Главная - Новости Беслан

18/09/2020 Хæсты сывæллæттæм  - фылдæр æргом

Ацы аз Цытджын Уæлахизы 75 азы кадæн куыд нæ бæстæйы, афтæ нæ районы дæр бирæ мадзæлттæ арæзт æрцыд. Знон Беслæныхъæуы Культурæйы галуаны дæр æрæмбырд сты нæ республикæйы нымад лæгтæ, æхсæнадон æмæ хъомыладон куыстмæ стыр æвæрæн чи хæссы, уыдон: зындгонд меценат Лалыты Лев, ÆÆЗ «Иры Стыр Ныхас»-ы уæнг Еналдыты Хъазыбег, республикæйы адæмон фыссæг Дауыраты Дамир, районы Ныхасы сæрдар Томайты Савели, районы ветеранты Советы сæрдар Калоты Анатоли, районы ацæргæ адæммæ цæстдарæн комплексон центры сæргълæууæг Елхъанаты Эльмæ. Æмбырды ма архайдтой Бæтæгаты Израил, Беппиты Альберт æмæ Тыбылты Зелимхан, стæй æхсæзæм скъолайы хистæркъласонтæ.
Мадзалы ныхас цыд хæсты сывæллæтты тыххæй. Скъоладзаутæ цымыдисæй хъуыстой хистæр фæлтæры минæвæрттæм, кæцытæй алчидæр йæ сабибонты банкъардта, уыцы тукалæн цаутæ цы стыр бæллæхтæ хастой семæ сабыр цæрджытæн, уыдон, Къостайы загъдау, «бæгънæг, бæгъæввад, стог –уысмæннад». .. Сæ мысинæгтæ уыдысты ирд, уымæн æмæ саби зæрдылдараг у. Калоты Анатоли та загъта, дунемæ, дам, цы бон фæзындтæн, мæ фыд , дам, тохы быдырмæ уæд фæраст, иу хатт ма мæ ауызта, афтæмæй. Хæстæй ссыди сæрæгасæй, Дауыраты Дамир та йæ фыды сурæт уынгæ дæр нæ фæкодта, йæ мæлæт ссардта кæйдæр бæсты.
Хæсты сывæллæттæ уый аккаг сты, цæмæй сæм паддзахад йе ‘ргом раздаха, 12 милуаны йеддæмæ нал сты. Европæйы паддзахæдтæй алкæм дæр ис сæрмагонд программæ, æмæ сыл хицауад ауды, йæ цæст сæм дары. Мах дæр уыдон бафæзмын хъæуы – ахæм сæйраг хъуыды загътой æмбырдмæ хуынд хистæртæ.
Кæронбæттæны Лалыты Лев æмæ Еналдыты Хъазыбег республикæйы ветеранты Советы номæй Цытджын Уæлахизы 75 азы боны кадæн юбилейон майдантæ радтой мадзалмæ хуынд уазджытæн.

"ВЕСТНИК БЕСЛАНА"

 

Комментарии:

Комментарии к данной записи отсутствуют

Добавить комментарий

Имя:  

Уведомить меня о новых комментариях