
Главная - Новости Беслан
17/11/2015 Нæ сыхы фæсивæд æгъдауджын æмæ дзæбæх куы уой, уæд мæхи мæгур не схондзынæн
Зынаргъ редакцийы кусджытæ! Уæ цæрæнбон бирæ æмæ æнæнизæй кусут, махæн ацы газет чи цæттæ кæны, фæлæ ма дзы ахæм рубрикæ куы уаид, «Бинонты фарн», зæгъгæ, уæд æм ноджы æхсызгондæрæй æнхъæлмæ кæсиккам. Уымæн æмæ, куыд зонæм, афтæмæй бинонтæ нæ цардæн йæ бындур сты. Уыдоны ‘хсæн сабырдзинад куы уа, кæстæр æмæ хистæр куы ‘мбарой, уæд сыхы дæр æмæ хъæуы дæр уыдзæн æгъдау.
Æз цæрын Хуымæллæджы , Цыдугаты æфсымæрты уынджы æмæ мæ фæнды нæ сыхы чындзытæн арфæ ракæнын. Исты хабар куы вæййы, уæд сæм дзурын нæ фæхъæуы, иууылдæр дзæбæх фæкæсынц, рæвдз сты кæстæриуæг кæнынмæ. Сæ бинонты ‘хсæн дæр фидар æгъдау ис, се ‘фсинтимæ лæмынæй, кæрæдзи æмбаргæйæ цардысты. Зæгъæм сын сæ нæмттæ: Къæбысты Альмæ, Пилиты Этери, Дзгойты Къла æмæ Зæирæ – се ‘фсинтæ дзæнæты бадæнт.
Зæгъын ма мæ фæнды Тедеты Розæ æмæ йæ чындз Мзияйы тыххæй. Сæ ахастдзинæдтæ – фæзминаг, раст мад æмæ чызджы хуызæн, Мзияйы истæмæй афарстай, зæгъгæ, уæд йæ дзуапп вæййы: «Фæлæу, бабуйы афæрсон», Розæ та фæзæгъы: «Фæлæу, чындзы афæрсон». Афтæ дзæбæх, кæрæдзийы æмбаргæйæ æмæ нымайгæйæ ма цæрынц Къудухты бинонтæ дæр, сæрмагондæй Пæлинæ æмæ Алинæ. Уæлдæр кæй ранымадтон, уыдонæн сæ цот дæр сты хæрзæгъдау, фæстæмæ дæм дзургæ нæ, фæлæ кæсгæ дæр нæ ракæндзысты. Хæдзары дзы алчидæр хистæртæн æххуыс кæны, хъæуккаг хæдзары бирæ змæлд ис. Се ‘ппæт дæр арфæйаг сты, æмæ сæ Хуыцауы арфæ уæд. Мæнæн тынг æхсызгон у, нæ сыхы ахæм æвзыгъд кæстæртæ кæй рæзы, уый. Æз сын афтæ фæзæгъын: «Мæ къонатæ, сымах мæ ныгæнджытæ стут æмæ мын уæхи дзæбæх дарут». Ныртæккæ æфсады рæнхъыты сты æмæ дзæбæх, æнæнизæй сæ бабутыл сæмбæлæнт Гуккаты Азамат, Къæбысты Чермен, Къудухты Давид æмæ иннæтæ, æз сæ хи хъæбултау уарзын. Мæхицæн дæр ис кæстæртæ, уыдонæй дæр бузныг дæн, цæуынц мæм, ницы хъуаг мæ уадзынц, чындзытæ Фатимæ æмæ Радæ дæр сты дзæбæх.
Æз дæр уарзын бирæ бинонтæ, фæлæ мæ царды ахæм амондджын нæ фæдæн. Нæ сыхы фæсивæд æгъдауджын æмæ дзæбæх куы уой, уæд мæхи мæгур не схондзынæн.
ЦЪÆХИЛТЫ – КАЛОТЫ Верæ, Хуымæллæг.
Комментарии:
Комментарии к данной записи отсутствуют
Добавить комментарий