
Главная - Новости Беслан
12/11/2014 Джеоргуыбайы хорзæх нæ уæд!
Ирон адæмæн рагæй дæр сæ цард баст у дзуæрттимæ, царды сын алы къабазы дæр ис йæхи зæд, йæхи бардуаг. Се ‘хсæн уæлдай кадджындæр бынат ахсы Уастырджи – нæлгомæгты бардуаг, бæлццæтты фæндарастгæнæг, хæстонты уæлахизгæнæг, мæгуыртæн æххуысгæнæг, кæстæрты раст фæндагыл аразæг. Ирон лæг бынаты, стæй фæндагыл цæугæйæ дæр йæхи Уастырджийыл ма бафæдзæхса, уымæн уæвæн нæй.
Ирон адæм сæ фæззæджы куыстытæ куы бакæнынц, куы сæдыхст вæййынц, уæд сын сæ афæдзы фæллæйттæй ноябры мæйы куывдтæ æмæ чындзæхсæвтæ кæнынæн рæстæг фæвæййы. Ацы мæйы алы ирон хæдзар дæр фæбæрæг кæны Джеоргуыбайы бæрæгбон, хонынц ма йæ Уастырджимæ кувæн къуыри дæр. Джоргуыба у ирон адæмы сæйрагдæр æмæ кадджындæр бæрæгбæттæй иу, кæцы иу кæны нæ адæмы, фарн сыл æфтауы, фидардæр кæны не ‘гъдæуттæ æмæ традициты хъомыс. Бæрæгбон бæрæг кæнынц хохæй-быдырæй, чырыстонæй – пысылмонæй, мæгуырæй-хъæздыгæй. Нæ фыдæлтæ Уастырджийы номыл нывонд галтæ æргæвстой хуыцаубоны. Къуырисæры та алы хæдзар дæр кодта фыс-кусарт. Уастырджийы æхсæв æргæвст кусартæй куывд ничи кодта, алы хæдзары бинонтæ дæр-иу се ‘ртæ кæрдзыны кусарты физонæгимæ скуывтой сæхæдæг æмæ-иу Уастырджийыл сæхи бафæдзæхстой.
Дыццæджы (Уастырджийы бон) кодтой хъæугуывдтæ. Куывдæн фысым цы сых уыд, уыдон кодтой къусбар, фыхтой бæгæны, уагътой арахъхъ, стæй сæм уыд нывонд бæзнаг гал дæр, æмæ-иуæй акусарт кодтой, афтæмæй арæзтой хъæугуывд. Куывдмæ цыдысты хъæубæстæ иууылдæр чысылæй-стырæй, алы хæдзар дæр хаста хуын – æртæ кæрдзыны, бæгæны, йе та арахъхъ. Куывды кæрон-иу уырдыглæуджытæ алы тæбæгъы дæр æвæрдтой нозт æмæ галы фыдызгъæлæй хай – уый хуынди фæдзæхсæн. Ацы фæтк конд цыд уый тыххæй, цæмæй хæдзары бинонтæй куывды чи нæ уыд, уыдон дæр кувинæгтæй саходой, цæмæй цы зæд, цы дауæджы номыл конд æрцыдысты, уый сыл йæ фарн бафтауа. Уый уыд ивгъуыд дуджы.
Ныры заман бæрæгбоны кад дæлдæр нæ, фæлæ ма ноджы бæрзонддæр ист æрцыд, - куыд Цæгаты, афтæ Хуссары дæр сси иумæйаг национ бæрæгбон. Кæд раздæрау бирæты къухы не ‘фты сæрмагонд кусарт акæнын бæрæгбоны фæдыл, уæддæр алы хæдзар дæр балхæны стуры, кæнæ фысы æртыгай фæрсчытæ æмæ сæ се ‘ртæ кæрдзынимæ скувынц Стыр хуыцау, Уастырджи, зæдтæ æмæ дауджытæм. Сыхбæстæ æнæхъæн къуыри кæрæдзийы хæдзæртты фæбадынц бæркадджын фынгтыл, табу фæкæнынц Устырджийæн. Мæнмæ гæсгæ, рæдыд нæ уыдзæн, иухатт ма нæ зæрдыл куы ‘рлæууын кæнæм Джеоргуыбайы бæрæгбоны фæтк, уæд:
1.Джеоргуыба (Галæргæвдæн хуыцаубон) – ноябры 16-æм бон – хуыцаубон;
2.Уастырджимæ кувæн æхсæв – 17-æм бон, къуырисæры изæрæй;
3.Уастырджимæ кувæн къуыри - 17 -23-æм бонтæ;
4.Уастырджийыл хи фæдзæхсын – 23-æм бон, хуыцаубон;
5.Уастырджийы фæндарастгæнæн (æрвитæн) æхсæв – 24-æм бон, къуырисæры изæрæй.
Æнæхъæн къуыри Уастырджи Иры зæххыл фæуары Хуыцауы хæрзтæ ирон адæмæн. Йæ фæндарастгæнæн æхсæв, йæ сыгъзæринбазыр бæхыл куы сбады, уæд ма, дам, æртæ касты фæкæны ирон адæммæ æмæ сын ракæны æртæ хорзæхы: сабырдзинад, æнæниздзинад æмæ æнæфыдбылыздзинад.
Джеоргуыбайы хорзæх нæ уæд, Уастырджи ирон адæмæн цы арфæтæ ракæндзæн, уыдон ныл дзæбæх, æнæнизæй æрцæуæнт! Уастырджи у лæгты бардуаг, æмæ Ирыстон лæгхъуаг куыд никæд суа, ахæм амонд нæ уæд! Нæ кæстæртæ де уазæг, Уастырджи, дæ рахиз къабазы бын сæ куыд дарай, фыдбылызæй хызт куыд уой, амондæй æххæст, уый сын дæ цæст бауарзæд!
ХÆМЫЦАТЫ Раман, ÆÆЗ «Иры Стыр Ныхасы» Рахизфарсы районы хайады æгъдæутты комитеты сæрдар.
"Вестник Беслана"
Комментарии:
Комментарии к данной записи отсутствуют
Добавить комментарий