Главная - Новости Беслан
20/03/2020 «Ирон аив дзырды дæснытæ» сæ арæхстдзинад бавдыстой
Районы конкурс
Дыццæджы Беслæны фæндзæм скъолайы нæ районы скъолаты минæвæрттæ сæ арæхстдзинад бавдыстой æрвылазон конкурс «Ирон аив дзырды дæснытæ»-йы. Кæй зæгъын æй хъæуы, æркаст Цытджын Уæлахизы æвдай фондз азы юбилеимæ æнгом баст уыд, ахуырдзаутæ бацæттæ кодтой Ирыстоны поэттæ æмæ прозаикты уацмыстæ, хъуамæ сæ аив бакастаиккой, уыимæ сын жюрийы уæнгтæ аргъ кодтой сæ дзырдыхъæдæн, артистизмæн, се ‘ддаг бакастæн. Сæ размæ ‘вæрд хæс бæрнон уыдис, æмæ куыд рабæрæг, афтæмæй сæхиуыл æмбæлгæ уагыл бакуыстой.
Жюрийы уæнгæ - районы Ныхасы бæрнон кусæг Къубалты Зинæ, районы ахуырады, физкультурæ æмæ спорты фарстаты управленийы информацион-ресурсон центры сæргълæууæг Дзуццаты Фатимæ, ирон æвзаг æмæ литературæйы методист Хъуысаты Эммæ, Зилгæйы культурæйы артдзæсты разамонæг Гаглойты Альбинæ æмæ ацы рæнхъыты автор - сæ бынæттæ бацахстой. Залы бадтысты ахуырдзаутæ æмæ ахуыргæнджытæ, стæй кадджын уазджытæ, куырыхон хистæртæ Мæрзаты Таймураз, Тетдаты Эльврик.
Йæ разныхасы Хъуысаты Эммæ арфæ ракодта мадзалы архайджытæн:
- Æгас нæм цæут, нæ зынаргъ уазджытæ! Уæлахизы 75 азы юбилейы къæсæрыл лæууæм, æмæ уæ йæ хорзæх уæд! Абон ардæм æрбамбырд стæм, цæмæй конкурсы районы къæпхæны архайджыты арæхстдзинадæн аргъ скæнæм, стæй республикон къæпхæны районы кад чи хъахъхъæндзæн, уыдон сбæрæг кæнын.
Хъыгагæн, абон ам сценæмæ чи рахызтаид, уыцы скъоладзаутæй бирæтæ рынчын сты. Кæд ивгъуыд азты æркасты архайджыты нымæц æстаймæ хæццæ кодта, уæд уыцы ахоссаджы тыххæй абон сæ нымæц у æдæппæтæй 38. Уæддæр районы æппæт скъолатæ дæр сæ минæвæртты æрбарвыстой. Æрмæст Фарныхъæуæй ничи ‘рбацыд, куыд сбæрæг, афтæмæй фæрынчын, кæй бацæттæ кодтой, уыцы чызг. Рынчынтæ адзæбæх уæнт, мах та нæ куыст райдайæм!
Дарддæр хæлттæ сцагътой æмæ сбæрæг кодтой, скъолатæй чи кæй фæстæ рацæудзæн сценæмæ. Æмæ конкурс райдыдта. Кæй зæгъын æй хъæуы, архайджытæ, куыд иннæ азты, бацæттæ кодтой Кочысаты Мухарбеджы, Плиты Грисы, Калоты Хазбийы, Торчынты Мэлсы, Цæгæраты Гигойы, Дзугаты Георгийы уацмыстæ, прозæйæ скъуыддзæгтæ. Иу хатт дæр ма йæ бахахх кæнæм: сæхи æмбæлгæ æмвæзадыл бацæттæ кодтой, ранæй рæтты-иу жюрийы уæнгæ сæ цæссыгтæ дæр асæрфтой. Фæлæ, мæнмæ гæсгæ, раздæры азтимæ абаргæйæ, бирæ цауддæр фæци сценикон арæхстдзинад. Текст сахуыр кæнын иу хъуыддаг у, фæлæ йæ радзурын, адæмы размæ йæ рахæссын, поэты, фыссæджы æнкъарæнтæ æххæстæй раргом кæнын сæйрагдæр у, æмæ ма уым та сабитимæ дзæвгар куыстаг ис. Архайджытæй иуæй-иутæ, сæ хъæлæсыуагæй, логикон цавд (логическое ударение) кæм æмбæлы, уым сæвæрын нæ зонынц æмæ уый дзæвгар ныллæг кæны, жюри йын цы бæрæггæнæн æвæры, уый. Стæй уыцы иу уацмыстæ сахуыр кæнынц, æмæ мæнмæ уый раст нæ кæсы. Ирон аив литературæ, поэзи хъæздыг у, æмæ цæст ахæссын хъæуы, иннæ автортæм дæр æргом аздахын æмбæлы. Кæй зæгъын æй хъæуы, махæн мыггагмæ мысинаг уыдзысты зынгхуыст Хазби æмæ Мухарбег, царды циныл чи зарыди, уыцы æрыгон курдиатджын поэттæ, кæцытæ скодтой хæстон дарæс, сæ къухтæм райстой хæцæнгæрзтæ æмæ сæ риуæмбæрц æрлæууыдысты Райгуырæн зæхх фашистон лæгмартæй бахъахъхъæнынмæ. Тохы быдыры хъæбатырæй фæмард сты, абоны сабыр царды сæрвæлтау радтой сæ цард. Ныууагътой нын диссаджы литературон бынтæ, зæрдæмæхъаргæ рæнхъытæ.
Нæ йæ зæгъын, кæцы скъолайæ, уый, фæлæ, азæй-азмæ уыцы иу лæппу Кочысаты Мухарбеджы æмдзæвгæ «Хъама» куы кæса, уæд, уый цас раст? Лæппуйы хъуыды кæнынц ахуыргæнджытæ дæр, æмæ сæ æнæразыдзинад сæ мидастæу дзырдтой. Жюрийы уæнгтæ дæр ыл сæ рагон зонгæйау сæмбæлдысты.
Райдайæн1 фарсыл
Ахæм фиппаинæгтæ сæвзæрыдис мæнмæ. Тынг зæрдæмæхъаргæ бакастысты æмдзæвгæтæ, конкурсы уагæвæрдмæ гæсгæ дзы йæ бон архайын кæмæн нæ уыд, фæлæ сценæмæ чи рацыд, уыцы дыууæ гыццыл суинаг лæппуйы - хуымæллæггаг Сугъаты Алан («Æртхутæгдон», Плиты Грис) æмæ Хуыбиаты Æхсар («Салдат», Плиты Грис). Жюрийы иумæйаг хъуыдымæ гæсгæ ацы цæхæрцæст лæппутæм рæсугъд фидæн æмæ конкурсы фыццаг бынæттæ æнхъæлмæ кæсынц. Раппæлинаг у уыцы уагæй цыппæрæм скъолайы æвдæмкъласон Коккаты Дианæ дæр.
Бынæттæ та бæрæггæнæнтæ бахынцыны фæстæ баллтæм гæсгæ лæвæрд æрцыдысты афтæ:
8 къласы ахуырдзауты ‘хсæн:
1.Гæбæраты Аланæ – 5 съкола
2.Беркъаты Светланæ – 2 скъола, Абайты Зæринæ - 6 скъола
3.Джаджиты Кристинæ -Цæлыччы скъола.
9 къласы ахуырдзауты ‘хсæн:
1.Хуыбиаты Ибрагим - И.Канидийы номыл скъола-интернат
2.Берозты Елизаветæ – 2 скъола, Гæбæгкаты Георги -4 скъола
3. Дзеранты Камиллæ – Зилгæйы скъола.
10 къласы ахуырдзауты ‘хсæн:
1.Беруаты Алан -6 скъола.
2.Гусалты Зитæ - Ног Бæтæхъойы скъола, Зибцева Викæ – Цæлыччы скъола
3.Хацырты Юля – 5 скъола, Сокаты Аленæ - Раздзоджы скъола.
11 къласы ахуырдзауты ‘хсæн:
1.Колыты Аслан – Ольгинскæйы скъола
2.Æгкацаты Батрадз - Бæтæхъойыхъæуы скъола
3.Гуыдиаты Дианæ - 4 скъола, Дудайты Изольдæ - Зилгæйы скъола.
Се ‘ппæтæн дæр, стæй сæ, цы ахуыргæнджытæ бацæттæ кодтой, уыдонæн лæвæрд æрцыдысты кады гæххæттытæ районы ахуырады, физкультурæ æмæ спорты фарстаты управленийы номæй.
Конкурсы республикон къæпхæны Рахизфарсы районы кад хъахъхъæндзысты Гагиаты Аринæ æмæ Абайты Алинæ. Нæ зæрдæ дарæм, уым дæр раззагдæртимæ кæй уыдзысты. Уæлахизимæ сæм æнхъæлмæ кæсдзыстæм!
"ВЕСТНИК БЕСЛАНА"
Комментарии:
Комментарии к данной записи отсутствуют
Добавить комментарий