Главная - Новости Беслан

05/02/2015 Цы фæцис нæ зæрдæты хъарм, тæригъæд куы нал æмбарæм!

Уæ бонтæ хорз уæнт, зынаргъ редакции! Абоны уонг никæд ницы ныффыстон, кæд мæ æстай азы сæрты ахызтæн, уæддæр, фæлæ мæ риуы маст тынг судзы æмæ мæ фæнды ныхъхъæр кæнын: «Фæдис, ирон адæм!» Æрæджы нæ республикæйы хъæутæй иуы сæмбæлдтæн тæригъæддаг зианы, æмæ уый фæстæ ручкæ мæ къухмæ райстон, æндæр гæнæн мын нал уыдис.
Цæвиттон, Фаризæтæн (йæ ном ивд у) æхсæрдæс æмæ ссæдзаздзыд, йæ хистæр чызг фарæстæм кълас фæцис æмæ бацыд Дзæуджыхъæуы техникуммæ. Фаризæт куыста мæрзæгæй æмæ йæ хъæбулы ахуырмæ цæмæй арвыстаид, уый тыххæй ракуырдта йæ сыхаг Ирæйæ æхца. Ирæ йын афтæ: «Авæрдзынæн дын, фæлæ проценттыл». Фаризæт йæ фыр тыхстæй сразы ис. Фондз бинойнаджы куыд цардаиккой фондз миныл, уый зын бамбарæн нæу. Йæ цардæмбал никуы куыста, хъæуы мидæг куыст зын ссарæн у. Сылгоймаг йæ хæс цæмæй бафида, уый нал зыдта, мæйтæ цыдысты, проценттæ рæзыдысты. Ирæ лæбурын райдыдта йæ сыхагмæ, æртхъирæнтæ кæнын йæ цотмæ. Фаризæт йæ цардæй стыхст æмæ сæ кæрты йæхи æрцауыгъта.
Адæм райсомæй фæдисы фесты, кæрты цъæхахст æмæ кæуын стынг сты. Æртæ сывæллоны тæригъæдæй фæрстæ тыдтой, сидзæрæй аззадысты. Уалынмæ фæзынд Ирæ, мард ма уæлæуыл, афтæмæй бацыд хæдзары хицаумæ æмæ йын афтæ: «Хъусыс, сабæттæгтæ цы æрæмбырд уа, уыдон æз ахæсдзынæн». Мæгуыр лæг цы загътаид, йæ хæдзар бабын, ууыл нæ уыд. Æцæгдæр, зиан куы бафснайдтой, уæд Ирæ бацыд æмæ, дам, мын ме ‘хца проценттимæ ратт, зæгъгæ, сæ сабæттæгтæ рахаста.
Дыккаг бон йæ иунæг лæппу Дзæуджыхъæумæ машинæ æлхæнынмæ рацыд æмæ фæстæмæ здæхгæйæ бæласыл йæхи сцавта. Лæппу дæр æмæ машинæ дæр доны къусы сæфт фæкодтой.
Дардыл уын сæ уымæн радзырдтон, цæмæй мæ бамбарат. Схъомыл дæн мæгуырæй, хæсты рæстæджы фæстæ. Мæ мад-иу кæрдзынтæ куы скодта, уæд ссад кæм уыд, уæд- иу дзы сыхы сывæллæттæн дæр байуæрста, кæд дзы, мыййаг, исчи æххормаг у, зæгъгæ. Акæсут ма ныртæккæйы цардмæ. Сыхаг сыхагæн йæ тыхст аразы проценттыл – мæнæ дын туман æмæ –иу мын æрбахæсс фынддæс сомы. Цы ма уа уымæй æгаддæр æмæ худинагдæр! Фæлæ куы ‘рбадæм дзаг фынгтыл, уæд рауадзæм сидтытæ нæ сыхбæсты, хъæубæсты цæрæнбон. Æмæ ахæм куывдытæ Хуыцау дæр нæ исы. Дæ сыхагæн йæ бон къæбæр бахæрын куы нæ уа, ды та алы бон нард дзидза куы фыцай, уæд дзы иу бон искæйы зæрдæ дæр балхæн.
Ацы процентты хабар куы фехъуыстон, уæд нæ районы хъæутыл мæ хъус адардтон, цыма махмæ та куыд у, зæгъгæ. Æмæ дзы ницы фехъуыстон хорзæй. Алы хъæуы дæр ис æртæ- фондз сылгоймаджы, кæцытæ дæттынц сæ сыхæгтæн, сæ зонгæтæн æхцайы хæс проценттыл. Æмæ куы афарстон, тынг схъæздыг сты уыцы сылгоймæгтæ, уæд мын загътой: «Хъæздыг нæ, фæлæ бабын сты. Кæмæн йæ иунæг фырт расыггæнаг сси, кæмæн хъылмайыл сбадт, кæмæн та йæ чызджы цард фехæлд». Се ‘ппæт нæ нымайдзынæн. Фæлæ нæм ис районы Ныхас, сылгоймæгты Совет. Ахæм адæмыл хъоды бакæнын хъæуы. Цæмæн, куы зæгъат, уæд уæм ахæм фарста ратдзынæн: «Чи райсдзæн æхца процентыл?» Æрмæстдæр исты тыхст уавæры чи бахауд, ахæм адæймаг. Æмæ кæд исчи тыхст у, уæд ма йын ды йæ къубалыл куыд хæцыс, æри проценттæ, зæгъгæ?
Æрæджы та нæ районы хъæутæй дæр иуы асгомау сылгоймаджы æристой бæндæнæй процентты тыххæй – йæ сыхаг ын радта дыууын фондз процентыл æхца. Газеты фæрстыл дæр арæх бакæсын æмбæлы, æхца процентыл ратдзынæн, зæгъгæ. Нæ сыхаг республикæты газеты ахæм фыст не ссардзынæ. Стæй ма мæм ис ахæм фарста дæр, цымæ налогтæ фидынц уыцы адæм сæ проценттæй? Чи зоны, æмæ мæ ныхæстæ искæйы зæрдæмæ нæ фæцæуой, фæлæ ма акæсæм нæ алыварс, кæддæра цал æрыгон адæймаджы бацыд мæрдтæм уыдоны фыдæй, цал бинонты цард фехæлд? Никуы ма ничи схъæздыг искæйы мæгуыр капеччытæй, цæстысыгæй æхсадæй. Æрхудæм нæхиуыл, ирон адæм. Махæй къæбæрдæттондæр, рæдаудæр адæм никуы ис. Цы фæцис нæ зæрдæты хъарм, тæригъæд куы нал æмбарæм. Мæ фыстæджы кæрон ма уын зæгъын, мæ зынаргъ ирон адæм, æхца процентыл дæдтынæй стырдæр тæригъæд нæй. Ахъуыды кæнæм нæ цоты амондыл. Кæд уæ мæ ныхас нæ уырны, уæд бафæрсут, аргъуаны чи кусы, уыдоны. Уæ тæригъæд уын Хуыцау нæ ныббардзæн, уæ цардыл æнæфæзынгæ нæ фæуыдзæн.

"Вестник Беслана"

 

Комментарии:

Комментарии к данной записи отсутствуют

Добавить комментарий

Имя:  

Уведомить меня о новых комментариях