
Главная - Новости Беслан
10/11/2015 Хъомыладон фарстатæм стыр æргом здахынц
Куыд зонæм, афтæмæй æрæджы, куыд Уæрæсейы, афтæ нæ районы дæр сбæрæг кодтой Ацæргæ адæймаджы бон. Уый фæдыл Беслæныхъæуы цыппæрæм скъолайы сарæзтой диссаджы бæрæгбон, æрхуыдтой йæм мах дæр, сабиты нанатæ æмæ бабаты.
Æхсæзæм «а» къласы ахуырдзауты бацæттæ кодтой скъолайы директоры хæдивæг хъомыладон фарстаты Дзбойты Анжелæ æмæ сæ ахуыргæнæг Хетиты Ирмæ. Мадзал диссаджы мыдисджын рауад. Махæй йеддæмæ ма бæрæгбоны архайдтой районы ахуырады управлени æмæ иннæ скъолаты минæвæрттæ. Сабитæ хуры тынтау тæмæнтæ калдтой, дуне арфæтæ нын ракодтой, стæй равдыстой зæрдæмæдзæугæ концертон программæ – азарыдысты, акафыдысты, радзырдтой æмдзæвгæтæ, уыци- уыцитæ… Суанг ма мах дæр сцыбæл стæм æмæ нæ чи кафгæ акодта, чи та æмдзæвгæ радзырдта.
Концерт куы фæци, уæд нæ чысыл лæвæрттæй барæвдыдтой, æмæ афтæмæй æхсæзæм «а» къласы ахуырдзаутæн, нæ чысыл хуртæн, хæрзбон загътам.
Дарддæр нæ Анжелæ бахуыдта дыккæгæм къласмæ,йæ ахуыргæнæг Джерынты Маринæ. Ам дæр та федтам диссæгтæ. Хæрз чысыл сабитæ куыд дзæбæх арæхстысты æмдзæвгæтæ, æмбисæндтæ дзурынмæ! Æцæг артисттау ахъазыдысты инсценировкæйы. Уый уыд цардæй ист ныв, ныййарджытæ куыд нал хъуыдысты сæ фырты, æмæ сын сæ сывæллон зонд куыд бацамыдта, гъома, дам, сымах дæр ацы карымæ хъæуы, æмæ, дам, уæд мæнмæ дæр мацæмæ æнхъæлмæ кæсут. Ам дæр та нын диссаджы арфæтæ ракодтой скъоладзаутæ, æмæ тынг зæрдæрухсæй нæ хæдзæрттæм араст стæм.
Зæрдиаг арфæ кæнын скъолайы разамындæн, сабитæн аразынц экскурситæ, ахонынц сæ æрдзы хъæбысмæ,, сæ улæфты рæстæг сын срæсугъд кæнынц. Хъомыладон фарстатæм стыр æргом здахынц, æмæ сæ цæрæнбон бирæ, сæ хъару бонæй-бонмæ рæзæд. Мах, ныййарджытæ, бабатæ æмæ нанатæ, та сын сæ удуæлдай куыстæн аргъ кæнын куыд фæразæм, ахæм арфæ Хуыцау ракæнæд!
ЗÆНДЖИАТЫ Фирузæ, фæллойы ветеран.
"Вестник Беслана"
Комментарии:
Комментарии к данной записи отсутствуют
Добавить комментарий