Главная - Новости Беслан

10/11/2015 Биноныг ныхас риссаг фарстатыл

Ивгъуыд майрæмбоны Рахизфарсы районы Ныхасы хъæппæрисæй арæзт æрцыд уæрæх æмбырд БМК-йы поселочы бирæуæладзыгон хæдзæртты цæрджытимæ. Архайдтой дзы районы Ныхасы сæрдар Томайты Савели, районы ветеранты Советы сæрдар Калоты Анатоли, районы сылгоймæгты Советы сæрдар Цъыккаты Зарæ, Ныхасы сылгоймæгты комитеты сæргълæууæг Бургалаты Заремæ, ацы рæнхъыты автор, Ныхасы ирон æгъдæутты комитеты уæнгтæ Хъариаты Тугъан, Кцойты Гермæн, Кокайты Хъазыбег, Туаты Эльбрус, Къубалты Зинæ æмæ барадхъахъхъæнджыты минæвар Гогаты Олег.

Æмбырды боны фæткы уыдысты фарстатæ: зианы æгъдæуттæ (бæрнон – ацы уацхъуыды автор); фæсивæды хъомыладон фарстатæ (Гогаты Олег). Мадзал байгом кодта æмæ йæ амыдта Томайты Савели. Мæнæн ныхасы бар радта, æмæ бындæр æрхæсдзынæн мæ доклад цыбырæй:

- Нæ фыдæлтæ нын суанг æнустæй абоны онг цы æгъдæуттæ ныууагътой, уыдон сты нæ сæйраг хæзнатæ, æмæ сæ бахъахъхъæнын, кæстæртæн сæ рæсугъдæй адæттын у нæ алкæйы хæс дæр. Цард цæуы æмæ йемæ ивддзинæдтæ хæссы. Зæгъæм, нал нæм ис ирæд исыны, туг исыны æгъдæуттæ. Цард сæ йæхæдæг аиуварс кодта, уымæн æмæ сæ ницавæр мидис æвæрд уыдис. Адæм æгъдæуттæ сæхæдæг сæхицæн æвæрынц, халгæ дæр сæ сæхæдæг кæнынц. Мингай азты дæргъы нæ фыдæлтæ циндзинады куывтой æртæ кæрдзынæй, дыууæ кæрдзынæй та кодтой мардæн хæлар. Ныры дуджы чидæртæ не 'гъдæуттæм сæхи æнæбындурон ивддзинæдтæ хæссынц, ирон æгъдауы мидис цæй мидæг ис, уый зонгæ нæ, фæлæ йæ рыджы дæр чи нæ бауад, ахæмтæ. Зианы фынгыл хистæры раз æвæрын кæнынц æртæ кæрдзыны, афтæмæй не 'гъдæутты мидис хæлд цæуы. Цины фынг зианы фынгæй нал иртасынц æмæ сæ афтæмæй куырмæджы æххæст кæнынц.

Æз бирæ чингуытæ бакастæн не 'гъдæутты фæдыл, æмæ алы автор дæр иу æгъдау йæхи 'рдыгонау иртасы. Уый тыххæй æрхæсдзынæн хуымæтæг дæнцæг. Циндзинады алы æгъдау дæр хъуамæ æххæстгонд цæуа æнæкъайæ –æртæ кæрдзыны, æртæ фæрсчы, æртæ нуазæны, зианы та къæйттæй -дыууæ кæрдзыны, дыууæ фæрсчы, дыууæ нуазæны. Ацы фæткæвæрд иуæй-иу автортæ сæ чингуыты схæццæ-мæццæ кодтой, æмæ адæм æддæг-мидæг ауадысты, ныссуйтæ, ныдздзæгъæлтæ сты æмæ кæцы æгъдау æххæст кæной, уый рæстмæ нал хатынц. Мæ миддунейы сæвзæрд ахæм фарста: кæд цины æмæ зианы дæр æртыгай кæрдзынтæ æвæрын хъæуы хистæры раз, уæд дыууæ кæрдзыны та цавæр фынгыл æвæрæм?

Зæгъын хъæуы уый, æмæ цалынмæ хистæр рухсаджы рæгъ рауадза, уæдмæ фынгмæ æвналын (саходын) нæ фæтчы. Уый стыр аиппыл нымад у. Нæма рацæуы рухсаджы рæгъ, афтæмæй иуæй –иутæ цæрдæг февналынц сæ цыргъ кæрдтæй æмæ фыдызгъæл лыг кæнынмæ фæвæййынц, уыдон, дам, раджы ныххæлар кодтой къæбицы.

Гогаты Олег:

- Мах, пъæлицæйы хайады кусджытæ, архайæм, цæмæй нæ районы фæсивæд къаддæр рæдиой, фыдбылызæй хызт уой. Фæлæ нæ уыцы архайды хъæуы куыд ныййарджыты, афтæ æхсæнады æххуыс дæр. Алы ныййарæг дæр йæ кæстæртæм цæстæнгас куы дарид, уæд фыдракæндты нымæц уаид къаддæр. Фæлæ, хъыгагæн, афтæ дæр арæх рауайы, æмæ бинонтæ сæ хъомыладон хæстæ иууылдæр скъолайы æвджид бакæнынц. Афтæмæй сывæллон уæгъды аззайы ныййарджытæ æмæ скъолайы æхсæн æмæ ныллæууы рæдыд фæндагыл – кæм тамако дымын райдайы,кæм карз нозтыл фæцалх вæййы æмæ афтæмæй йæ фидæн кæуинаг свæййы.Тырнын хъæуы уымæ, цæмæй скъола æмæ ныййарджыты 'хсæн æнгом бастдзинад ныффидар уа, уый ахъаз уыдзæн хъомыладон куыст уæлдæр æмвæзадмæ сисынæн дæр.

Бургалаты Заремæ:

- Цыппор азæй фылдæр бакуыстон адæмон ахуырады æмæ мын хъомылады фарстатæ æнæзонгæ не сты. Фæсивæд уындæй куыд алыхуызон сты, афтæ алыхуызон у сæ миддуне дæр. Æмæ ахуыргæнæджы сæйрагдæр хæс уый мидæг ис, цæмæй алыхуызон мадзæлтты фæрцы ссара фæндаг скъоладзауты зæрдæмæ. Кæстæртæ тынг фæзмынц хистæрты, ныййарджыты, уымæ гæсгæ хъуамæ мах, хистæртæ, уæм фæзминаг. Цард размæ цæуы, æмæ нын рæстæг нæ размæ цы фарстатæ æвæры, уыдонмæ куыдфæндыйы цæстæй кæсæн нæй. Ахуыргæнджытæн сæ сæйрагдæр хæс у ахуырдзаутæн зонындзинæдтæ дæттын, хъомыладон куысты фылдæр хай та хъуамæ ныййарджытæ æххæст кæной.

Калоты Аналоли:

- Ахæм æмбырдтæ арæхдæр аразын хъæуы нæ горæты æмæ хъæуты дæр. Мах нæ сыхбæсты арæх æрæмбырд вæййæм æмæ æргом ныхас фæкæнæм, нæ зæрдæмæ чи нæ цæуы,ахæм хъуыддæгтыл.Фæдзурæм сыгъдæг ирон æвзагыл, æмæ нын уый фадат дæтты нæ мадæлон æвзаг хъахъхъæнынæн. Нæ сыхы исчи мæрддзыгой куы фæцæуы,уæд хæдзар фынг нал æвæры. Зианы рæстæг сæр æмæ бæрзæймæ дыккаг бон сыхæгтæ нал æмбырд кæнынц.

Хъариаты Тугъан:

- Нæ фыдæлтæ нын цы ‘гъдæуттæ ныууагътой, уыдон сæхи бар ауадзæн нæй, кусын сыл хъæуы æрвылбон,кæннод бонæй-бонмæ ивгæ кæны сæ бындур. Хæрнæджы кæстæртæ сæхимæ карз нозтæй æгæр куы фæкæсынц,уæд нозтджынæй сæ бон нывыл æгъдау радтын нал вæййы. Æмæ уый ирон лæппуйæн кады хос нæу. Нал ис нæ фынджы уæлхъус уырдыг лæууæг, æмæ уый æвзæрырдæм зыны не ‘гъдæуттыл. Уырдыглæууæг куы нæ уа фынджы уæлхъус, уæд хистæрæн йæ бон нæу иу æгъдау дæр нывыл скæнын. Æмæ ацы стыр рæдыд иууылдæр хауы махмæ, хистæртæм. Афоныл æм цæстдард не р‘цыд, æмæ нæ къухæй ахауд.

Хуыбецты Ким:

- Хæдзары бинонтæй исчи йæ рухс дунейæ куы ахицæн вæййы,уæд уый æвирхъау хабар у. Раджы заманты-иу зианыл сылгоймагæй-нæлгоймагæй дардтой сау, суанг афæдзы уонг. Уый стыр кадыл нымад уыдис, канд зианæн нæ,фæлæ саударæгæн дæр. Ныры рæстæг афæдз сау ничиуал дары. Иутæ сæ сабатизæры сисынц, иннæтæ та дыууиссæдзæм боны. Куы кæсай,уæд æрыгон лæппу, сау, дам, дарын, зæгъгæ, йæхæдæг саубынырасыг, йæ уæрджытæ йæ быны фæтасынц,йæ къæхтыл ма тыххæй фæлæууы.Уæдæ нæ сылгоймæгтæй дæр сæ иутæ урс дарæс скæнынц,сæ былтæафтæтынг сахорынцæмæ дардмæ тæмæнтæ фæкалынц. Уый цавæр саудард у?

Томайты Савели:

- Зæрдæ райы, фæстаг азты хъомыладон фарстатæм биноныг цæстæнгас дарын кæй райдыдтам, уымæй. Ацы фарстайы сæйраг бынат ахсынц ныййарджытæ. Уыдон хæдзары цы ‘гъдауылхæст уой, ахæм уагыл уыдзысты сæ кæстæртæ дæр. Нывыл уавæры не сты нæ зианы æгъдæуттæй сæ кæцыдæртæ. Ныр цалдæр азы тох кæнæм мæрдæхсæвæримæ, уымæн æмæ уый мардæн ницы ахъаз у, хæдзарæн зиан цы ‘рхæссы, æндæр. Зианджыны фарсмæ æрбалæууын, йæ хъыг,йæ сагъæс ын фæкъаддæр кæнын – уый алы ирон адæймаджы хæс дæр у. Æмæ ингæнкъахджытæн, стæй фыдæбонгæнджытæн дæр сæрмæ хæссинаг нæу лæвæрттæ исын зианджын хæдзарæй. Зианы алы æгъдауæн дæр ис йæхи фæтк, æмæ йæ афтæ куы нæ кæнæм,уæд нæ ирон æгъдæутты бындур хæлгæ кæны, нæ ирондзинад та - сæфгæ. Ныууадзæм зианы рæстæг къухтæ исын, хъæбыстæ кæнын, уымæн æмæ зианы фæткмæ ницы бар дарынц, хауынц циндзинадмæ,æмæ сæ уым æххæст кæнæм. Ирон адæммæ сылгоймаг зæдыл нымад у.Куыд фидауы уый, зианы фынгыл рабад æмæ карз нозтæй иу цалдæр агуывзæйы фæдæле кæн? Уый нæ сылгоймæгтæн сæ кад дæлæмæ тæры, æмæ сын зианы фынгыл сæ размæ карз нозт мауал æвæрæм.

Æмбырды ма сæ хъуыдытæ загътой Тагъаты Виктор, Цомартаты Тотраз, Дзуццаты Женя, Сакъиты Сослан æмæ иннæтæ. Кæронбæттæны районы Ныхасы фольклорон ансамбль «Æрфæны фæд»-ы архайджытæ(йæ разамонæг Къубалты Зинæ) æмбырды архайджыты зæрдæтæ барухс кодтой сæ зард, кафт æмæ фæндыры цагъдæй.

ХÆМЫЦАТЫ Раман, ÆÆЗ «Иры Стыр Ныхас»-ы ирон æгъдæутты комитеты уæнг, Рахизфарсы районы Ныхасы ирон æгъдæутты комитеты сæргълæууæг.

 

Комментарии:

Комментарии к данной записи отсутствуют

Добавить комментарий

Имя:  

Уведомить меня о новых комментариях