Главная - Новости Беслан

16/03/2021 Уазджытæ разыйæ баззадысты

Раздæр ма куыд хъусын кодтам, афтæмæй æрæджы Мадæлон æвзæгты æппæтадæмон бонмæ Беслæны цыппæрæм скъолайы арæзт æрцыд диссаджы мидисджын мадзал.
Ардæм хуынд æрцыдысты кадджын уазджытæ – æхсæнадон организациты уæнгтæ - республикæ æмæ районы Ныхасты минæвæрттæ, ахуырады управленийы разамонджытæ, ныййарджытæ.

Ахуыргæнджытæ æмæ ахуырдзаутæ бацæттæ кодтой хъæздыг æрмæг – уазджытыл æгъдаумæ гæсгæ сæмбæлдысты æртæ кæрдзыны æртæ фæрсчы æмæ бæгæныйы кæхцимæ. Фынгыл рæсугъд æвæрд – ирон хæринæгтæ. Сарæзтой цымыдисаг равдыст, кæмæй нал пайда кæнæм, ахæм рагон ирон хæдзарыдзаумæттæй.
Кадджын хистæртæ куы акуывтой, кæстæртæ куы ацахуыстой, уæд дыккаг уæладзыгмæ схызтысты. Уым та ноджы диссагдæр – ахуырдзаутæ равдыстой нæ бæстæйы алы адæмыхæттыты минæвæртты, сæ уæлæдарæс, хæринæгтæ æмæ музыкалон номертæй сын бавдыстой сæ цардыуаг.
Мадзалмæ хуынд адæм разыйæ баззадысты, зæрдиаг арфæ ракодтой скъолайы разамынд, ахуыргæнджытæ æмæ ахуырдзаутæн, ахæм бæрæгбон сын кæй балæвар кодтой, уый тыххæй.
Фæлæ ууыл хъуыддаг нæ алыг. Ивгъуыд майрæмбоны та цыппæрæм скъола ногæй бабæрæг кодтой уыцы бæрæгбонмæ хуынд кадджын уазджытæ. Афтид къухæй не ‘рбацыдысты ÆÆЗ «Иры Стыр Ныхас»-ы сæрдары хæдивæг Еналдыты Хъазыбег районы сæргълæууæджы хæдивæг Уарзиаты Валери, Ныхасы сæрдар Томайты Савели, Ныхасы уæнгтæ Кцойты Гермæн æмæ Хæмыцаты Раман, районы ахуырады управленийы сæргълæууæг Цъæхилты Олег, ирон æвзаг æмæ литературæйы методист Хъуысаты Эммæ.
Иры Стыр Ныхасы сæрдар Кучиты Русланы номæй Кады гæххæттытæ лæвæрд æрцыд скъолайы директор Мензиля Юсупова æмæ ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Джериаты Мæдинæйæн, кæй зæгъын æй хъæуы, бирæ азты дæргъы стыр æвæрæн кæй хæссынц рæзгæ фæлтæры хъомыладмæ, кæй сæ цалх кæнынц ирон адæмы этнокультурæ зоныныл, уый тыххæй.
Районы Ныхасы номæй Томайты Савели та схорзæхджын кодта Кады гæххæттæй ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæ Тогъуызты Эммæ, Бытахъаты Альбинæ, Хъæцмæзты Фатимæ, Гуыриаты Светланæ, Дыгъуызты Индирæ, Бæцæзаты Лорæ, Хæдарцаты Зæлинæйы. Ацы ахуыргæнджытæ дæр сæ куысты бæрзонд бæрæггæнæнты тыххæй райстой . Кады гæххæттытæ Цъæхилты Оледжы .номæй.
Æнæ зæгъгæ ма нæй иу хъуыддаджы тыххæй. Дæсæм къласы ахуырдзау Гогкойты Георги, ирон уовгæйæ, йæ мадæлон æвзаг кæй нæ зоны, ууыл басаст ай-фыццаг бæрæгбоны бон. Еналдыты Хъазыбег уый йæ зæрдыл бадардта æмæ йын æрласта лæвар – чиныг «Дзурæм иронау», радта йын йæ телефоны номер æмæ йын загъта, кæй-иу æм æрбадзурдзæн хаттæй-хатт æмæ дзурдзысты иронау.
Кæронбæттæны Хъуысаты Эммæ зæрдиаг арфæ ракодта уазджытæн æмæ зæрдæ бавæрдта, дарддæр дæр кæй архайдзысты мадæлон æвзаг бæрзонддæр æмвæзадмæ сисыныл.

"ВЕСТНИК БЕСЛАНА"

 

Комментарии:

Комментарии к данной записи отсутствуют

Добавить комментарий

Имя:  

Уведомить меня о новых комментариях