Главная - Новости Беслан

05/08/2014 Бæрæгбон.  Куывд æрмæст бахæрын æмæ бануазынæн нæу

Æндæрæбон Беслæныхъæуы Лæгты Дзуары кувæндоны бын се 'рвылазон куывдмæ æрæмбырд сты нæ горæты цæрджытæ, цæмæй кæрæдзийы феной, сæ рæстæг хъæлдзæгæй арвитой, сæхи бафæдзæхсой æргом зæдыл. Сæрдыгон райдзаст бон адæм бæрæгбонхуызæй цыдысты зæдбадæнмæ.

Кувæндоны Советы уæнгтæ зæрдиагæй бацархайдтой, цæмæй куывддзаутæй хъаст мачи ахæсса, æмæ уыцы хæс уæлдайджынтæй сæххæст кодтой. Уаздждыты тыххæй æнæ зæгъæн нæй – Заманхъулæй, Зилгæйæ, Ольгинскæйæ, Елхотæй æрбацыдысты кадджын уазджытæ, кæй зæгъын æй хъæуы, афтид армæй нæ – æгъдауимæ. Уазджыты ‘хсæн фенæн уыдис нæ республикæйы адæмты ’хсæн ахастдзинæдты хъуыддæгты министр Фрайты Сосланы, районы администрацийы минæвæртты.

Раздæр куыд хъусын кодтам, афтæмæй кувæндоны Совет бацæттæ кодта культурон программæ – районы Культурæйы галуаны хъайтарон зарæггæнджыты къорд азарыд йæ репертуары хуыздæр зарджытæ, районы Ныхасы ансамбль «Æрфæны фæд» дæр куывды бон, куыд фæзæгъынц, йæ дзыхыл не ‘рхæцыд, музыкæ азæлыд, æхсызгон æнкъарæнтæ æвзæрын кодта ацы бæстыхаймæ æрæмбырд уæвджытæм. Фæсивæд та сæ хъарутæ бавзæрстой армхæсты, сбæрæг кодтой тыхджындæрты.

- Куывд æрмæст бахæрын æмæ бануазынæн нæу, - йæ раныхасы бахахх кодта Дзуццаты Чермен, горæты кадджын хистæр, - нæ фыдæлты фарн, æгъдæуттæ фæлтæрæй-фæлтæрмæ хъуамæ хæццæ кæнæм рæсугъдæй, уый у куывдæн йæ сæйраг нысан. Кæрæдзийы бамбарæм, мæнæ абон ам цы фæсивæд æрæмбырд ис, уыдон махмæ кæсынц, æмæ сын цы дæнцæг радтæм, уыимæ дарддæр ацæудзысты царды. Уый хъуыды даргæйæ бахизæм нæхи фыдконд, худинаджы митæй. Царды бындур æгъдау у, хъæдбыны дæр фидауы, æмæ йыл фидар хæцут, мæ хуртæ, - загъта Чермен.
Елхотаг уазджыты номæй ныхасы бар райста Бæройты Заманхъул. Адæмæн арфæ ракодта бæрæгбоны фæдыл, стæй уый дæр дзырдта ирон фарн, кад, намыс æмæ æгъдауыл:

- Ирон адæммæ æмбисонд баззад: «Кæй не скæнай, уый халгæ дæр ма кæн». Фæлæ нæм фæзынд, æгъдæуттæ йæхи ‘рдыгонау аразыныл чи архайы, ахæмтæ. Уыдонæн ныхкъуырд дæттын хъæуы. Арæх фехъусæн вæййы, сæр æмæ бæрзæй афтæ æвæрд цæмæ сты æмæ æндæр ахæм провокацион фарстатæ. Цы дæ хъуыддаг? Сæйрагдæр уый нæу. Хъуамæ нæ сагъæс фæсивæды сомбон уа – сахуыр кодтой, фæлæ сын нæй кусæн бынæттæ. Хистæртæй та бирæтæ дыгай бандæттыл бадынц, æмæ цалынмæ ахауынц, уæдмæ сæ нæ уæгъд кæнынц. Не ‘хсæнады ис, нæ хъус æрдарын нæ бон кæмæ у, ахæм фарстатæ, сæ сæйрагдæр - хъомыладон куыст фæсивæды ‘хсæн.
Зилгæйы дзырддзæугæ хистæр Хъариаты Тугъан та загъта:
- Ирон адæм фыдæй-фыртмæ дзуæрттæм кувæг уыдысты,æмæ сын ахъаз кодтой. Мах абон нæ кæстæрты фæдзæхсæм Уастырджийыл, йæ сыгъзæрин рахиз базыры бын сæ дарæд. Ацы бон дуг ахæм у, æмæ æппынæдзух не ‘ппæт дæр фæндæгтыл стæм. Уастырджи уын ахъазгæнæг уæд, чи кæцæй цæуы æмæ кæдæм цæуы, уырдæм сæрæгасæй хæццæ кæнæд!
Кувæндоны Советы сæрдар Алыккаты Хасан радзырдта, афæдзы дæргъы цытæ бакуыстой, ранымадта, чи сын баххуыс кодта, уыдоны нæмттæ, арфæ сын ракодта.
Дзуары бын арфæтæн кæрон нæ уыд, фынджы бадты æртæ хистæры Дзуццаты Чермен, Бæройты Заманхъул æмæ Хъариаты Тугъаны нывæфтыд куывдытæм адæм зæрдиагæй хъуыстой, кæстæртæ «оммен» кодтой. Рæсугъд рахастой фынджы æгъдау, æвæццæгæн, дзы нозт бæрцæй кæй æрæвæрдтой, уый дæр фæахъаз.

Кæстæртæ, уæлдæр куыд загътам, афтæмæй армхæсты сбæрæг кодтой тыхджындæрты, æмæ разæнгард кæныны охыл хистæрты къухтæй райстой кубоктæ æмæ æхцайы премитæ.
Куыд иннæ азты, афтæ та Первомайскийы уынджы, стæй иннæ уынгты æвзыгъд кæстæртæ зæрдиагæй балæггад кодтой бæрæгбонмæ æрбацæуджытæн, сæ цæрæнбон бирæ.

Адæм разыйæ баззадысты куывды фæткæй, алцыдæр уыд нывыл, æгъдауыл. Хъæлдзæгдзинадæн, зарын, кафын, худынæн дæр дзы уыд бынат. Беслæныхъæуы цæрджытæ, стæй сæ кадджын уазджытæ сæхи Лæгты Дзуарыл бафæдзæхстой æмæ ардыгæй иннæ азмæ хæрзбон загътой кувæндонæн.

 

Комментарии:

Комментарии к данной записи отсутствуют

Добавить комментарий

Имя:  

Уведомить меня о новых комментариях