Главная - Новости Беслан

16/12/2014 СКЪОЛАЙЫ ЦАРДÆЙ

Рахизфарсы районы хайады «Иры Стыр Ныхас»-ы минæвæрттæ: сæрдар Томайты Савели, йæ хæдивæг Кцойты Гермæн, ирон æгъдæутты комитеты уæнг Къубалты Зинæ æмæ ацы рæнхъыты автор æрæджы уазæгуаты уыдысты Беслæны Коминтернæйы уынджы скъолайы. Нæ цыды сæр уыд, скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæ цы уавæры сты, уыйимæ цæмæй хæстæгдæр базонгæ уæм, уый фæдыл.

Не ‘рбацыд фысымтæн уыд æхсызгон, нæ размæ рацыдысты чысылæй, стырæй æмæ нын зæрдиаг ирон «æгасцуай» загътой, стæй нæ мидæмæ бахуыдтой. Мидисджын докладтæ скодтой районы ахуырады хайады ирон æвзаг æмæ литературæйы методист Хъуысаты Эммæ æмæ скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Цгъойты Беллæ. Адон нын бæлвырд радзырдтой, скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæ куыд кусынц скъоладзаутимæ, цавæр мадзæлттæй пайда кæнынц æмæ а.д. Загътой, зæгъгæ, скъолайы стыр æргом здæхт цæуы мадæлон æвзагмæ, скъоладзауты цæсты у бæрзонд бынаты æвæрд æмæ йын уымæн кæнынц кад. Арæзт цæуынц скъолайы сыгъдæг ирон æвзагыл лекцитæ, фæлладуадзæн изæртæ… Стæй нын равдыстой æрæджы Цгъойты Беллæйы хъæппæрисæй цы ног музей арæзт æрцыд, уый. Музейы къæсæрæй куы бахизай, уæд адæймаджы зæрдæ барухс уыдзæн аив æмæ зæрдæмæдзæугæ фæлгонц кæй у, уый тыххæй. Ам адæймаг йæхи банкъардзæн, цыма аргъæутты бæстæм бахауд. Хистæртæй хæхбæсты чи цард, уыдонæн ирон хæдзары цардыуаг æнæ зонгæ нæу, æмæ музейыл йæ цæст куы ахæсса, уæд æнæмæнг йæ зæрдыл æрлæудзысты йе ‘рыгон бонтæ. Сæ хæххон ныллæг, тъæпæнсæр хæдзар стæй дзывыр, адæг æмæ æфсондз куы фена, уæд та йæ цæстыты раз ирдæй слæудзысты, галтæй хуым куыд кодтой æмæ хортæ куыд æфснайдтой, уыцы куыстытæ. Зæгъын хъæуы уый, æмæ музей аив фæлгонцгонд кæй рауад рагон ирон хæдзары дзаумæттæй. Уый тыххæй йын радтой «Ирон хæ- дзар»-ы ном дæр. Тæккæ рæбынæй, ирон æгъдау куыд амоны, уымæ гæсгæ, бады урсзачъе зæронд лæг, йæ уæлæ куырæт, йæ сæрыл та нымæт худ. Лæджы раз æвæрд ис æртæкъахыг фынг, йæ уæлæ та дурын стæй рагон кувæн сыкъатæ. Хистæры рахизфарс цырагъау æмраст лæууы йæ фырт, уый дæр ирон дарæсы, йæ галиуварс къуымы та – ног чындз разгæмтты. Агъуысты ауыгъд ис царыл Сафайы рæхыс. Уый уыд нымад артдзæсты æмæ бинонты царды бардуагыл. Зæгъын æмбæлы, Сафайы рæхыс ирон адæммæ тынг кадджын кæй уыд. Чындз-иу хæдзары къæсæрæй куы æрбахызт, уæд æй фыццаджыдæр фæдзæхстой Сафайы рæхысыл, æртæ хатты-иу æрзылд йæ алыварс æмæ-иу йын æртæ хатты æркуывта.

Музеймæ адæймаг лæмбынæг куы æркæса, уæд дзы цавæр хæдзары дзаума нæ фендзынæ, ахæм нæй. Ис дзы хъуылæг, нæрв, гæрз нæмæн чъима, куыси, пирæн, куырдадзы æртыскæн, ирон кау, фаддзæгъдæн, хъæсдарæг, халамæрзæн, сагой, гуымсæг æмæ а.д. Ацы æрмæг куы цæттæ кодтон, уæд мын Беллæ бабар кодта иу курдиат æмæ йæ хæссын газеткæсджыты размæ. Беллæ æххуысы фæдыл сиды ирон адæммæ, цæмæй музей бынтондæр ифтонг æрцæуа, уый тыххæй ма цы предметтæй хъуаг æййафы, уымæй йын куы баххуыс кæниккой нæ районы цæрджытæ. Уыдон сты: сыхырна, æрчъитæ, къогъодзитæ, гогон, кæфой, бæрцытæ, нымæт æмæ кæмæ цы рагон дзаума ис, уыдон дæр.

Табуафси, ма бахæлæг кæнут, нæ зынаргъ газеткæсджытæ, уæ бон цæмæй у, уый балæвар кæнут дуне- йыл йæ ном кæмæн айхъуыст, уыцы скъолайæн.

Ныр та цалдæр ныхасы зæгъдзæн Цгъойты Беллæ, музей æмбырдгæнгæйæ цы фыдæбæттæ бавзæрста, уыдоны тыххæй:

— Не скъола æрæджы байгом, 2005 азы, æмæ дзы арæзт æрцыд цыппар музейы: «Зал памяти»; «История 1-й школы», «Зал боевой славы», «Художественный зал». Адоны æхсæн ирон музейы кой кæй нæ уыд, уый мæм худинаг каст æмæ йæ саразыны хæс мæхимæ райстон. Зыдтон æй æнцон мын кæй нæ уыдзæн, фæлæ мæм уыд ныфс æмæ тырнындзинад, ацы аууæлтæй та адæймаг æххæст куы уа, уæд цыфæнды зын цæлхдурты сæрты дæр ахиздзæн. Зæгъын хъæуы уый, æмæ нын стыр æххуыс кæй бакодта Гуыриаты Надя, уый хъæппæрисæй нын лæвæрд æрцыд хицæн уат скъолайы, æртыккæгæм уæладзыджы. Уат нын лæвæрд куы æрцыд, уæд иннæ хабæрттæ мæхимæ райстон. Балæуыдтæн суанг Куырттаты комы, фæзылдтæн хъæутыл, хæдзар-хæ- дзар, æмæ мæ къухы цы предметтæ бафтыд, уыдон æрластон скъоламæ. Абон хæхбæсты чи цæры, уыдон дæр бирæ дзаумæтты нæмттæ нал зонынц æмæ мын цы лæвæрдтой, уыдоны нæмттæ дæр нывыл нæ зыдтой. Кæд æхцайы фæрæзтæй дæр æххæст нæ уыдтæн æмæ стыр фыдæбон фæкодтон, уæддæр фондз мæймæ музей йæ къахыл слæууын кодтон. Æвæджиау æххуыс мын бакодтой скъолайы ахуыргæнджытæ: Хъарджиаты Славик, Громовой Саша æмæ Цæгæраты Руслан. Арфæйы ныхæсты аккаг сты Цæлыччы хъæуы царджытæ Годжиаты Æмзор, Дзагойты Розæ, Таучелаты Аллæ æмæ иннæтæ. Уыдоны руаджы мæ къухы бафтыд бирæ ирон рагон дзаумæттæ æмæ сын стыр бузныг зæгъын.

Уазæджы сбуц кæнын нæм фыдæлтæй баззад, æмæ нæ фысымтæ сæхицæн хæсыл банымадтой, цæмæй нæ ирон фæтк хæлд ма æрцæуа. Томайты Савели æртæ кæрдзыны æмæ бæгæныйы къусæй ссардта Стыр Хуыцау, зæдтæ æмæ дауджыты нæмттæ, бафæдзæхста æнæхъæн скъолайы коллектив, ахуыргæнæгæй, сабийæ, не Сфæлдисæгыл, цæмæй фыдбылызæй хызт уой, амондæй та æххæст.

"Жизнь Правобережья"

 

Комментарии:

Комментарии к данной записи отсутствуют

Добавить комментарий

Имя:  

Уведомить меня о новых комментариях