Главная - Новости Беслан

20/03/2015 Фарныхъæуккаг Боциты Бертæ бахъахъхъæндзæн районы кад

Мадæлон æвзагмæ фылдæр æргом здахын кæй райдыдтам, уый бæрæг у, сывæллæтты рæвдауæндæтты кæй фæзынд ирон æвзаджы ахуыргæнджытæ, уымæй дæр. Куыст цæуы, сабитæ дзурынц иронау, ахуыр кæнынц æмдзæвгæтæ, амонынц сын рагон хъæзтытæ, архайынц сценкæты æмæ а.д.Сæ зонындзинæдтæ бавдисынц алыхуызон конкурсты.
Æрæджы ахæм æркаст сарæзтой Беслæныхъæуы цыппæрæм рæвдауæндоны бындурыл, кæцымæ æрбахуыдтой нæ горæты æмæ районы хъæуты чысыл минæвæртты. Æхсæз æмæ ссæдз сабийы архайдтой конкурс «Зонды къуыбылой»-ы районы къæпхæны, хъуамæ аив кæсджыты ‘хсæнæй равзæрстаиккой хуыздæрты, уыдонæн та сæ хуыздæр хъуамæ ацæуа республикон æркастмæ.
Сываæллæтты арæхстдзинадæн тæрхон хастой жюрийы уæнгтæ районы ахуырады управленийы сæйраг специалист Мамиаты Альбинæ, æхсæзæм скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Æгъуызарты Зæирæ, Ольгинскæйы рæвдауæндоны методист Туаты Заремæ æмæ Беслæны æвдæм рæвдауæндоны ирон æвзаджы ахуыргæнæг Хæмыцаты Маринæ.
Æмдзæвгæ аив бакæсынæй уæлæмхас ма хъуамæ архайджытæн се ‘дте бакаст дæр хъуамæ уыдаид аив, темæмæ хæстæг. Мадзал амыдта фысымты ирон æвзаджы ахуыргæнæг Бадзиаты Аллæ. Уый зæрдиаг æгасцуай загъта уазджытæн. Бафарста сабиты, цавæр фысджыты зонут, зæгъгæ, æмæ дзуапп райсыны фæстæ сывæллæттæн фæлмæн ныстуантæ ракодта – дзурдзыстут, дам, æмдзæвгæтæ, аив, хъæрæй.
Уæлдæр куыд бафиппайдтам, афтæмæй архайджытæ уыдысты æхсæз æмæ ссæдз, уымæ гæсгæ-иу æхсæнмæ-‘хсæнты, цæмæй ма фæллайой, уый тыххæй сын хъазынæн фадат уыдис.
Жюрийы уæнгты размæ æнцон хæс нæ лæууыд, фæлæ йæ кадимæ сæххæст кодтой – равзæрстой хуыздæр аив кæсджыты. Фыццаг бынат радтой фарныхъæуккаг чызг Боциты Каринæйæн (ахуыргæнæг Кучиты Фатимæ), бакаст Хæмыцаты Юрийы æмдзæвгæ «О, нæ Ир!»; дыккаг бынатмæ рацыд Ходы Батрадз Ног Бæтæхъойæ (ахуыргæнæг Гутонаты Маринæ) бакаст «Дон - кæстæрæн», адæмон ныхæстæ; æртыккаг бынат та саккаг кодтой æстæм рæвдауæндоны минæвар Джиголаты Викæйæн, кæцы бакаст Агънианы æмдзæвгæ «Ма ку, ма ку, мауал ку!» (ахуыргæнæг Дзестелты Бэлæ). Лæвæрд сын æрцыд Кады гæххæттытæ, уымæй уæлæмхасæн ма цыппæрæм рæвдауæндоны сæргълæууæг Цæгæраты Бертæйы уынаффæмæ гæсгæ æркасты архайджытæй алкæмæн дæр радтой фæйнæ фæлмæн хъазæны.
Куыд загътам, афтæмæй фыццаг бынатмæ рацæуæг, уый та у Боциты Каринæ Фарныхъæуæй, хъуамæ бахъахъхъæна районы кад республикон конкурсы. Дарддæр æм нæ цæст дардзыстæм.

"Вестник Беслана"

 

Комментарии:

Комментарии к данной записи отсутствуют

Добавить комментарий

Имя:  

Уведомить меня о новых комментариях