Главная - Новости Беслан

17/09/2015 «Æгъдау, кад æмæ фарн Митяимæ æмдзу кодтой…»

Æппæт Ирыстон нызмæлыд, зæгъын мæ бон у, дуне дзыллæ æрæмбырд Хуымæллæджы культурæйы артдзæстмæ. Ам бæрæг кодтой Кæсæбиты Митяйы сæдæ азы бон. Диссаджы мидисджын бæрæгбон рахастой адæмы размæ, æмæ йæм кæй къух фæхæццæ, уыдон та сты, фыццаджыдæр, зындгонд фыссæг, журналист Дауыраты Дамир, районы æмæ Хуымæллæджы администрацитæ, районы культурæйы управлени, республикæйы культурæйы министрад, хъæуы культурæйы галуаны коллектив, астæуккаг скъола, кæй зæгъын æй хъæуы, Митяйы бинонтæ.

Кæд боны ахаст «ныккæуынæввонг» уыд, уæддæр Митяйы чи зыдта, йæ аивад йæ зæрдæмæ хæстæг кæмæн уыд, уыдон нæ фæзивæг кодтой æмæ дыууæ сахатмæ фæтагъд кодтой Хуымæллæгмæ. Кæсæбийы-фырты тыххæй фыссæг Хуытыгаты Хъазыбег афтæ зæгъы: «Митя иу мыггаджы лæг нæ уыдис, уый уыдис æгас Ирыстоны хъæбул, Ирыстоны стыр лæг. Абон махмæ цы цы фарны æгъдæуттæ ис, уыдон нæм рæсугъдæй æрхæццæ сты Митяйы хуызæтты фæрцы. Алы адæмыхатт дæр фидауы разагъды лæгтæй, куырыхон хистæртæй: махмæ уыдонæй иу уыд Кæсæбиты Митя. Дзæнæты йæ бынат уæд».

Ирыстоны хистæр æмæ астæуккаг кары адæмæй ахæм нæ разындзæн, æмæ Митяйы чи нæ зоны, йæ хъуытаз хъæлæс ын чи нæ хъуыды кæны. «Бæтæйы фыртты зарæг», «Таймуразы зарæг», Елойты Алыксандры зарæг», «Хадзыбатыры зарæг» æмæ бирæ æндæр хъайтарон зарджытæ ранымайын у нæ бон, нæ цæстыты раз слæууы Кæсæбиты Митяйы рухс сурæт.

Иуæндæс азы рацыд, Митя йæ рухс дунейæ куы ахицæн, уæдæй нырмæ. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты активон архайæг, уæззау цæф фæци тохы быдыры æмæ йæ хæдзармæ æнæ къахæй ссыд. Æндæр исчи, чи зоны, æнцад сбадтаид, фæлæ хæстон лæг йæ сæрмæ уый не ‘рхаста. Йæ дыстæ арф бафæлдæхта æмæ йе ‘ппæт хъарутæ сарæзта адæмон хæдзарад йæ къæхтыл слæууын кæнынмæ. Бирæ бæрнон бынæтты фæкуыста, уыдис колхозы сæрдар. Кусæг адæймаджы рæстыл никæд бафхæрдта, йæ хорздзинад кæуыл нæй, ахæм бинонтæ нæ разындзæн Хуымæллæджы. Хорзæй йæ мысынц Бруты æмæ Зæронд Бæтæхъойы цæрджытæ дæр. Митя куыд разамонæг æмæ зæххкусæг арф фæд ныууагъта Рахизфарсы районы царды.Фæлæ Ирыстоны аивады къæбицмæ цы æвæрæн бахаста, уый дæр у егъау, йæ æвидигæ курдиаты фæрцы йæхи бауарзын кодта, æмæ кæд абон не ‘хсæн нал ис, уæддæр цæрдзысты йæ зарджытæ магнитон лентæтыл, айзæлдзысты, цалынмæ ирон лæг цæра, уæдмæ.

Районы минæвæрты Æмбырдмæ Хуымæллæджы цæрджытæ цы фæндон бахастой, уымæ æркастысты депутаттæ æмæ рахастой хъæуы Культурæйы галуанæн Кæсæбиты Митяйы ном радтыны уынаффæ. Бацæуæны галуаны агъуысты фарсыл сагъд æрцыд барельеф Митяйы портретимæ. Бакуыста йыл Уæрæсейы сгуыхт нывгæнæг Дзбойты Михал.

Мемориалон фæйнæг байгом кæныны агъоммæ культурæйы артдзæсты кæрты арæзт æрцыд митинг, кæцы байгом кодта Дауыраты Дамир. Адæмæн арфæ ракодта, сæ хъуыддæгтæ кæй ныууагътой æмæ Митяйы мысæн изæрмæ кæй æрбацыдысты, уый тыххæй. Раст куы зæгъон, уæд æз уыцы бон базыдтон, нæ республикæйы раздæры æртæ разамонæджы хуымæллæггæгтæ кæй уыдысты –Хъулаты Хъуыбады, Æгкацаты Валодя æмæ Галазты Æхсарбег. Авиацийы инæлар –лейтенант Бедойты Руслан, Уæрæсейы сгуыхт артист Кокайты Таймураз, æртындæсæм ирон астæуккаг скъолайы сæргълæууæг Сæлбиты Иринæ, стæй ма бирæ æндæр зындгонд, йæ фæллой æмæ курдиатæй кад чи скодта хъæуæн, уыдонæй сæ сæр бæрзæндты хæссынц ацы ирон хъæуы. Фæлæ уæддæр Митя уыд, кæй зæгъын æй хъæуы, сæ ныхасы сæр кадджын уазджытæн.

Дауыраты Дамир Митяйы цардвæндаг хорз зоны, æмæ та чиныгкæсæгæн зæрдиаг лæвар ракодта - «Зæхх æмæ зарæг» - афтæ хуыйны, Митяйы цардвæндаг кæм раргом кодта, уыцы чиныг. Аив фæлгонцгонд, хъæздыг - æрмæгæй, хуызистытæй, æнцонæмбарæн. Уыцы бон уазджытæй алчидæр йæ хæдзармæ ахаста ирд æнкъарæнтæ æмæ… Дамиры чиныг. Мæнмæ гæсгæ йæ стыр цымыдисдзинадимæ бакæсдзысты.

- Митя хорз зыдта ирон æгъдæуттæ, фынг рæсугъд рахæссынмæ уый хуызæн ничи арæхст. Мах уæлдай сæрыстыр стæм, ирон адæмæй фыццаджыдæр Мæскуыйы Кремлы нæ намысджын æмхъæуккаг Кæсæбиты Митя кæй азарыд, уымæй,- балхынцъ кодта йæ ныхас Дамир.

Йæ мысинæгтæ цыбырæй радзырдта Æгайты Ким, кæцы зарыд Митяимæ героикон зарæггæнджыты къорды. Æрбацæуæг адæмæн арфæ ракодта хъæуы администрацийы сæргълæууæг Æлбегаты Таймураз. Дарддæр дзырдыбар лæвæрд æрцыд республикæйы ветеранты Советы сæрдар Къаболаты Солтанæн.

- Хæсты архайæг, зæххкусæг, адæмон артист – бирæ хъуыддæгтæ саразын бантыст Кæсæбиты Митяйæн, фæлæ мах та абон нæхицæн иу хъуыддаг нæ хатыр кæнæм æмæ хъуамæ нæ рæдыд сраст кæнæм – кæд не ‘хсæн нал ис, уæддæр Кæсæбиты Митяйæн аккаг кæнæм Цæгат – Ирыстоны кадджын ветераны ном. Ацы дыууæ боны ныллыг кæндзыстæм æппæт организацион фарстатæ дæр, - загъта Солтан.

Районы администрацийы сæргълæууæг Æгæйты Георгийæн дæр йæ уидæгтæ Хуымæллæгæй сты, Митяйы тыххæй рæсугъд ныхæстæ загъта:

- Рацæудзæн ма ноджы сæдæ азы, фæлæ Митяйы ном рох нæ уыдзæн, уымæн æмæ нæ Ирыстоны разагъды лæгтæй иу уыд. Районы администрацимæ курдиат куы ‘рбацыд, йæ номыл скæнæм Культурæйы галуан, зæгъгæ, уæд нæм иу уысм дæр дызæрдыгдзинад нæ фæзынд.

Сæлбиты Гоян та радзырдта:

- Митяимæ бакуыстон дзæвгар рæстæг. Æгъдау, кад æмæ фарн йемæ æмдзу кодтой. ИуахæмыТамбовы уыдтæн цыдæр хъуыддаджы. Изæрæй дын телевизорæй Митя зары. Мæнæн фырцинæй мæ зæрдæ мæ риуæй куыд нæ рагæпп ласта! Уынгмæ ратагъдтæн æмæ фæдис кæнын, уый, зæгъын, мæ сыхаг у, мæ хæлар, мæ хъæуккаг. Сæрмагондæй арфæ кæнын абон Дамирæн йæ чиныджы тыххæй. Удуæлдай куыст бакодта, бузныг йæ ахсджиаг лæварæй.

Уазджытæй алкæмæ дæр уыд рухсаггаджы тыххæй мысинæгтæ. Дзбойты Михалæн дæр фадат фæци йæ куысты тыххæй къорд ныхасы зæгъынæн. Нывгæнæг Митяйы сурæт «оригиналмæ» æнгæс сарæзта, æмæ уый бафиппайдтой, барельефæй урс хæцъил куы систой æмæ куы байгом, уæд. Йæ размæ дидинджытæй æнæхъæн цæнд æрæмбырд.

Дарддæр уазджытæ æмæ хъæуы цæрджыты бахуыдтой мидæмæ, æмæ алчи залы йæ бынат куы ссардта, уæд экранæй разынд… Митя. Музыкалон клип – зарæджы хъайтартæ - «Бæтæ» æмæ «йæ фырттæ» бæхтыл бадгæйæ фæцæуынц хæхты. Хъуысы зарæг, Митяйы æрдзæй лæвæрд диссаджы хъуытаз хъæлæс…

Иннæ ныв – нæ республикæйыфыццаг президент Галазты Æхсарбег 1992азы Кæсæбиты Митяйæн саккаг кодтаЦæгат Ирыстоны адæмон артисты ном…

Уый фæстæ сценæ лæвæрд æрцыд артисттæ æмæ аивадон къордтæн. Дæргъвæтин концерты архайджытæ кæрæдзийы ивгæйæ равдыстой сæ арæхстдзинад. Амонын сæ нæ хъæуы-Дауыраты Эдуард, Хуыриаты Валери, Кокайты Таймураз разамынд кæмæн дæтты бирæ азты дæргъы, уыцы адæмон кæфтыты сабиты ансамбль "Маленький джигит", ДзанайтыОльгæйы разамындæй Паддзахадон филармонийы нæлгоймæгты хор, Паддзахадон ирон театры вокалон квартет, Джызæлы хъайтарон зарæггæнджыты къорд (Митя джызæйлаг сиахс уыди), Цæлыччы культурæйы хæдзары вокалон къорд, йæ разамонæг Музайты Руслан, Дулаты Земфирæ. Бынæттон скъоладйы ахуырдзаутæ радзырдтой Митяйы тыххæй æмдзæвгæтæ. Тынг зæрдиагæй бакуыста программæйыл режиссер Айларты Асæхмæт. Сценæмæ ма рацыдысты районы Ныхасы сæрдар Томайты Савели, Республикæйы традицион культурæ æмæ этнотуризмы центры сæргълæууæг Цæриаты Валери, Зæронд Бæтæхъойы Ныхасы сæргълæууæг Джериаты Шамил, Митяимæ сæ цард куыд сиу кодта, уый тыххæй цыбырæй загътой.

Кæронбæттæны та дзырдыбар райста Дамир æмæ бахаста, залы бадджыты зæрдæмæ чи фæцыд,тыхджын къухæмдзæгъдимæ кæуыл фембæлдысты, ахæм фæндон:

- Культурæйы министрады минæвæрттæ дæр ам сты, цæй æмæ дзы ракурæм, цæмæй гъе дыууæ,гъе та æртæ азæй æртæ азмæ арæзт цæуа Митяйы номыл æркаст, Кæсæбиты мыггаг, хъæуы администраци хæрдзтæ, организацион хæстæ йæхимæ райсдзæн, афтæмæй.

Кæсæбиты Барис, Митяйы фырт, зæрдиаг арфæ ракодта, бæрæгбон саразыныл чи бакуыста, уыдонæн, кадджын уазджытæн, йе ‘мхъæуккæгтæн:

- Бузныг, уæ цæрæнбон бирæ. Мæ фыды хуызæн лæгтæ Хуымæллæджы дæр, Ирыстоны дæр бирæ уыдис. Дарддæр дæр Иры зæхх намысджын лæгтæ хъуаг куыд нæ уа, Дунейы фарн уый саккаг кæнæд. Ацы рæсугъд изæрæн ис стыр хъомыладон ахадындзинад – уадз æмæ нæ фæсивæд дæр зона хъæуы истори, сæрыстыр уа сæ намысджын æмхъæуккæгтæй, иса дзы дæнцæн йæ дарддæры царды. Иу хатт дæр ма райсут зæрдиаг арфæ, кæй нæ фæзивæг кодтат æмæ абон нæ фыды мысæн изæр кæй срæсугъд кодтат, уый тыххæй.Ирон адæммæ фыдæлтæйахём загъд баззад, мардыаудындзинад æмæ, дам, дзуары аудындзинад æмхуызон сты, æмæ уыл Митя хæрзмæ аудæд.

Кæсæбиты Митяйы бинонтæ сцæттæ кодтой рæсугъд фынгтæ æмæ адæмы бахуыдтой Митяйы рухс ном ссарынмæ.

"Вестник Беслана"

 

Комментарии:

Комментарии к данной записи отсутствуют

Добавить комментарий

Имя:  

Уведомить меня о новых комментариях