
Главная - Новости Беслан
04/03/2015 Зæрдæдзæф фæци Алихан
Нæ фыдæлтæ хæхбæсты тынг зын уавæрты фæцардысты. Кæддæр, дам, хохаг фæсхъæутæм хæдтулгæ бацыд. Æмæ йын æнæфенд сабитæ йæ размæ хос аскъæфтой, æфсæн бæх, дам, ахæра. Абон царды цалх размæ тулы. Цивилизацийы æнтыстдзинæдтæм æппæт дунеимæ æмдзу кæны ирон лæг дæр сæрыстырæй.
Бæргæ ма уыцы сæпп-дугъы нæ ирондзинад мынæгдæр куы нæ кæнид. Бæргæ! Гъомæ Уæрæсейы, фæсарæнты хорзæй-æвзæрæй цыдæриддæр фæзыны, уыдон æнæмæнг иууылдæр хъуамæ нæхиуыл æрбарæм? Фæлæ, дам, ирон иугæр кæны, уæд зæрдиаг, уæхскуæзæй.
Иу цыбыр дзырдæй нæ сыхаг ус (Косер æй рахонæм) йæ 60 азы юбилейы бонмæ йæхи тынг бæстон цæттæ кодта. Раст сæры цъуппæй къæхты ныхты онг йæхи ног джиппы ауагъта: суанг ма цæстытæн дæр татуаж æрныв кæнын кодта, былтæ дæр ног модæмæ гæсгæ æрдымста.
Чи зоны, сæ рæсыд куы бабадтаид, уæд чысыл фæнывылдæр уыдаид цæсгом. Бæргæ, телевизорæй цы «стъалытæ» тыбар-тыбур кæны, уыдонæй дæлдæр нæ фæлæууыдаид Косерхан Адылджериевнæ! Фæлæ цы загъдæуа хъысмæтæн?!
Фарн, цины хабæрттæ фæчындæуæд – йæ лæг æваст æрбамард. Зианмæ æрцæуæг адæмæй чидæртæ сусу-бусу кодтаид, кæд, дам, мыййаг, йæ усы ног цæсгомы уындæй зæрдæдзæф фæци Алихан.
Зæрдæдзæф куыннæ фæуыдаид Косер йæхæдæг дæр. Йæ сæрыхицау кæд бынтон æнæниз нæ уыд, уæддæр Чернобылæй стыр пенси иста. Уæдæ кусгæ дæр хорз ран кодта. Хорз кадимæ фæцард Алихан, æмæ йыл алчидæр зæрдиагæй хъыг кодта.
Лæууы Косер, ирон æгъдаумæ гæсгæ идæдз усæн куыд æмбæлы, афтæ. Аивæй цæсгом къухæй æмбæрзы. Йæ ходыгъд, Алиханы хистæр хо Ладинка, фемдзаст йæ чындзы цæсгоммæ. Цы зоны 82-аздзыд хъæуккаг зæронд ус нырыккон æвзонггæнæн операцитæн?
- Ракæс-ма, мæ мадызæнæг, Алихан, - дзуры йæ кæуæджы Ладинка, - уæртæ дæ уды мæрдæй дæ бинойнаг йæ цæсгом тымбыл къухæй фæхоста, æвæццæгæн.
- Дæхиуыл фæхæц, Ладинка, нæ ныххоста йæ цæсгом дæ чындз, - дзуры йæм сыхаг ус, раст дунейы фыдбылыз кæй фæхонынц, иу ахæм къæрццныхас.
- Уæдæ цы кодта, цæмæй афтæ ныцъцъæхтæ-буртæ ис? – ныккуыдта та зæронд ус.
- Алиханы бæсты уын ай куы æрбадæлгом уыдаид, - йæ фындзы бын бахъуыр-хъуыр кодта сыхаг.
- Цы загътай, цы? – ныййазæлыд та Ладинкайы хъæлæс. – Алиханы фæстæ дæлгоммæ ныххауд? Æмæ уæд хæрзаг йæ дæндæгтæ ныссаста?!
Сыхаг та батъæлланг кодта, йæ фарсмæ чи лæууыд, уый хъусы аивæй:
- Дæндæгтæн дæр ницы у, рæсыд дæр æрбады, фæлæ сæры зонд куыд æрыздахдзыстæм?
Уый ма дын айхъуыста Ладинка, цы, æмæ йæ уæрджытæ æрхоста, уромæг æй нал урæдта:
- Мæнæ мæ цæгатыл цы мæгуырбон ныккодта! Ныр Косер афтæмæй куыд цæрдзæн?!
ТАНДЕЛАТЫ Розæ, Дзæуджыхъæу.
Комментарии:
Комментарии к данной записи отсутствуют
Добавить комментарий