Главная - Новости Беслан

19/10/2015 Уæлдай бузныг - Дамирæн

Цымыдисæй кæсын газет «Вестник Беслана», æмæ мын тынг æхсызгон уыд, ацы мыхуыры фæрæзы фарсмæ Дауыраты Дамир кæй æрбалæууыд, уый. Цы литературон фæрстæ бацæттæ кæны, уыдоныл газеткæсæг зæрдæрайæ сæмбæлы. Нæ районы нæ, фæлæ Ирыстоны Чеджемты Æхсары сфæлдыстадæн стыр аргъ чи кæны, уыдоны нымæц æгæрон у, æмæ йын Дамир йæ рухс ном кæй æрымысыд, уый тыххæй йын уæлдай бузныг.

Дамир фыссы, Æхсаримæ, дам, хæлæрттæ уыдыстæм. Æмæ уый афтæ уыд. Дамиры фæндзай азы зонын, æмæ цæстмæхъус ныхас никæд схауд йæ дзыхæй. Фæсаууонмæ никæй кой ракæндзæн – ахæм хиуылхæцгæ нæлгоймæгтæ Ирыстоны фылдæр куы уаид! Уæдæ æрæджы дзæнæтыбадинаг Къæбойты Мураты æвæрæн бон уый цы ‘гъдау радта йæ цæдисон æмбалæн, йæ фæстаг фæндагыл æй куыд афæндараст кодта, уый дæр дæнцæгæн райсынмæ бæззы.

Бирæ рæсугъд хъуыддæгтæ аразы Дауыраты Дамир Рахизфарсы районæн, Ирыстоны кадæн. Кæд стыр бынаты нал кусы, уæддæр æхсæнады царды раздæрау разæнгардæй архайы, æмæ йæ цæрæнбон бирæ. Йæ хъарутыл æфтийæд æрвылбон!

"Вестник Беслана"

 

Комментарии:

Комментарии к данной записи отсутствуют

Добавить комментарий

Имя:  

Уведомить меня о новых комментариях