Главная - Новости Беслан

10/12/2014 Æрлæууæм иу æгъдауы бындурыл

Æрæджы ÆÆЗ «Иры Стыр Ныхас»-ы районы хайады æгъдæутты комитеты уæнгтæ æрбамбырд сты, дзуаппон-æвзарон конференцийы фæстæ, сæ фыццаг æмбырдмæ. Байгом æй кодта хайады сæрдар Томайты Савелий. Уый загъта:

— Мæнмæ гæсгæ, абон ам иу адæймаг дæр ахæм нæй, æмæ Ирыстоны сомбоныл чи нæ тыхсы. Нæ сæйраг мæт та сты нæ фæсивæд. Абон барад ис мах къухы, махæй — хистæр фæлтæрæй — аразгæ у нæ кæстæрты фидæн, цæмæй ма цудой нæ традицитæ, культурæ æмæ мадæлон æвзаг, ма хæлой нæ фыдæлтыккон рæсугъд æмæ фидауц æгъдæуттæ. Цæмæй нæ рæзгæ фæлтæрæй ма рох кæной фыдæлты хæстон æмæ фæллойадон æнтыстдзинæдтæ, традицитæ, уарзой Фыдыбæстæ, аккаг аргъ кæной хистæртæн.

Цард куыд ивгæ цæуы, афтæ махæн дæр нæ хæстæ фылдæрæй-фылдæр кæнынц. Æгъдæутты комитеты уæнгты размæ тынг бæрнон хæстæ æвæрд ис. Æмæ мах Хæмыцаты Раманы дзæгъæлы нæ равзæрстам комитеты сæрдарæй. Раман рагæй дæр тынг зæрдиагæй кусы не 'гъдæуттыл. Æрмæст районы нæ, фæлæ ма суанг республикæйы га- зетты фæрстыл дæр арæх мыхуыргонд цæуынц йæ мидисджын æрмæджытæ. Йæ алыварс æрбамбырд кодта йæхи хуызæн бæрнон адæм, æмæ нæ ныфс ис, ацы куыст нывыл кæй ацæудзæн. Ныр та йын байхъусæм йæхимæ.

— Абон не 'мбырды архайынц нæ районы зындгонд, кадджын, куырыхон зондыл хæст хистæртæ, — йæ ныхас райдыдта Хæмыцаты Раман. — Нæ размæ рахастам дыууæ фарстайы: «Нæ ирон æгъдæутты æвæрццаг æмæ æппæрццаг æууæлтæ», стæй ног бæрæгуат «Чындзхаст, чызгæрвыст æмæ марды æгъдæуттæ»-йы ахадындзинад иу æгъдаумæ рахизыны фарстаты».

Раст зæгъы Савелий, цæмæй нæ фæсивæд ма рæдийой, уый тыххæй не 'гъдæуттæм фылдæр æргом аздахын хъæуы. Бирæ рæтты сæ ныггалиутæ кодтам, æмæ уыцы рæдыдтæ афоныл куы нæ аиуварс кæнæм, уæд фылдæрæй-фылдæр кæндзысты. Ирон адæмæн бантыст сæ диссаджы æвзаг æмæ æгъдæуттæ бахъахъхъæнын æмæ цæмæй фидардæр æмæ рæсугъддæр кæной, уый тыххæй мах хъуамæ нæхи ма дихтæ кæнæм – дыгурон, ирон, къуыдайраг, пысылмон æмæ чырыстæттыл. Мах иу адæм стæм, æмæ нæм хъуамæ уа иу æгъдау, иу уаг.

Нæ кæстæрты ахуыр кæнын хъæуы æфсармыл, нæ ирон æгъдæуттыл, раст фæндагыл сæ аразæм, цæмæй нæм ма уа нозт æмæ хъылма уарзджытæ, фыдбылыз хæсджытæ, уæд Ирыстоны цард æмæ кад домбайæ-домбайдæр кæндзысты.

Сусæггаг никæмæн у, кæстæртæ ахуыр кæнынц хистæртыл, æмæ махæн нæхи æвдисын хъæуы, куыд æмбæлы, афтæ. Кæстæр фæлтæры аразын хъæуы, цæмæй размæ тырной ахуырады къæпхæнтæм.

Махмæ бирæ хорз æгъдæуттæ ис. Адæм кæрæдзимæ цæуынц, сæ цæхх æмæ кæрдзын дих кæнынц. Хуыцаумæ кувынц æмæ дзы хорздзинæдтæ курынц.

Фæлæ чындзæхсæвтæ æмæ марды кæндтытæ æрмæст хæрын æмæ нуазыны тыххæй не сты. Уыдон сты не 'гъдау, нæ фидауц æмæ уæздандзинады æвдисæнтæ.

Алы адæймаг дæр хъуамæ йæхи æвдиса æгъдауджынæй, хиуыл хæцын хъæуы хæрд æмæ нозтæй. Нæ фыдæлтæ-иу куывдмæ куы цыдысты, уæд-иу сæ хæдзæртты бахордтой, фынджы уæлхъус фыдхæрд ма кæнон, зæгъгæ, цыдысты йæм æгъдау равдисыны фæдыл.

Дарддæр Раман йæ раныхасы радзырдта фынджы æгъдæуттæ растдæр куыд кæнын хъæуы, цы сты сидтытæ, цы амонынц арфæйы нуазæнтæ, куыд хъуамæ сæхи дарой уырдыглæууæг, стæй кæстæртæ. Йæ ныхасы кæронбæттæн Раман бахахх кодта, уыцы фæзилæнтæй алкæцыдæр тынг ахъаз кæй у фæсивæды хъомыладон куысты.

— Раман раст зæгъы, — ныхасы бар райста Зилгæйы хъæуы «Ныхас"-ы сæрдар Хъариаты Тугъан. — Не 'мбæлы зыдхæрд æмæ расыг кæнын. Хъусын хъæуы, демæ фынгыл цы адæм бады, уыдонмæ. Кад дæттын хъæуы хистæртæн дæр æмæ кæстæртæн дæр. Нæлгоймаг хъуамæ хъуыды кæна афтæ: мæнмæ кæсынц адæм, уæлдайдæр та кæстæртæ, æмæ мæхи равдисон æгъдауджынæй, цæмæй мыл макæй зæрдæ фæхуда, уадз æмæ мæнæй исты хорздзинад райсой.

Нæ кæстæртыл бирæ хæс æвæрд ис, уыдон сты нæ райсомы цард- аразджытæ. Сæ сомбон у хъуыдыйаг. Æцæгæйдæр нæм фæстаг рæстæджы уырдыг лæууæг нал фендзынæ, æмæ уый раст нæу. Цыфæнды фынгæвæрды бадты дæр уый хъуамæ лæууа адæмы раз. Уый тыххæй кæстæртæн тæригъæд кæнын нæ хъæуы. Хъæуы сæ ахуыр кæнын, уымæн æмæ сомбон уыцы кæстæр йæхæдæг баддзæн хистæры бынаты. Куывды фынджы хистæрæн сбадын кæнын хъæуы карджын, арæхстджын æмæ æгъдау хуыздæр чи ратдзæн, ахæм лæджы.

Кцойты Гермæн куыд загъта, афтæмæй Хуыцаумæ æмæ зæдтæм кувын хъæуы сыгъдæгзæрдæйæ.

— Æрмæст уыцы куывдтæй арæх саразæм арвистон, — загъта Гермæн. — Нæ хъæуы ерыс кæнын фылдæр баназын æмæ бахæрынæй, æгъдаухалæн митæ кæнын, уæд кæрæ- дзимæ нал фæхъусæм, кæрæдзийæн аргъ нал фæкæнæм, æмæ иуæй-иутæй рауайы загъдкъахæг æмæ æгъдаухалджытæ...

Адæмы йæ куывдмæ чи хоны, уый хуынд адæмæй æхца ма исæд, йæ цæхх æмæ йæ къæбæр ма уæй кæнæд. Ирон адæм сæ кæрдзын, сæ бæркад уæй никуы кодтой.

Дыккаг фарстайы фæдыл: «Ног бæрæгуат «Чындзхаст, чызгæрвыст æмæ марды æгъдæуттæ»-йы ахадындзинад иу æгъдаумæ рахизыны фарстаты» радзырдта Дзуццаты Чермен:

— Хъыгагæн, ирон адæмы æгъдæуттæ схæццæтæ сты. Махæн нæ хæс у лæмбынæгдæрæй сæм æркæсын. Нæ фыдæлтæй нæм цы фарн, цы æгъдæуттæ баззад, уыдонæй аппаринаг ницы ис, мах дзы иу дæр нæ фауæм. фæлæ дзы нæхи аххосæй фæзынд, чи нæ хъæуы, худинаг нæ чи кæны, ахæмтæ. Афтæ дарддæр куы ахæсса, уæд нæ хорз ирон æгъдæуттæ суыдзысты хъазинаг, æмæ нæ адæм кæрæдзийы не 'мбардзысты. Махмæ рæзы тынг дзæбæх фæсивæд, фæлæ сæ мах сæхи бар ауагътам, нæ сæ ахуыр кæнæм. Рохуаты сæ ныу- уагътам. Сæ иуæй-иутæ хъылма æмæ карз нозты бын фесты. Абон махæн нæ хæс у, цæмæй не 'ргом раздахæм нæ кæстæртæм, ахуыр сæ кæнæм раст фæндагыл аразыныл.

Æмбырды ма радзырдтой Кокайты Хъазыбег, Куыдзиаты Таймураз, Туаты Эльбрус. Æмбырды архайджытæ рахастой уынаффæ:

Доклады цы æппæрццаг фарстатыл ныхас цыд не 'гъдæутты фæдыл, уыдон хъуамæ цардæй иппæрд æрцæуой, æмæ æрлæууæм иу ирон æгъдауы бындурыл.

Мауал кæнæм мæрдæхсæвæртæ.

Зианы сабæттаг дæттæм æрмæст хæрнæджы бон, йæ къух кæмæн куыд амоны, афтæ.

"Жизнь Правобережья"

 

Комментарии:

Комментарии к данной записи отсутствуют

Добавить комментарий

Имя:  

Уведомить меня о новых комментариях