Главная - Новости Беслан
08/11/2019 Хъомылад
Рæвдауæндоны хъомылгæнджыты раз ис æвæрд тынг бæрнон æмæ ахсджиаг хæс: нæ сабиты фемхиц кæнын æмæ ныййарджыты ‘ргом раздахын нæ мадæлон æвзагмæ, алчи дæр нæ æмбары: нæ рагфыдæлтæ нын бирæ æнусты сæрты, цæсты гагуыйау, цы æвзаг бахъахъхъæдтой æмæ æрхастой, уый мах хъуамæ нæ рæзгæ фæлтæртæм сыгъдæг цæсгомæй бахæццæ кæнæм, бауарзын сын æй кæнæм. Ацы куыст æххæст кæнгæйæ хъомылгæнæг хъуамæ пайда кæна алыхуызон мадзæлттæй.
2019 азы дæргъы 16-æм рæвдауæндон уыд ног проект «Ирон чиныг» -ы архайæг, æмæ нæ фæнды газеткæсджыты, уыдонимæ ныййарджыты дæр, базонгæ кæнын (ацы) проект «Аудиопутешествие в мир сказок»-ы архайæг æфтуан «Ирон чиныг» - имæ. Проект арæзт æрцыд Уæрæсейы президенты гранты æххуысæй. Ацы мадзал ахъаз у рæзгæ сабитæн, фæсивæдæн сæ цардыуаджы фæтк раст сæвæрынæн, æнæкæрон уарзтæй бауарзын кæнын нæ диссаджы æвзаг. Æфтуан «Ирон чиныг» ахъаззаг æххуыс у канд ахуырад фæхуыздæр кæнынæн нæ, фæлæ ма хъомыладон фæрæзтæн ис стыр ахадындзинад нæ æрвылбоны царды. Проекты автор Гæбæраты Æхсар нырыккон технологитæй пайда кæнгæйæ æфтуаны фæрцы дæтты фадат ирон театры артистты рæсугъд æвæрд хъæлæсыуагæй фехъусын Нарты кадджытæ, таурæгътæ, аргъæуттæ, кæстæр кары сабитæн уацмыстæ.
Хъомылгæнæгæн йæ бон у спайда кæнын мобилон æфтуанæй ахуырты рæстæг хицæн хайы хуызы, уæгъд рæстæджы, суанг ма сывæллæтты хуыссыны агъоммæ скæнын а-ло-лайы зарджытæ. Ныййарджытæн сæ бон у Къостайы æмдзæвгæтæ сæ сабитимæ сахуыр кæнын, ирон цардыуаджы нывтæ кæм ис, адæймаджы хуыздæр миниуджытæ чи ‘вдисы, уыцы уацмыстимæ сæ базонгæ кæнын. Ис дзы фадат æнæзонгæ ныхæстæ ратæлмац кæнынæн дæр.
Ацы проект кæй фæрцы сырæзт, уыдонæн се ‘ппæтæн дæр нæ зæрды ис стыр бузныг зæгъын. Уæ къухы бафтæд ног æмæ стырдæр æнтыстдзинæдтæ!
"ВЕСТНИК БЕСЛАНА"
Комментарии:
Комментарии к данной записи отсутствуют
Добавить комментарий