
Главная - Новости Беслан
14/11/2014 Абиты Валери æмæ йæ хъомылгæнджытæ - Беслæныхъæуы
Беслæныхъæумæ, сæрмагондæй фæндзæм скъоламæ та Абиты Валери йæ ирон адæмы æгъдæутты скъолайы хъомылгæнинæгтимæ æрцæудзæн, зæгъгæ, куы фехъуыстам, уæд мах дæр араст кодтам фембæлдмæ. Куыд рабæрæг, афтæмæй æрмæст мах нæ бафæндыд нæ горæты уазджытимæ фембæлын – ам æрбаййæфтам районы дзырддзæугæ нæлгоймæгты къорд, стæй ирон æгъдæуттæ сæ раздæры уагмæ сисыныл æмæ сæ рæзгæ фæлтæры ‘хсæн ныффидар кæныныл чи архайы, уыцы намысджын сылгоймæгты.
Болиаты Зинæйы хæдзары цалдæр хатты уыдис Валери йæ къорды уæнгтимæ, ам сарæзтой, урыссагау «мастер-класс» кæй хонынц, ахæм мадзæлттæ, афтæ ацы скъолайы дæр. Ирон æгъдаумæ гæсгæ фысымтæ дуармæ рацыдысты æртæ кæрдзыны æмæ бæгæныйы кæхцимæ, уазджытæ дæр афтид къухæй нæ фæзындысты – æртæ кæрдзыны, физонæг, æртæ адджын кæрдзыны сæ къухты, афтæмæй æрбацыдысты. Ахсджиаг фембæлд рæсугъд арфæйы ныхæстæй райдыдта, районы Ныхасы æгъдæутты комитеты сæрдар Хæмыцаты Раман акуывта æмæ кувæккаг кæстæртæм авæртта, стæй иууыдæр мидæмæ фæраст сты.
Районы Ныхасы сылгоймæгты комитеты сæрдар Бургалаты Заремæ радзырдта, ирон æгъдæуттæ, традицитæ, æфсарм æмæ фарн æхсæнады цæмæй фидар уой, уый тыххæй цы мадзæлттæ аразынц районы Ныхасы сæрдар Томайты Савели, ветеранты Советы сæргълæууæг Габеты Семен сылгоймæгты Совет, йæ сæргъы Цъыккаты Зарæ, районы ахуырады управлении, сæрмагондæй йæ сæргълæууæг Афанасьева Людмилæ, ирон æвзаг æмæ литературæйы методист Хъуысаты Эммæ, Ныхасы актив - Кцойты Гермæн, Дзампаты Хъантемыр, Хæмыцаты Раман, Елхъанаты Эльмæ, Болиаты Зинæ æмæ иннæтæ. Заремæ сын дзырдыбар дæр радта, æмæ скъоладзаутæн сæ фæдзæхстытæ загътой, хи куыд дарын хъæуы, хистæртæн куыд лæггад кæнын хъæуы, чызджытæ æмæ лæппутæ сæхи куыд хъуамæ дарой æхсæнады, уый тыххæй. Иннæ темæ дæр ахсджиаг уыд – «Сылгоймаг –мад, царддæттæг», æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, районы æвæгæсæг адæммæ цæстдарæг куыстуаты сæргълæууæг Елхъанаты Эльмæмæ уыд, цы радзырдтаид, ахæм æрмæг.
Абиты Валерийы раныхас уыдис бынтон цымыдисаг, залы бадджытæ йæм стырæй - чысылæй лæмбынæг хъуыстой.
- Абон уæм æрбацыдыстæм, цы ирон адæмы æгъдæутты скъола сарæзтон, уый ахуыргæнинæгтимæ. Цыппор адæймаджы сты æдæппæтæй, ныр цæттæ кæнын æстæм рауагъд, æмæ мæ фидарæй уырны, цы зонындзинæдтæ райсой, уыдон дарддæр дæр царды кæй ахæццæ кæндзысты, сæ кæстæрты дæр кæй ахуыр кæндзысты, сæ бинонты’ хсæн кæй уыдзæн фарн. Алы къорд дæр фыццаг лекцимæ куы ‘рбацæуынц, уæд нæ ныхас вæййы мыггаджы тыххæй. Алы æрыгон адæймаг дæр хъуамæ зона йæ мыггаджы истори, чи сты йе ‘рвадæлтæ, иу артæй дих, цавæр комæй рацæуæг сты. Хъыгагæн, бирæ хистæртæ сæ цотæн уыдæттæ нæ амонынц, цард та бирæвæрсыг у, æмæ æрыгæттæ куы нæ зоной, чи у сæ туг, се стæг, уæд рæдигæ дæр фæкæнынц.
Фæдзурæм ирон уæздандзинады тыххæй, цины æмæ марды ‘гъдæуттыл, арфæ куыд ракæнын хъæуы, зианы – тæфæрфæс, цы у уайсадындзинад æмæ а.д. Иуæй-иу хатт фехъусæн вæййы, сæр æмæ бæрзæй цæмæ хъæуынц фынгыл, иуæй- иу хистæртæ фæхъаст кæнынц, ацы стджытæ мын мæ разы цæмæ сæвæрдтай, зæгъгæ. Нæ чындзæхсæвты фæсивæдмæ куы кæсай, уæд кæрæдзийы сæрты ратæррæст кæнынц кафынмæ, хистæр кафы, зæгъгæ, уæд æй къæхты бын фæкæнынц. Æрæджы Цæцæны Республикæйы уыдыстæм фестивалы, уым хъасты нæ лæппутæ сæ рохтæ тыдтой кафынмæ. Æз чегъремæ бацыдтæн, загътон ын, мах дæр фæнды нæ арæхстдзинад бавдисын, зæгъгæ, æмæ мын уæзданæй дзуапп радта, уæ рад, дам, куы ‘рхæццæ уа, уæд акафдзыстут. 40 минуты нæ æнхъæлмæ кæсын бахъуыд. Мах хъасты та ныртæккæ чегъре дæр нал ис, кæй куыд фæнды, афтæ рагæпп кæны, алкæмæн дæр дзы бынат ис кафты сæ лæджыхъæд бавдисынæн, зæгъгæ.
Уæдæ фылдæр æфсинтæ, рæстæг нын нæй, зæгъгæ, сæ хæдзары æртæ кæрдзыны нал кæнынц, фæлæ сæ дуканиты азаказ кæнынц, лæгтæ бойнæмæ балидзынц æмæ, тыхмардæй цы стуртæ амарынц, уыдоны æртæ фæрсчы алхæнынц. Сыхы исты хабар куы вæййы, уæд сæ сывæллæттæн цу æмæ фæкæс нæ зæгъынц, фæлæ сæ уынгмæ дæр нал ауадзынц, мах уым ницы хъуыддаг ис, æххуырст никæмæн стæм, зæгъгæ. Худинаг у хи афтæ дарын ирон лæгæн, афтæмæй æгъдау сæфгæ кæны.
Валери ныхасы бар радта йæ хъомылгæнинæгтæн дæр. Æрыгон лæппутæ æмæ чызджыты фæнды нæ фыдæлты рæсугъд æгъдæуттæ базонын, цы у сæ мидис, цæмæ æвæрынц цины фынгыл æртæ кæрдзыны, зианы фынгыл та – дыууæ, уæливыхтæ кæнгæйæ сæ фæлдахын цæуылнæ æмбæлы, сæр æмæ бæрзæй цы амонынц, ирон æгъдæуттæ æмæ традициты бирæ æндæр сусæгдзинæдтæ. Уыцы фæсивæд дæр сæ ахуыргæнæгау радзырдтой ирон рæсугъд æнаипп æвзагæй, адæймаджы зæрдæ дзы барухс. Æвзæрæй сын тас нæу, æнæмæнг, Валери цы хъуыддагыл йæхи хъары, ууыл зæрдиагæй кусдзысты уыдон дæр.
Кæронбæттæны Абийы-фырт стыр арфæ ракодта хистæртæн, фембæлд бацæттæгæнджытæн, стæй зæрдæ бавæрдта, кæй та бабæрæг кæндзæн хæстæгдæр фидæны Беслæныхъæу.
"Вестник Беслана"
Комментарии:
Комментарии к данной записи отсутствуют
Добавить комментарий