Главная - Новости Беслан

13/11/2015 Джеоргуыбайы хорзæх уæд  ирон адæмы!

Ирон адæм сæ равзæрдæй абонмæ сæ цард сбастой дунейы æппæт хъомысджындæр Стыр Хуыцау, зæдтæ æмæ дауджытимæ. Дзуæрттæй сæм хæстæгдæр у Уастырджи. Хауы, ирон дзыллæйæ кадджындæрæн цы авд дзуары равзæрстой, уыдоны номхыгъдмæ. Уастырджийы бархъомыс æххæссы дæрдтыл, у нæлгоймæгтыл аудæг, мæгуыртæн æххуысгæнæг, хæстонты уæлахизгæнæг, бæлцæтты фандарастгæнæг, кæстæрты раст фæндагыл æвæрæг. Æмæ йын уымæн ирон адæм стыр кад æмæ нымд кæнынц. Сылгоймæгтæ йын йæ ном дзурын уайсадгæ кæнынц æмæ йæ хонынц Лæгты Дзуар. Циндзинады дыккаг гаджидау хистæр, лæугæйæ, уымæн рауадзы Уастырджийы номыл. Ирыстоны ахæм хъæу, ком нæ разындзæн, æмæ дзы Уастырджийы номыл найфат ма уа. Се ’ппæтæй зындгонддæр кувæндæттæ сты Къоба Уастырджи, Десы Уастырджи, Хетæджы Уастырджи, Дзывгъисы Уастырджи, ХурХоры Уастырджи æмæ æндæртæ. Йæ кувæн бонтæ æппæт Ирæн афæдзы дæргъы вæййынц сусæны æмæ ноябры мæйты.

Ацы аз 22 ноябры уыдзæн галæргæвдæн хуыцаубон. Джеоргуыбайы бæрæгбон райдайдзæн (Уастырджимæ кувæн къуыри) 23 ноябры æмæ ахæсдзæн 29 ноябрмæ, 30 ноябры та уыдзæн йæ фæндарастгæнæн (æрвитæн) бон.

Зæрдыл дарын хъæуы, ноябры мæйæн ма ноджыдæр дыууæ номы кæй ис. Джеоргуыбайы мæй, бæрæгбон ацы мæй кæй бæрæг кæнынц, уый тыххæй, стæй чындзæхсæвты мæй дæр, ацы мæйы бæркадджын фæззæджы чындзæхсæвтæ кæй арæзтой, уый тыххæй.

Æрымысын ма, нæ фыдæлтæ куыд бæрæг кодтой ацы каджын бæрæгбон. Ирон адæм-иу сæ фæззæджы куыстытæ куы фесты, куы бафснæйдтой сæ хортæ, куы æрцæттæ кодтой сæ фосæн холлæгтæ, уæд-иу алчидæр бæллыд Джеоргуыбайы къуыримæ, дзуæрттæм бакувдзынæн, мæ фæллад суадздзынæн æмæ дзæбæх ацæрдзынæн, зæгъгæ.

Бæрæгбон бæрæг кодтой иууылдæр, хохæй-быдырæй, мæгуырæй-хъæздыгæй, пысылмонæй-чырыстонæй. Алы хæдзар дæр йæхи цæттæ кодта бæрæгбонмæ. Рагацау уагътой арахъхъ, бахсыстой-иу бæгæны, стæй-иу иуæй-иу хæдзæрттæ галтæ снывонд кодтой, инæтæ та – фыртæ. Галтæ æмæ фыртæ уый тыххæй нывонд кодтой, æмæ, дам, Уастырджийæн ацы кусæрттæгтæ уæлдай барст вæййынц, нæлтæ кæй сты, уый тыххæй. Кодтой хъæубæстæ хъæугуывдтæ дæр. Уый тыххæй кодтой къусбар, фыхтой бæгæны, уагътой арахъхъ, стæй сæм уыд нывонд гал дæр. Уыцы гал хызт рæгъауы, стæй фысым цы сых уыдысты, уыдон æй радыгæй хастой, алы хæдзар дæр къуыри, æмæ-иу гал тынг снард. Бæрæгбоны-иу æй Уастырджийы кувæндоны бын акусарт кодтой. Алы хæдзар дæр найфатмæ цыд кувæггæгтимæ. Бадты хистæр куывта бæгæны æмæ кусарты базыгæй. Адæм иууылдæр бæгъæмсарæй лæууыдысты, æмæ хистæры куывдтытæн иумæйагæй кодтой «оммен». Стæй хистæр кувæггаг ацаходынмæ лæвæрдта, йæ рахизфарс цы кæстæртæ лæууыд, уыдонмæ. Дыккаг гаджидау уагъта Уастырджийы номыл, æртыккаг гаджидау та сæрмангондæй цыд Джергуыбайы бæрæгбоны фæдыл. Фынгæн йæ рахизфарс æд цайдантæ лæууыдысты уырдыглæуджытæ æмæ лæггад кодтой куывддон адæмæн. Фасбадт уырдыглæуджытæ алы тæбæгъы дæр æвæртой, кувинæгтæй цы хæрд, нозт, баззад, уыдонæй хæйттæ, хуыйнынц фæдзæхсæн, кæй номыл конд уыдысты, уыцы зæд сыл бафтауы йæ фарн кувæндоны бын, æмæ кувæндоны чи нæ уыд хæдзары бинонтæй, уыдонæй хъуамæ алчидæр сахода кувинæгтæй, цæмæй йын дзуар ахъаз кæна. Ныры заман Джеоргуыбайы бæрæгбоны кад ноджы фæбæрзонддæр, кад æмæ йæ радимæ бæрæг кæнынц Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны цæрджытæ. Зæгъын хъæуы уый æмæ нæ республикæйы цы æндæр адæмыхæттытæ цæры, уыдоны цæсты дæр у бæрзонд бынаты æвæрд æмæ йæ иуæй- иутæ зæрдæрайæ сбæрæг кæнынц.

Кæд зын цæрæн ссис ныры рæстæг, уæддæр алы хæдзар дæр йæхицæн хæсыл банымайы, цæмæй бæрæгбоныл нывыл уагыл сæмбæла. Бирæтæн сæ къухы кусарт акæнын куы нæ бафты, уæддæр æртæ кæрдзынæй сæ уæлæ физонæг, æмæ бæгæныйæ ссарынц Стыр Хуыцау, Уастырджи, зæдтæ æмæ даджыты нæмттæ.

Цы кувинæгтæ æрцæттæ кæной ирон адæм, уыдон барст уæнт Уастырджийæн. Нæ кæстæртæ Уастырджийы уазæг уæнт, сæ уæнг рог куыд уа, сæ арм - дзаг, фыдбылызæй хызт, амондæй æххæст, уый сын Уастырджийы цæст бауарзæд!

ХÆМЫЦАТЫ Раман, ÆÆЗ «Иры Стыр Ныхас»-ы ирон æгъдæутты комитеты уæнг, Рахизфарсы районы Ныхасы ирон æгъдæутты комитеты сæргълæууæг.

 

Комментарии:

Комментарии к данной записи отсутствуют

Добавить комментарий

Имя:  

Уведомить меня о новых комментариях