Главная - Новости Беслан

16/10/2015 Къостайы ном мин-мин азы рох нæ уыдзæн!

Знон Ирыстоны сбæрæг кодтой Хетæгкаты Къостайы радон гуырæнбон. Рахизфарсы районы съолаты æмæ рæвдауæндæтты ацыд Къостайы къуыри – сабитæн æрвылбон арæзт цыдис алыхуызон мадзæлттæ – конкурстæ, викторинæтæ, сæвæрдтой поэты æнæмæлгæ уацмысты бындурыл алыхуызон сценкæтæ, ныффыстой нывæцæнтæ йе сфæлдыстадыл, сахуыр кодтой æмæ аив дзырдтой йе ‘мдзæвгæтæ.

Фыццæгæм скъолайы Цуциты Маргаритæ æвдæм, æстæм æмæ фарæстæм кълæсты ахуырдзаутимæ цы литературон-музыкалон композицийыл бакуыста, уый арф фæд ныууагъта, чи йæ федта, уыдоны зæрдæты. Маргаритæйæн баххуыс кодтой немыцаг æвзаджы ахуыргæнæг Плиты Ларисæ æмæ англисаг æвзаджы ахуыргæнæг Тедеты Ларисæ, уый та уымæн, æмæ ахуырдзаутæ Къостайы æмдзæвгæтæ бакастысты æрмæст ирон æмæ уырыссаг æвзæгтыл нæ, фæлæ немыцаг æмæ англисаг æвзæгтыл тæлмацгондæй! Уыимæ тынг аив, уацмысты ритмикæмæ æвнæлд не ‘рцыд, афтæмæй, æмæ æвзæгтæ чи нæ зыдта, уыдон дæр сæ уайтагъд рахатыдтой. Музыкалон æххуысад сын лæвæрдта Дзебойты Эльзæ. Цыппар æвзагыл азарыдысты Къостайы æмдзæвгæтыл фыст музыкалон уацмыстæ. Бынтон зæрдæмæхъаргæ та рауад æнæмæлгæ поэмæ «Фатимæ»-йæ скъуыддзаг, Фатимæ æмæ Дзаболаты монологтæ цыппар æвзагыл. Ацы поэмæйыл арæзт кинонывæй экраныл дæр равдыстой скъуыддзаг. Цуциты Маргаритæ зæрдиагæй бацархайдта, куыд иннæ азты, Ирыстоны æрдхæрæны фырты райгуырæн боныл æмбæлгæ хуызы фембæлыныл.

Æртыккæгæм скъола дæр абæрæг кодтам знон æмæ йæ тæккæ тæмæны баййæфтам Къостайы мысæн изæр. Ам дæр æппæт хъарутæй бакуыстой мадзалыл ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Сокаты Зинæ æмæ Ходы Луизæ, театралон къорды разамонæг. Фарæстæм къласы ахуырдзаутæ фаззæттæ Нæкуысаты Миланæ æмæ Аланæ, Хуыбылты Кристинæ, Гугкаты Аннæ æмæ Алыккаты Хетæг раст æцæг артистытау ахъазыдысты, Къоста уырыссаг æвзагыл цы пьесæ ныффыста, «Дуня», уым. Луизæйы разамындæй сценикон техникæ, аив дзырд æмæ театралон аивады иннæ сусæгдзинæдтæ кæй ахуыр кæнынц, уый сын фадат радта пьесæйы архайджыты сурæттæ кæронмæ бамбарынæн. Уæдæ сæ уæлæдарæс, декорацитæ дæр залы бадджыты ахастой Къостайы дугмæ. Тынг зæрдæмæхъаргæ куыстæн тыхджын къухæмдзæгъдæй саргъ кодтой кæсджытæ. Иуæндæсæмкъласонтæ Азиаты Аминæ æмæ Тебиаты Альбинæ аив бакастысты «Æнæ хай» æмæ «Ногбоны æхсæв», дæсæмкъласон Смайлиаты Аминæ – «Марды уæлхъус», æхсæзæмкъласонтæ та - «Сидзæргæс».

Хетæджы-фыртæн фыццаг цыртдзæвæн Беслæныхъæуы кæй æрцыд сагъд 1939, уымæй хуымæтæджы сæрыстыр не сты нæ горæты цæрджытæ! Скульптор Дзанайты Алыксандрæн йæ бон дурæй равдисын баци поэты æнæмæлгæ сурæт, æмæ уæдæй абонмæ ам алы аз дæр арæзт æрцæуы митинг. Ныр дæр, кæд боны ахаст асæст уыд æмæ лыстæг сæлфынæг кодта, уæддæр цыртдзæвæны раз æрбаййæфтам фыццæгæм рæвдауæндоны (йæ сæргълæууæг Кокойты Людмилæ) сабиты сæ хъомылгæджытимæ. Æрбахастой дидинджытæ, радзырдтой, Къоста сывæллæттæн кæй ныффыста, уыцы æмдзæвгæтæ. Сæ ирон æвзаджы ахуыргæнæг Пухаты Тамарæ нын куыд радзырдта, афтæмæй рæвдауæндоны равдыстой концерт хистæр æмæ кæстæр къордты сабитæ, суанг ма «Симд» дæр акафыдысты, стæй рацыдысты цыртдзæвæныл дидинджытæ сæвæрынмæ. Ам нын Джабиты Æхсар, Уалыты Аннæ, Лохты Тельмæн, Василенко Коля, Давид Способ, Хуыбылты Миланæ иронау аив бакастысты æмдзæвгæтæ, «Гино», «Фæззæг», «А-лол-лай» «Æрра фыййау» æ.а.д.

Уæдмæ ма ныл бафтыдысты дыккæгæм скъолайы æхсæзæм, æвдæм, æстæм кълæсты ахуырдзаутæ сæ ахуыргæнджытæ Цхуырбаты Жаннæ, Хъуысаты Людмилæ æмæ Тауытты Фатимæимæ. Адон дæр æрбацыдысты поэтæн сæ сæрæй ныллæг акувынмæ, семæ æрбахастой дидинджытæ. Районы ахуыры хайады ирон æвзаг æмæ литературæйы методист Хъуысаты Эммæ сын арфæ ракодта, радзырдта, абон дæр поэты сфæлдыстад актуалон кæй у, стыр ахадындзинад ын кæй ис, æнусон кæй у, уый тыххæй, стæй дзырдыбар радта скъоладзаутæн. «Ныстуан», «Катай», «Сагъæс», «Ныфс», «Хæрзбон», «Æнæ хай» бакастысты Чыпыраты Батрадз, Дамзаты Дзамболат, Гутънаты Данæ, Хъесаты Алинæ. «Мæ хуры хай, рæсугъд чызгай» та азарыдысты Боциты Миланæ, Токаты Регинæ, Мæрзойты Настя æмæ Гуыдиаты Мирандæ.

Къостайы ном мин-мин азы рох нæ уыдзæн, цалынмæ ирон дзырд хъуыса а-зæххыл, уæдмæ йæ цыртдзæвæнмæ фæндаг хæмпæлгæрдæджы бын нæ фæуыдзæн, уый нæ уырны, уымæн æмæ йæ æвидигæ курдиаты æвдисæнтæ – йæ цардæвдисæг диссаджы уацмыстæ цымыдисаг сты рæзгæ фæлтæрæн.

"Вестник Беслана"

 

Комментарии:

Комментарии к данной записи отсутствуют

Добавить комментарий

Имя:  

Уведомить меня о новых комментариях