Главная - Новости Беслан

06/04/2015 ХЪОМЫЛАДОН КУЫСТЫ УИДАГ

Цард куыд ивгъуыйы, афтæ адæймаджы миниуджытæ дæр ивгæ цæуынц, æрмæст, хъыгагæн, æвзæрырдæм. Зæрдæ арæх бариссы, нæ алыварс цы цаутæ цæуы, уыдæттæм кæсгæйæ. Бынтон бæллæх та уый у, æмæ сæ аиуварс кæнынæн ницы мадзæлттæ агурæм. Æрмæст дзургæ тынг бирæ кæнæм. Зæгъæм, «… ай цы хабар у, хорз æвзæрæй куы нал иртасæм, кæстæр-хистæр куы нал æмбарæм…» Мæнмæ гæсгæ бынтон сæлæтыг та сси, не ‘гъдæутты тыххæй æгæр арæх кæй дзурæм, уый: «…сæр æмæ бæрзæй куыд æвæргæ сты, кусартæн йæ кæцы хъус лыггæнгæ у зианы, кæнæ цины фынгыл, марды кæндтытæй бирæ хъуыддæгтæ аппаринаг сты…» æмæ афтæ дарддæр. Æмбарын æй, сылгоймагæн бирæ дзурын не ‘мбæлы, уæлдайдæр та ацы фарстатыл, фæлæ кæд Нарты Сатанайы куырыхон хистæртæ агуырдтой сæ уынаффæты, уæд махæн дæр хатырæй фæуæд, сылгоймаджы сæры зондмæ дæр искуы иу хатт æрыхъусын фæхъæуы…
Фынджы хабæрттæ, кæй зæгъын æй хъæуы, нывыл хъуамæ цæуой. Ардыгæй рацæуынц нæ фыдæлты фарн, æгъдау æмæ фæтк. Нæ хистæртæ мын бахатыр кæнæнт, фæлæ мæм иуæй-иу хатт афтæ фæкæсы, цыма ацы хабæрттæй (гъома – фынджы) сæйрагдæр æмæ ахсджиагдæр у нæ кæстæрты хъомыладмæ æркæсын. Нæ сæ ахуыр кæнæм хистæрæн кад кæнын, сылгоймаджы раз фыддзыхæй нæ дзурын, мад, фыды сæр хъуыды кæнын, кæрæдзиимæ хæларæй цæрын, кæрæдзийæн æххуыс кæнын, нæ алыварс æрдз уарзын, мæргътæ æмæ цæрæгойтыл аудын…
Цæмæн сты нæ кæстæртæ ахæм æнæхатыр, цы аххосаг ис уыдæттæн? Нæ Ныхасты уæнгтæн бындуронæн сæ куысты ацы фарстатæ райсын хъæуы… Чысыл дæнцæг æрхæсдзынæн. Æз арæх куыстмæ фæцæуын, автобус «Исток» кæй хонынц, уым. Райсомæй дзы тынг бирæ скъоладзаутæ вæййы. Æмæ мæ стыр дисы бафтауы иу хъуыддаг. Хистæр бахызт автобусмæ, уæд иу скъоладзау дæр йæ бынатæй нæ фезмæлдзæн. Гъомæ махæн ма стæнт, фæлæ ма фæндагыл бахизынц сæ ахуыргæнджытæ. Æмæ уæ цæстытыл ауайын кæнут: ахуыргæнджытæ лæууынц, скъоладзаутæ – бадынц. Уыимæ нæ уайдзæф иу дæр нæ кæны. Мæхицæй дæр зæгъын. Иу заман иу лæппуйæн бауайдзæф кодтон, æмæ уый фæстæ мæ зæрдæ дыууæ боны рисгæ фæкодта, ахæм дзыхы уагæй мæм сдзырдта… Уæдæй фæстæмæ нал уæндын сдзурын… Дæ кæстæрмæ дзурын ма уæнд, уымæй ма кæуинагдæр хабар цы уа?!. Мах та-иу нæ ахуыргæнæджы уынгты æрцæйцæугæ куы федтам, уæд-иу хæдзармæ лыгъдыстæм, ам мæ дзæгъæл лæуд кæнгæ куы фена, зæгъгæ. Ахæм кадджын уыдысты нæ цæсты… Раст зæгъын хъæуы, сæхæдæг дæр ныл тынг иузæрдион уыдысты. Лæмæгъдæр скъоладзаутимæ-иу урочыты фæстæ баззадысты æмæ сын æххуыс кодтой. Ныр та нæ репетитортæ æххуырсын хъæуы!..

Гъеныр ма иумæ ахъуыды кæнæм, фынджы æвæрд ахсджиагдæр у, æви нæ алыварс цытæ цæуы, уыдон? Ныридæгæн хистæрæн кад чи нæ кæны, уый ма фæстæдæр цы уыдзæн, уæлдайдæр чызджытæ? Искæйы хæдзары цавæр æгъдау равдисдзысты? Чызг æндæр мыггагмæ куы бакъахдзæф кæны, уæд ыл бирæ хæстæ æвæрд вæййы. Зонын ахæм æфсинтæ, кæцытæ фæзæгъынц: «Æз современный æфсин дæн…». Нæ фыдæлтæ æнæзонд уыдысты, алы фæзилæны дæр хицæн æгъдау кæй домдтой, уымæй? Тынг раст уыд хицаумæ, сыхы хистæртæ æмæ тиутæм уайсадын. Чындз-иу йæ сæрбæттæнæй бæрæг дардта чызджыты ‘хсæн, æмæ йын-иу кад кодтой, лæппутæ-иу æм уæлдай дзырд нæ уæндыдысты, æфсæрмы дзы кодтой. Ныр та искуы иу хатт ног чындзыл урс сæрбæттæн куы фенæм, уæд сагъдауæй йæ фæдыл кæсгæйæ баззайæм…
Афтæ мачи хъуыды кæнæд, æмæ хорз æфсин цыфæнды æвзæр чындзы дæр раст фæндагыл сараздзæн. Уыцы чызг йæ хæдзар, йæ мадæй цы æгъдау рахаста, ууыл фидар хæцдзæн, ницавæр æфсин æй басæтдзæн.
Мæ карæнтæ, кæй зæгъын æй хъæуы, хъуыды кæнынц, скъолайы ногдзаутæ æмæ фæскомцæдис цас ахъаз уыдысты кæстæр фæлтæры хъомылады. Куыд ерыс кодтам хорз ахуыр кæныныл, хистæртæн лæггад кæныныл, хуыздæр уæвыныл!.. Иу-цыппар азы размæ дæр ма Олгинскæйы цы ногдзауты къорд уыд, уый-иу æз стыр диссагæн дæнцæгæн æрхастон. Сæ разамонæджы ном сын нæ хъуыды кæнын - тынг разæнгардæй куыста. Фæлæ, æвæццæгæн, сæ сырх галстуччытæ нæ «зондджын» хицауадæй кæйдæр цæстытæ къахтой æмæ сывæллæтты хъуырæй стыдтой ацы диссаджы мадзал…
Кæнæ ма уæды чингуытæ райсæм æмæ ныр цытæ рауадзынц, уыцы программæимæ сæ абарæм. Советон дуджы рæстæг алы хъуыдыйадмæ дæр нæ ахуыргæндтæ æмæ фысджытæ лæмбынæг кастысты. Хуыцау бахизæд æмæ дзы æвзæрырдæм чи сахада скъоладзауыл, ахæм исты хъуыды аирвæза!..
Ныр ма уæ къухтæм райсут фæндзæм къласы ирон литературæйы (хрестоматийы) чиныг. Сарæзта йæ Гæздæрты Азæ. Рафæлдахут ма 44 фарс, уæлейæ дæлæмæ фæндзæм рæнхъ æмæ йæ бакæсут: «…Чызг йæхи æруагъта хуыссæны, фæлæ йæм лæппу æмгæрон нæ цæуы…». Бынæй уæлæмæ 10-æм рæнхъ: «…Усы цур куы æрхуыссай, уæд дзы æртæ æхсæвы æфсæрмы хъæуы…» Уый цы у? Æмæ ахуыргæнæджы иу лæмбынæг скъоладзау куы бафæрса, ацы ныхæстæ куыд æмбаргæ сты, зæгъгæ, уæд ын цы дзуапп ратдзæн? Цымæ цæуыл хъуыды кодтой, нæ ахуырады Министрад, ацы чиныг 2010 азы джиппы рауадзынмæ куы бацæттæ кодтой æмæ йыл сæ къух куы бафыстой, уæд?
Чиныг нæ районы хайад «ИСН» уæнгтæн куы фенын кодтон, уæд йæ ныхмæ тынг карзæй æрдзырдтой, фæлæ… алы хатт куыд вæййы, афтæ та ацы хатт дæр ныхæстæй дарддæр хъуыддагæй ницы равдыстам… Чиныг абоны онг дæр ма ис скъоладзауты къухы…
Кæннод мах чингуытæ уыдысты хуымæтæг сыфтæй. Ныр фыццæгæм къласы ахуырдзау йæ пъартфелы бын ныггуыбыр вæййы, ахæм уæззау чингуытæ уадзынц. Цалынмæ скъола каст фæвæййынц, уæдмæ сæ астæуты стджытæ ныссахъат вæййынц. О, рæсугъд сты, фæлæ сæ рæсугъддзинадыл цас хардзгонд цæуы? Кæннод цы зынаргъ сты, уый та?.. Стæй азæй-азмæ программæ ивд куы цæуы, уæд нæ уыцы рæсугъддзинад кæцырдæм хъæуы?
Мæнмæ гæсгæ, «ИСН» æмæ ветеранты Совет ахурады Министрадимæ иумæ фылдæр æргом куы аздахиккой æмæ куы æркæсиккой скъолаты чингуыты æрмæг æмæ уавæрмæ, стæй хъомыладон куыстмæ, уæд нæ фæрæдииккой. Ацы фарстатæ нæ фынгæвæрдты хабæрттæй бирæ ахсджиагдæр сты. Стæй сæ кармæ куы ахæццæ уой, уæд фынджы æгъдæуттыл - нуазын æмæ хæрыныл дæр сахуыр уыдзысты.
Æнæмæнг, ацы æхсæнадон организацитæ зилынц скъолатыл, патриотон хъомыладыл (хæсты хабæрттыл) æмæ æгъдæуттыл дзурынц, фæлæ махæн та нæ хъомылады уидæгтæ ныффидар сты нæ ахуыргæнджытæ, ногдзаутæ æмæ фæскомцæдисон къордты руаджы, кæцытæ нæ ахуыр кодтой хистæрæн кад кæнын, æххуыс ын кæнын, кæстæрты раст фæндагыл аразын. Гъе, уыцы къордтæ раздахыныл бацархайын хъæуы, уымæн æмæ стыр пайда йеддæмæ зиан ницы хастой.
Махæн Элхоты не скъолайы уыд дыргъдзæхæрадон. Ахуыр нæ кодтой бæлæстæм зилын, суанг ма æхсæдын дæр. Хуымтæ къахтам, халсартæ сагътам, рывтам сæ. Уыдис нæм тимурон командæтæ, кæцытæ хистæр кары адæмæн æххуыс кодтой сæ хæдзары æмæ цæхæрадоны куыстыты. Арæзтам фæскомцæдисон бригадæтæ æмæ-иу æххуыс кодтам колхозонтæн быдыры хор æфснайынмæ. Иу ныхасæй, æфтыд уыдыстæм фæллойыл.
Ахъуыды ма кæнæм, уыдæттæ хъомыладон куыстмæ нæ хаудысты? Ныр та скъолайæ æрбацæуынц æмæ, бон-сауизæрмæ, кæнæ компьютерты раз бадынц, кæнæ сæ телефонтыл ныггуыбыр вæййынц, уымæн æмæ сын уæгъд рæстæг æгæр бирæ ис.

Мæ сæйраг хъуыдыйæ иуварс ацыдтæн æмæ – хатыр.
Æрмæст æгъдæуттыл фыссын æмæ дзурынæй пайда нæй. Æз мæхæдæг Стыр Ныхасы кусгæйæ арæх хъуыдыты аныгъуылын: ацы æхсæнадон змæлды уæнгтæй бирæтæ цæуыл æмæ цæй ныхмæ дзурынц, зæгъæм: нæ чындзæхсæвтæ, куывдтæ ресторанты мауал кæнæм, марды кæндтæй кæцыдæртæ аппарæм, афтæмæй сæ фылдæртæ сæ хæдзæртты не скувынц сæ цины æртæ кæрдзыны, фæлæ ресторанты. Фæстагмæ ма нæ худинагыл иу хабар бафтыд. Нæ марды кæндтæ дæр кафеты кæнын райдыдтам. Æмæ кæд нæ Ныхасы уæнгтæ сæхæдæг сæхи хъуыдытæм ныхмæлæуд сты, уæд ма сæ куыст цæй мидæг ис? Уыдæтты фæстæ ма æмбырдты æмæ фембæлдты сæ ныхæстæ адæмы цæсты куыд ахадой? Нæ фæлæ ма нæ алчидæр йæхицæй райдайæд нæ рæдыдтытæ раст кæнын.
Кæд æмæ нæ зæрды ис, чи нæ фидауы, уыцы æгъдæуттæ аппарын, уæд, алы бон уыдæттыл фыссыны æмæ дзурыны бæсты, цæуылнæ саразæм сæрмагонд къамис иу-цыппар лæгæй, кæцытæ, зæгъæм, зиан кæуыл æрцыд, уыцы мыггаджы хистæртæ æмæ бинонтимæ фыццаг бон æрбадой æмæ бауынаффæ кæной: мæрдæхсæвæр ма скæнут, зианы фынгыл æртæ кæрдзыны ма 'вæрут, зианы хæрнæгæй чындзæхсæвы фынгтæ ма аразут, сабатизæртæ мауал кæнут, æфсинтæн, лæггадгæнджытæн æмæ ингæн къахджытæн зынаргъ лæвæрттæ ма кæнут æмæ афтæ дарддæр.
Æрæджы иу æрыгон лæппу, Марат, куы йæ базыдта, Ныхасы кусын, уый, уæд мын афтæ:
- Уæ хорзæхæй, цæуылты фæдзурут уе ’мбырдты? Цавæр æгъдау нæ домут, кæд æмæ мах фенæм ахæм хистæры, кæцы уыййас баназы, æмæ йæ размæ стъолыл кусарты сæры фарсмæ йæхи сæр æрхауы… Тæссаг вæййы, йæхи хъус ын куы ралыг кæной ивддзагæй…
Ныххатыр мын кæнут, кæд искæмæн ацы ныхæстæ хъыг сты, уæд, фæлæ сæ фыссын, куыд сæ фехъуыстон, афтæ - иу ныхас дæр дзы нæ аивтон… Нæ кæстæртæ ныл æргом худын райдыдтой. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ уал нæ æппæты фыццаг нæхимæ æркæсын хъæуы… Æз нæ хъуыды кæнын, мах рæстæджы, ныртæккæ куыд карзæй дзурæм ирон æгъдæуттыл, афтæ дзырдтой, уый уымæн, æмæ сыл дзурыны сæр дæр ницæмæн хъуыд – алы æгъдау дæр йæ бынаты уыд.
Æрбамбырд ма ут, нæ куырыхон хистæртæ, æмæ советон дуджы, стæй ныры рæстæджы хъомыладон куысты мадзæлттæ иумæ абарут, æмæ уæм кæцы ахадгæдæр кæсы, уымæ нæ тыхтæ саразæм… Хъомыладон куыстæн æппæты фыццаг йæ уидаг ссарын æмæ ныффидар кæнын хъæуы…

КЪУБАЛТЫ Зинæ, ÆÆЗ «Иры Стыр Ныхас»-ы Рахизфарсы районы хайады бæрнон нымæрдар.

 

Комментарии:

Комментарии к данной записи отсутствуют

Добавить комментарий