæмттæ фынгтæ сыгъдæг кæнынмæ фесты. Раст цыма хор æмæ донæй дæр нæ цæрынц, афтæ хæлоф кодтой. Ахæм нывтæ фенгæйæ нæм ницыуал кæнын фæцæуы. Цал боны фæхæрдзысты, сау пакетты кæй сæмбырд кодтой, уыцы хæлц? Дарддæр та цæмæй цæрдзысты? Экономикон кризис иуæй-иуты афтæ бакодта, æмæ се ‘фсарм фесæфтой, æгъдау æмæ æнæгъдау нал æмбарынц. Цавæр хабар у? Цæмæ худинаг кæнæм нæхи? Нæ намысджын фыдæлтæ æппæт дунейыл хъуыстгонд куы уыдысты куыд æгъдау æмæ æфсармы эталон, уæд абоны фæлтæры минæвæрттæй чидæртæ цæмæ уæлæхох кæнынц уыцы æрдхæрæны миниуджытæй?
Кцойты Гермæн: Иу азæй иннæ азмæ лæг хуыздæрмæ æнхъæлмæ кæсы, фæлæ иуæй-иутæ сæ ахуыр нæ халынц. Раст цыма куывдмæ сæрмагондæй, семæ афтидæй цы хызынтæ æрбахæссынц, уыдон байдзаг кæнынмæ æрбацæуынц, афтæ мæм фæкæсы. Æнæфсæрмæй дзæкъул-мæкъулæй фæцæйцæуынц. Уыцы фæрзиу хæрынмæ конд æмæ æвæрд вæййынц, фæлæ алцыдæр хъуамæ æгъдауы бындурыл арæзт цæуа. Гуыбыны фæдыл цæуын нæ хъæуы. Уый худинаджы фæндаг у.
Алыккаты Хасан: Уæддæр æмтгæй райсгæйæ нæ бон зæгъын у, куывд хорз рауад. Адæм кæрæдзийы федтой, бацин кодтой. Фынджы уæле бадт нæ намысджын хистæр Дзуццаты Чермен, зæрдиагæй бакуывта Хуыцау æмæ не ‘ргом зæд Уастырджимæ, ракуырдта хорздзинæдтæ Ирыстоны æмæ Беслæныхъæуы цæрджытæн, кæстæртæ йын зæрдиагæй «оммен» кодтой». Фæсивæд сæхи рæсугъдæй равдыстой, разыйæ дзы баззадыстæм. Тынг балæггад кодтой, номæй-номмæ сæ нæ фæнымайдзыстæм, фæлæ сын бузныг зæгъæм.
Гъе, ахæм ныхас рауад редакцийы нæ горæты дыууæ кадджын хистæримæ. Уæддæр, Хуыцауæй разы, фæзынд нæ куывды ивддзинæдтæ,сæ сæйрагдæр – фынгтæй уырыссаг арахъхъ кæй фесæфт,уый. Гæнæн ис, æмæ нæ куы бафæнда,уæд фидæны куывд ноджы фæрæсугъддæр уыдзæн. Зæдбадæн бынаты хъуамæ рæсугъдæй æвдисæм нæхи. Уæвгæ, æрмæст зæдбадæн бынаты цæмæ?
"Вестник Беслана"
Комментарии:
Комментарии к данной записи отсутствуют
Добавить комментарий