
Главная - Новости Беслан
16/06/2014 Ахсджиаг хъуыддаг.
Хъысмæт! Æз бузныг дæн дæуæй,
Кæй фæзындтæн дунемæ æз ИРОНÆЙ!
Челæхсаты К.
Дунейы цы бирæ адæмыхæттытæ цæры, уыдоны алкæцыйы минæвæрттæ дæр зæгъдзысты ацы ныхæстæ сæхи тыххæй сæрыстырæй. Зæгъæм сæ мах дæр сæрбæрзондæй. Тынг хъæздыг у нæ рагистори, нæ культурæ, ис нæм, ирон лæджы ном кадимæ чи хæссы, ахæм ирæттæ канд Ирыстоны нæ, фæлæ æгас Уæрæсейы æмæ ма æндæр бæстæты дæр. Рæзынц ног фæлтæртæ, згъоры дугъон бæхау рæстæг размæ, фæлæ нæ рох кæнæм мах нæ диссаджы бирæвæрсыг æмæ хъæздыг истори, не ‘взаг. Æниу, куы нал зона ирон лæг, йæ рагфыдæлтæ æнусты дæргъы кæй фæхъахъхъæдтой, уыцы культурæ æмæ æвзаг, уæд ма ирон йæхи куыд схондзæн? Цæй мидæг ма ис уæд нæ ирондзинад?!
Суанг сывæллæтты рæвдауæндæтты, скъолаты хъомылгæнджытæ, ахуыргæнджытæ тынг зæрдиагæй кусынц ацы ахсджиаг хъуыддæгтыл. Ацы хъуыддаджы стыр ахадындзинад ис ирон музейæн. Сабитæ хъуамæ канд чингуыты ма кæсой нæ фыдæлты царды хабæрттæ, фæлæ сæхи цæстæй уыной, фенæн кæмæн ис, ахæм рагон дзаумæттæ. Зæгъæм, рагон ирон адæймаджы уæлæдарæс, хæдзары дзаумæттæ, мигæнæнтæ æмæ æндæртæ. Абон уыцы предметтæ ссарын музейæн æнцон хъуыддаг нæу. Бирæтæ сæ фесæфтой, иугæр нал хъæуынц хæдзары, уæд сæ бахъахъхъæнын нæ банымадтой æнæмæнг хъуыддагыл. Астæуккаг кары адæмæй дæр бирæтæ нал зонынц, цы у куыси, сыхырна, камари æмæ æндæртæ, нæ сæ зондзысты, кæй зæгъын æй хъæуы, уыдонæн сæ кæстæртæ дæр. Ныййарджытæй бирæтæ афтæ дæр фæзæгъынц: «Мæ рæстæджы ирон æвзаг ахуыр кæнын скъолайы æнæмæнг нæ хъуыди, нæ йæ зонын мæхæдæг, æмæ мæ сывæллонæн дæр мæ бон нæу баххуыс кæнын». Худинаг хъуамæ уа, ахæм мæнгард æфсон чи кæны, уыцы «ирон» адæймагæн, кæй зæгъын æй хъæуы.
Нæ ахуырдзауты арæх аласæм музейтæм. Хорз у уый, фæлæ нын иугæр ис гæнæн, уæд сфæнд кодтам нæхи скъолайы байгом кæнын «Ирон музей», кæцыйы уыдзæнис фенæн, нæ рагфыдæлтæ кæмæй пайда кодтой, уыцы предметтæй бирæтæ. Сæ иу хай сын бæргæ æрæмбырд кодтам, фæлæ ма нæ хъæуы бирæ мигæнæнтæ, кæцытæ æнæмæнг хъуамæ уой музейы. Стыр бузныг уыдзыстæм, ацы хъуыддаджы нын йе ‘ххуысы хай чи бакæна, уыдонæй.
Хъæуы: разгæммты æгънæджытæ, камари (рон), хæдбын дзабыртæ, зæнгæйттæ (ичиги), уæлдзарм худ (высокая шапка из шкурки барашка), нымæт, нымæтхуд, гогон, музыкалон инструменттæ (фæндырæй фæстæмæ), басылыхъхъ, хæцъил дзабыртæ, бæгæныйы къус, æртæкъахыг къæлæтджын бандон, дурын æмæ æндæр рагон ирон дзаумæттæ.
Æрбадзурут нæм ахæм телефонтæй: 8-928-488-49-20 æмæ 3-15-89.
Бесланыхъæуы фыццæгæм астæуккаг скъолайы ирон æвзаджы ахуыргæнджытæ.
Комментарии:
Комментарии к данной записи отсутствуют
Добавить комментарий