
Главная - Новости Беслан
20/03/2015 УÆЛАХИЗЫЛ — 70 АЗЫ
Ныртæккæ куыд Уæрæсейы, афтæ нæ районы дæр цæуынц 9 Маймæ цæттæгæнæн куыстытæ. Ацы бонты æхсæнадон кусджытæ æфтыд сты Уæлахизы 70 азы юбилейон майдантæй хæсты æмæ фæсфронты архайджытæн раттыныл. Ахæм кадджын мадзал ацыд Фарныхъæуы дæр. Амы бынæттон администрацийы специалист Цъæхилты Людæ, районы Социалон æххуысады кусджытæ Дзуццаты Ритæ, Батяты Светæ рагацау байуæрстой хуынды гæххæтытæ абоны сæрибар цард æрхæсджытæн. Хуынды гæххæттыты фæлгонцыл, бæрæгбон рæсугъд ацæуыныл та бафыдæбон кодтой скъолайы ахуыргæнджытæ, ахуырдзаутæ, сæ директор Дзуццаты Заремæйы разамындæй.
Дыццæджы, 17-æм мартъийы скъоламæ æрбамбырд сты Фарныхъæуы хистæр фæлтæр. Сæ фæллад цæсгæмттæ уыдысты цинæйдзаг. Æмæ куыннæ, иуæй сын фадат фæцис кæрæдзийы фенынæн, сæ царды хабæрттæ æрæмысынæн, иннæмæй сын æхсызгондзинад хаста, хæсты уæззау азты цы бирæ фыдæбæттæ бавзæрстой сывæллæттæй, уыдонæн сын аргъгонд кæй цæуы, нæ хицауадæй рох кæй не сты, кæй сæ буц кæнынц.
Æмæ мæнæ сæ кары цы сылгоймæгтæ æмæ нæлгоймæгтæ бацыдысты, сæ къахайст кæмæн фæуæззау (бирæтæн сæ бон æрбацæуын не ссис), уыцы фæсфронты ветеранты скъоладзаутæ сæ къухтыл хæцгæ кадджын уавæры залмæ æрбахуыдтой. Хъуысы зындгонд зарæг «День Победы». Бæрæгбон амонджытæ Агънаты Земфирæ æмæ Дзантиаты Нателла раарфæ кодтой 9-æм Майы фæдыл се ‘мхъæуккаг фæсфронты ветерантæн, йæ уды фæллойæ Уæлахиз чи æрхаста, хъæбатырдзинад чи æвдыста,уыдонæн. Æрæмысыдысты Фарныхъæуæй тохы быдырмæ цы 360 фæйнæгфарс лæппуйы æмæ чызджы фæцыдысты Райгуырæн бæстæ бахъахъхъæнынмæ, уыдоны. Фæцыдысты нæ урссæр хæхтæн ард бахæргæйæ, фæстаг сулæфты онг кæй дæрæн кæндзысты гитлеронты. Чи ма сыздæхт цæфтæй, рыстæй сæ фыды уæзæгмæ, уыдонæй ма абон æгас у Мамсыраты Ислам. Ныртæккæ кæд Дзæуджыхъæуы цæры, уæддæр фидар бастдзинад дары йе ‘мхъæуккæгтимæ. Абон дæр æнæзивæг æрцыд сæ бæрæгбонмæ. Арæх ын бабæрæг кæнынц йæхи дæр.
Фæсфронты ветерантæн хæсты уæззау азты (1941-1945) сæ хъазуат фæллойы тыххæй, нæ сæрмæ æрттивгæ хур уыдоны фæрцы кæй кæсы, уый тыххæй бузныджы ныхæстæ загътой нæ республикæйы парламенты номæй депутат Гуытъиаты Славик, Фарныхъæуы бынæттон администрацийы сæргълæууæг, йæхи æмæ хъæубæсты номæй Галуаты Заурбег. Æрхаста дæнцæг, йæ нана йын-иу йæ фыд Сталбеджы авдæны бастæй йемæ быдырмæ кусынмæ куыд ахаста. Уыцы рагон тыхцæрдтытæ æрæмысгæйæ бирæтæн сæ цæстытæ доны разылдысты.
Уый фæстæ Славик æмæ Заурбегæн бар лæвæрд æрцыд нæ буц хистæрты, сабырдзинад æрхæсджыты Уæлахизы 70 азы юбилейон майдантæй схорзæх кæнынæн (къамы). Уыдонæй уæлдай сæ алкæмæн дæр радтой дидинджытæ, сылгоймæгты та ма барæвдыдтой къафеттæй. Фарныхъæуккаг ветерантæм хауынц: Бицъоты Надеждæ, Цъæхилты Бæди, Дауиаты Розæ, Дзуццаты Азæ, Хъæстуаты Нинæ, Бдтаты Маханджери, Бдтаты Нюся, Дзодзиаты Мария, Дзанæгаты Амырхан, Бежаты Екатеринæ, Фидараты Фузæ, Гуыбиаты Сослан, Карсанаты Тамарæ, Дауыраты Владимир, Дауыраты Лактемыр, Течиаты Татьянæ, Мамайты Ласточкæ, Биджелты Елизаветæ, Гадзацаты Бацæ, Джимиты Венерæ, Мысыкаты Ханиффæ, Дзæхаты Ладимхан, Хадыхъаты Таймураз, Хадыхъаты Зоя, Дзебойты Таймураз, Уарзиаты Замирæ, Уртаты Владимир, Уртаты Аслæнгери, Пухаты Минтæ, Цорæты Екатеринæ, Хъуылаты Алимæт, Хуыдиаты Нинæ, Дзебойты Ольгæ, Цъæхилты Мыртаз, Танкълаты Аделкæ, Гадзацаты Думæхан, Дойаты Раисæ, Тотыккаты Женя, Татраты Дуня, Базраты Венерæ, Æлбегаты Шамил, Æлбегаты Азæ, Такъæты Нинæ, Гуыбиаты Лиза, Хасæгаты Зинæ.
Уæлдай буц скæнынæн сæ хистæрты фарныхъæуккаг хæдахуыр артисттæ Агънаты Земфирæйы разамындæй æмæ хъæуы рæвдауæндоны сабитæ сæ сæргълæууæг Пухаты Таняйы хъæппæрисæй бацæттæ кодтой концертон программæ æфсæддон темæйыл. Алы зард, кафт æмæ æмдзæвгæ радзырдыл дæр-иу сæмбæлдысты тыхджын къу-хæмдзæгъдимæ.
Фарныхъæуккæгты кадджын бæрæгбоны архайдта районы администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Бæдзуаты Дзамболат. Ардæм хуынд уыд зындгонд зарæггæнæг Джимиты Артур, кæцы сарæзта Фарныхъæуыл зарæг. Фыццаг хатт æй азарыд хъæу йæ 90 азы юбилей куы бæрæг кодта, уæд. Галуаты Зауыр Артуры схорзæх кодта сæ хъæуы юбилейон майданæй.
Ирон адæммæ рагæй дæр ис хорз æгъдау – уазæджы цæх æмæ кæрдзынæй сбуц кæнын. Диссаджы фынг сарæзтой Фарныхъæуы хистæртæн Галуаты Зауырбег, Гуытъиаты Славик, Кокойты Тамерлан, Дауыраты Кабег.
"Жизнь Правобережья"
Комментарии:
Комментарии к данной записи отсутствуют
Добавить комментарий