Главная - Новости Беслан

16/03/2015 Аивадон фембæлд Элхоты

Иу æмæ дыууæ хатты нæ фыстам æрыгон, фæлæ йæхи адæмæн бирæ чи бауарзын кодта, уыцы фольклорон ансамбль «Æрфæны фæд»-ы тыххæй. Нæ районы Ныхасы аивадон къорд (йæ разамонæг –Къубалты Зинæ) ивгъуыд аз уалдзæгæй æрæгвæззæгмæ изæрыгæтты арæзта концерттæ нæ горæты фæлладуадзæн парчы, ацыдысты санатори «Осетия»-мæ, уыдысты уазæгуаты Æрыдоны районы Ныхасы, фембæлдысты Ветеранты хæдзары хæсты æмæ фæллойы ветерантимæ. Алкæдæм дæр æрмæст концерт нæ аласынц, фæлæ ма нæртон бæркадджын хуын дæр – æртæ кæрдзыны «лыстæг митимæ».
Ацы хатт дæр се ‘гъдау нæ фехæлдтой æмæ та араст сты Елхотмæ, ам культурæйы артдзæсты хъуамæ равдыстаиккой сæ аивад. Сæ балц тынг хорз рауад, фысымтæ сыл зæрдиагæй бацин кодтой ивгъуыд майрæмбоны.
Сылгоймаджы кадæн концерт «Хæлардзинады фембæлд»-ы архайдтой Рахизфарсы районæй – «Æрфæны фæд», Культурæйы галуаны зарæггæнджыты къорд «Балц», йæ разамонæг - нæ республикæйы культурæйы сгуыхт кусæг Едзиты Барис, Фарныхъæуы культурæйы хæдзары кафджыты æмæ фæндырдзæгъдджыты къордтæ, сæ разамонджытæ нæ республикæйы культурæйы сгуыхт кусæг Агънаты Земфирæ æмæ Дзантиаты Нателлæ, стæй, кæй зæгъын æй хъæуы, фысымтæ - Элхоты Культурæйы галуаны аивадон къордтæ.
Концерты агъоммæ нæ районы Ныхасы сæрдар Томайты Савели залы бадджытæм – уыдонæн та сæ фылдæр хай уыдысты сылгоймæгтæ, зæрдиаг арфæ ракодта бæрæгбоны фæдыл:
- Ирон сылгоймаг у хæдзары къона, йæ амонд, æгъдауæвæрæг, царддæттæг, сывæллон хъомылгæнæг, циндзинад хæссæг, уыимæ баст сты нæ царды рæсугъддæр бонтæ. Сылгоймагнæлгоймагæн ныфсдæттæг у, бирæ хъуыддæгтæм æй разæнгард кæны,нæ хорз дæ рæмæ не ‘взæр дæр сымахæй цæуы. Уалдзæджф райхъал вæййы æрдз, сымах дæр уалдзыгон фыццаг дидинджытау рæсугъд стут, æмæ амондæй хайджын ут, уæ кæстæрты хуртæй æфсæст!
Дарддæр хъæздыг, мидисджын программæмæ бакастысты. Азæлыдысты нырыккон, адæмон, героикон зарджытæ, фæндырдзагъд æмæ æмдзæвгæтæ, ирон аив уæздан кафтæн æмбал кæй нæй, уый дæр та бавдыстой концерты архайджытæ. Фольклорон къорд «Æрфæны фæд» æмæ ансамбль «Балц»- ы уæнгтæ Æгъуызарты Ларитæ, Деметы Зинæ, Ардасенты Алыксандр, Деметы Зинæ, Баймæтаты Томæ, Бекъуырты Максим, Мыртазты Тамерлан, Къубалты Зинæ, Едзиты Барис, Къониаты Азæ, Беройты Бексолтан, Туаты Зауырбег, Тетаты Эльврик, нæ кадджын хистæртæ Мæрзаты Таймураз æмæ Цомартаты Алыксандр, Фарныхъæуы æвзыгъд фæсивæдСланты Таймураз, Цъæхилты алинæ, Таутиаты Иринæ Бæдтиаты Дианæ, Берозты Светланæ, Хъуысаты Рая, Дзæхаты Миланæ, Тамбиаты Кристинæ, Каринæ æмæ Данæ, Хъуппеты Аринæ, сæ разамонджытæ Агънаты Земфирæ æмæ Дзантиаты Нателлæ уыцы изæр бирæ арфæйы дзырдтæ фехъуыстой сæ аивад, сæ зæрдæты хъармæй сæ кæй фæхайджын кодтой, уый тыххæй Элхоты цæрджытæй. Кæй зæгъын æй хъæуы фысымтæ дæр дзæвгар æвæрæн бахастой иумæйаг концертон программæмæ, фæлæ уæддæр уазæг кадджын у Ирыстоны, æмæ сын тыхджын къухæмдзæгъд æмæ дидинджыты бæстытæй балхæдтой сæ зæрдæ.
Диссаджы рæсугъд изæр, адджын фембæлд, æцæг бæрæгбон. Æмæ йæ кæрон ку ‘рбахæццæ, уæд концертамонæг Къубалты Зинæ хуымæтæджы нæ загъта:
- Кæд нæ программæ фæци, уæддæр нæ тынг фæнды, цæмæй нæ районты хæлардзинадæн кæрон макуы уа, æмæ йæ фæлтæрæй-фæлтæрмæ рæсугъдæй хæссæм! Уæ цæрæнбонбирæ уæд, нæ иннæ фембæлдмæ!

"Вестник Беслана"

 

Комментарии:

Комментарии к данной записи отсутствуют

Добавить комментарий

Имя:  

Уведомить меня о новых комментариях