Главная - Новости Беслан

08/12/2014 Фыццæгæм скъолайы Мады кадæн бацæттæ кодтой семинар…

Мад…Уый фены нæ фыццаг бахудт. Уый фены нæ фыццаг къахдзæф, нæ фыццаг фæндаг. Уый фехъусы нæ фыццаг сныхас. Йæ фæлмæн къух у æппæтæй фидардæр æнцой сабийæн. Йæ хъарм фæлмæн ныхас айсафы нæ маст, байгас кæны зæрдæйы хъæдгæмттæ, йæ мидбылхудт нæ сразæнгард кæны сгуыхтдзинæдтæм. Мадæн йæ зæрдæ зæххы къорийæ стырдæр у.

Чи ссардзæн ныййарæг мады аккаг ныхæстæ? Цы фæнды рæсугъд дзырдтæ дæр не сты фаг мады сурæт сфæлгонц кæнынмæ. Фæлæ ууыл архайын хъæуы. Æмæ фыццæгæм скъолайы бацæттæ кодтой семинар Мады Æппæтдунеон боны кадæн, кæцымæ хуынд æрцыдысты районы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæ, сæ разæй районы ахуырады управленийы методист Хъуысаты Эммæ, афтæмæй. Литературон-музыкалон композици диссаджы зæрдæмæдзæугæ рауад. Иуæндæсæм къласы ахуырдзауты цæттæдзинад бæрæг дардта, сæ ахуыргæнæг Цуциты Ритæйы разæнгард куыст ирдæй равдыстой. Урок райдыдта Мадыл зарæгæй. Скъоладзаутæ сæхæдæг сбæрæг кодтой урочы нысан æмæ темæ. Æрхастой ирон æмбисæндтæ.
Ритæ йæ цыбыр раныхасы радзырдта, Мад нæ алкæйы царды дæр цы бынат ахсы, уый тыххæй. Дарддæр - ноджы цымыдисагдæр, ахуырдзаутæ дзырдтой Баситы Мысосты, Уалыты Лавренты, Наниты Васойы, Гæбуты Гæлинæ, Хадыхъаты Фатимæйы æмдзæвгæтæ мады тыххæй, азæлыдысты зарджытæ сæрмагонд темæйыл, радзырдтой таурæгътæ. Урочы пайда кодтой техникон фæрæзтæй.
Ныййарæг мады сурæт æххæстæй равдисынæн дун-дунейы ирддæр ахорæнтæ æмæ рæсугъддæр ныхæстæ дæр фаг не сты, фæлæ иуæндæсæмкъласонтæ æмæ Цуциты Ритæ афтæ зæрдиагæй бацæттæ кодтой сæхи семинармæ, уыйбæрц диссаджы зæрдæмæхъаргæ æрмæг ссардтой, афтæ тынг аивæй йæ рахастой уазджыты размæ, æмæ уæ бауырнæд, сæ цæссыгтæ сæрфтой залы бадджытæ, Гæздæнты авд зынгхуыст æфсымæры мад Хангуассæйы хъæбатырдзинады тыххæй куы дзырдтой ахуырдзаутæ, уæд. Куыд нæ хъуамæ æрымысыдаиккой фыццæгæм скъолайы хъомылгæнинæгтæ дæс азы размæйы цаутæ, Беслæны мадæлты?.. Ацы къласæй цыппар лæппуйы уыдысты теракты, лæгсырдты къухтæй сæхи ратыдтой…
Мадзалыл зæрдиагæй куыст кæй æрцыд, уый бахахх кодтой уазджытæ æмхъæлæсæй. Вæййы арæх афтæ, æмæ ахуыргæнæг формалон цæстæй ракæсы йæ хæсмæ, урок аивгъуыйа, зæгъгæ, истытæ 'мæ ницытæй цыдæртæ саразынц. Фæлæ фыццæгæм скъолайы Цуциты Ритæ æмæ йæ ахуырдзаутæ, иу хатт дæр ма йæ зæгъын, удуæлдай куыст бакодтой, тынг зæрдæмæдзæугæ. Алчидæр дзы йæхицæн, æнæмæнг зонд райста. Хъуысаты Эммæ та урочы кæронбæттæны скъоладзаутæн загъта ахæм ныстуан:
- Ацы бон бахъуыды кæнут, æмæ уæ хæдзарæй дард куы ацæуат искæд, йе - æфсады рæнхъытæм, йе та - ахуыры фæндагыл, уæд-иу уæ зæрдыл æрлæууын кæнут ацы диссаджы ныхæстæ мады тыххæй.
Скъоладзаутæ се ‘ппæт дæр активон уыдысты, æмæ сын бузныг зæгъын хъæуы, фæлæ бынтон раппæлинаг та сты Кокайты Ирæ, Арсæгты Давид, Тумарты Дианæ, Тамбиты Давид, Гулдаты Георги æмæ Тотиты Хъазыбег. Цуциты Ритæ цæргæ Дзæуджыхъæуы кæны, фæлæ ныр 37 азы кусы фыццæгæм скъолайы æмæ йыл у æнувыд, нæ ивы йæ зæрдæ Беслæны сывæллæттыл, кæд ын алы бон æнцон нæу дыууæрдæм цæуын, уæддæр.
Къубалты Алыксандры драмæ «Æфхæрдты Хæсанæ» та уыд Цгъойты Беллæйы урочы темæ фарæстæм къласы. Ам дæр ныхас мадыл цыд,йæ диссаджы уды скондыл, йæ хъæбатырдзинадыл. Ирон царды нывтæ, фыдæлты æгъдæуттæ, худинаг, мæнгарддзинад, æхсар… Скъоладзаутæ Дауыраты Дзерассæ, Сасиаты Дзерассæ, Бибуаты Миланæ, Ногъаты Сослан, Браты Илонæ æмæ Æмбалты Илонæ æнцонæй ардтой дзуаппытæ ахуыргæнæджы фарстатæн, темæ раргом кодтой æххæстæй.



…. Æмæ байгом кодтой
этнографион музей
«Ирон хæдзар»

Урок йæ кæронмæ æрбахæццæ. Уазджытæ сæхимæ цæуынвæнд нæ кодтой, фæлæ ма сыл ноджыдæр бафтыд – скъоламæ æрбацыдысты районы Ныхасы сæрдар Томайты Савели, районы Минæвæртты æмбырды депутат Козырты Артур, районы администрацийы уынаффæгæнæг æдасдзинады фарстаты Тедтаты Эльбрус, æхсæнады минæвæрттæ районы Ныхасы уæнгтæ Кцойты Гермæн, Хæмыцаты Раман, Къубалты Зинæ. Куыд рабæрæг, афтæмæй ам, скъолайы, гом кодтой этнографион музей «Ирон хæдзар». Ацы ахсджиаг хъуыддаг цæмæй сырæзтаид, ууыл хъазуатонæй бацархайдтой Цгъойты Беллæ æмæ Гуыриаты – Цæлойты Надеждæ. Надеждæмæ стыр фæлтæрддзинад ис музейтæ саразынмæ, скъолайы уыцы боны уæнг куыста æртæ музейы. Экспонаттæ агуырдтой куыд ахуыргæнджытæ, афтæ скъоладзаутæ дæр. Беллæйы сыхæгтæ – Первомайскийы уынджы цæрджытæ Сакъитæ, Лохтæ, Дзампатæ, Годжитæ, Чыпыратæ æмæ иннæтæ нæ бавгъау кодтой музейæн, сæ фыдæлтæй сæм цы хæзнатæ æрхæццæ, æцæг артефакттæ, уыдон. Рагон ирон хæдзары сафайы рæхыс ахста сæйраг бынат, æмæ рæхыс скæнын кодтой куырдадзы. Цар схуыдтой фæйнæгæй, астæуцæджындз сарæзтой æмæ хъæдæй иннæ куыстытæ бакодтой фæллойы ахуыргæнæг Александр Громовой йе ‘ххуысгæнджытæ Цæгæраты Руслан æмæ Хъарджиаты Славик.
Ирон æвзаг сæфты къахыл ныллæууыд, специалисттæ куыд сбæрæг кодтой, афтæмæй Беслæныхъæуы цæрджытæй 65% дзурынц сæ мадæлон æвзагыл, æмæ ахæм уавæрты Цгъойты Беллæйы хъæппæрисæн аргъ нæй. Музей райгом кодтой, уазджытæ стыр цымыдисдзинадимæ æркастысты экспозицитæм. Хæдзары дзаумæттæ, мигæнæнтæ, сылгоймаг æмæ нæлгоймаджы уæлæдарæс, къахыдарæс, музыкалон инструменттæ, кусæнгæрзтæ… Уазджытæ кæрæдзийæн фæлварæнтæ сарæзтой, уæдæ ма зæгъ, мæнæ ацы мигæнæн цы хуыйны, зæгъгæ.
Этнографион музейы ахадындзинад бæрзонд кæй у, ууыл, æвæццæгæн, дзурын дæр нæ хъæуы. Æнæмæнг, уый фæахъаз уыдзæн скъоладзаутæн сæ фыдæлты æвадат цард хуыздæр базонынæн. Мæнмæ гæсгæ, Беслæны цæрджытæн дæр зиан нæ уаид уыцы диссаджы экспозицитæм æркæсын.

"Вестник Беслана"

 

Комментарии:

Комментарии к данной записи отсутствуют

Добавить комментарий

Имя:  

Уведомить меня о новых комментариях