Главная - Новости Беслан

22/01/2015 Заманхъулæй уазджытæ

Нæ фыдæлтæ, кæд хæхбæсты алы хъæуты æмæ кæмтты цардысты æмæ хицæн дзуæрттæм куывтой, уæддæр афæдзы алы афон дæр бæрæг кодтой иумæйаг бæрæгбæттæ. Уыдонæн сæ сæйрагдæртæ уыдысты: уалдзæджы – Куадзæн, сæрды – Хетæджы Уастырджы, фæззæджы – Джеоргуыба, зымæджы та – ногбонтæ. Ногбоны æхсæв алы хæдзар дæр се ‘ртæ кæрдзынæй куывтой ног азы хæрхтæм. Æфсинтæй алчидæр тырныдта куыд рæссугъддæр æмæ бæркаджындæр фынгтæ æрцæттæ кæна, уымæ. Уый тыххæй дзуллаг ссадæй арæзтой басылтæ, фыркъатæ, цæукъатæ, дзæбидыртæ, галтæ æмæ æндæр цæрæгойты сурæттæ. Æфсинтæ ма кодтой æртхурон дæр. Æртхурон æмхуызонæй уæрст уыд бинонтыл, искæмæн дæттын дзы нæ фæтчыди. Ногбон æхсæв кодтой æртытæ, арæзтой фиуæй конд физонджытæ, хъæрæй дзырдтой «Сой, Сой, Сой!» Куы-иу æрбабон, уæд райсомæй раджы, боныцъæхты кæрæдзимæ цыдысты арфæтæ кæнынмæ. Сæ къухты хастой лыстытæ æмæ сæ æппæрстой судзгæ пецы, мæнæ ахæм ныхæстимæ:

- Ног азы уæ фыдбылызтæ басудзæнт, мæнæ ацы лыстытæ куыд басудзой, афтæ.

Семæ ма хастой хоры нæмгуытæ, æмæ сæ тыдтой хæдзары æмæ куывтой:

- Ам цал гагайы ис, уал хорзæхы уын Ног аз балæвар кæнæд!

Зæгъын хъæуы уый, æмæ алы бинонтæм дæр кæй уыд уырнындзинад: Ног боны сæм фыццаг къах чи æрбавæра æмæ цы амонд æрбахæсса, ахæм амонджын уыдзысты бинонтæ æнæхъæн афæдз. Æмæ алы хæдзары дæр фæндыд, цæмæй сæм æрбамбæла амонджын адæймаг. Ирон лæг йæ фидæнæй ныфсджын у. Уый уырны, абонæй сомбон амонджындæр æмæ хъомысджындæр кæй уыдзæн. Уымæ гæсгæ йæ зæрдæйы монцты циндзинад йæ былтæй акæлы, æмæ канд йæхи амондыл нæ фæхъуыды кæны, фæлæ ма йæ фæфæнды, цæмæй йе 'мбæлттæ , йæ хорз зонгæтæ Ног азы хæрзтæй хайджын уой. Æмæ уымæн фæзилынц хæдзари – хæдзар «хæдзаронтæ» кæнгæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, ацы рæсугъд æгъдау, ныры дуджы йæ хуыз ивы, мынæг кæнынмæ хъавы. Нæ фыдæлтæ йæ раздæр куыд æххæст кодтой, афтæ конд нал цæуы. Æмæ цæмæй нæ къухтæй ма ахауа, хъахъхъæд æрцæуа, уый тыххæй йæ йæ фыццаджы фæткмæ раздахын хъæуы. Ацы ахсджиаг æгъдауыл хъуыдыгæнгæйæ, Заманхъулы цæрджытæ, хъæуы культурæйы æртдзæсты директор Хосонты Иринæ, библиотекæйы сæргълæууæг Хæмыцаты Маринæ, хъæуы цæрджытæ Цорæты Беллæ, Цæллагкаты Зæлинæ, Цорæты Маринæ, Хуыдыйаты Зæлинæ, Кодзырты Хъазыбег, Дудиаты Хъанымæт, Цæллæгкаты Алан, Айларты Дианæ, Кодзырты Маринæйы хъæппæрисæй арæзт æрцыдысты Ног боны «хæдзаронтæ». Ацы хæдзаронты къордыл зæрдиагæй сæмбæлдысты Заманхъулы цæрджытæ, хъæуы администрацийы сæргълæууæг Цорæты Артур, Гасситы Æхсар æмæ иннæтæ. Стæй «хæдзаронтæ» сæ фæндаг адардтой районы хъæутæм. Ног азы арфæтæй хайджын баисты Беслæныхъæуы цæрæг Хъуысаты Асæхмæты бинонтæ, стæй Н. Бæтæхъойы хъæуы Бæззаты Аслан æмæ Дзодзиаты Оледжы бинонтæ дæр фæстагмæ бæстон æрфысым кодтой, Брутыхъæуы Рахизфарсы районы Ныхасы сæрдар Томайты Савелийы фæрнджын хæдзары. Куыд алы хæдзары, афтæ йæ ам дæр Томайты бинонтæн зæрдиаг арфæтæ ракодта Ног азы фæдыл хъæдзаронты къорды кæстæр лæппу, фыццагкъласон Дудиаты Хъанымæт. Уый загъта:

- Хъуыцау, Стыр Хуыцау! Æмбал кæмæн нæй, уыцы тыхджын Иунæг Хуыцау. Ирыстоны дын Ног боны æхсæв алы бинонтæ дæр дæ ном ардзысты, æмæ сын сæ кувинæгтæ æхцон фæуæнт. Хорздзинадæй дæм цы ис, уыдонæй ирон адæмы хайджын фæкæн. Де сконд Зæдтæ æмæ Дауджыты хорзæх нæ уæд, Уастырджы! Хуыцау, ирон адæммæ ирон адæмæй Хуыцаумæ, дыууæрдæм минæвар дæ, æмæ-иу курдиаты рæстæг йæ хорздзинæдтæй ирон адæмæн ракур. Ирон адæмыл, Ног азы рæстæджы ныл куыд аудай, ахæм амонд нæ уæд!
Ацы чысыл лæппуйы арфæйы фæстæ Савели йæ уазджыты сбуц кодта, «æгасцуай» сын загъта æлутон бæгæны æмæ æртæ кæрдзынæй.

"Вестник Беслана"

 

Комментарии:

Комментарии к данной записи отсутствуют

Добавить комментарий

Имя:  

Уведомить меня о новых комментариях