Главная - Новости Беслан

03/02/2015 Мæгуыр адæймаджы фæллой

Не скæнæг никæмæн хатыр кæны
Махæн, ирон адæмæн, нæ бæрæгбæттæ сты рагфыдæлты истори: нæ сæйрагдæр царды бындур, не ‘гъдау, не ‘фсарм, нæ цыт æмæ нæ намыс. Алы бæрæгбоны ‘рцыдмæ дæр тынг зæрдиагæй æнхъæлмæ фæкæсæм. Алы хæдзары хистæр дæр фæархайы, цæмæй йæ фынг уа нывыл æмæ бæркадджын. Раздæр-иу чи гал аргæвста, чи - фыс, кæмæн куыд йæ къух амыдта, афтæ. Фæлæ ныры царды бирæ адæмæн сæ бон кусарт акæнын нæу, уымæ гæсгæ Стыр Хуыцаумæ кувгæйæ адæймаджы бахъæуы æртæ фæрсчы алхæнын. Уый фæдыл - мæ фыстæджы дарддæры дæнцæгтæ. Рагæй хъавыдтæн ныффыссын нæ лæггадгæнджыты тыххæй, фæлæ, куыд фæзæгъынц, алцæмæн дæр æрцæуы йæ рад.



Джеоргуыбайы бæрæгбоны мæ бахъуыд æртæ фæрсчы æлхæнын. Центры ис фондз бынаты, дзидза кæм уæй кæнынц, ахæмтæ. Æппæты разæй бацыдтæн, «Бæркады» цур цы чысыл дукани ис, уырдæм. Уыдис дзы, фæлæ… Рацыдтæн уырдыгæй, бабæрæг кодтон иннæ цыппар раны, лæууын æдзæмæй, багоби дæн, мæ дзыхæй ныхас нал хауд. Уæйгæнæг мæм дзуры: «Æртæ фæрсчы дæ хъæуы?». Æз мæ маст нал баурæдтон, бауайдзæф ын кодтон, дæ хъæдзармæ дæр, зæгъын, ахæм æртæ фæрсчы ахæсдзынæ? Æппын уын цæсгом нал ис, йæ фæлмæнты йын бынтон куы ралыг кодтат!
Уæйгæнæг багомыг, ницы мæм сдзырдта. Рацыдтæн уырдыгæй дæр. Фыццагдæр кæуыл амбæлдтæн, уымæн, мæ зонгæ нæлгоймагæн, мæ хъаст ракодтон. «Уыдонæн сæ иуæн дæр цæсгом нæй, уый нæ зоныс? Нæдæр сын Хуыцау ис, нæдæр бæрæгбон, адæймаг бæрæгбон скæна, уый дæр æй нал фæфæнды». Ууыл фæцис йæ ныхас. Уыцы æртæ фæрсчы тыххæй ма фыста нæ куырыхон каджын хистæр Дзуццаты Къоста нæ районы газеты, гъома, уый фæстæ дæ хæдзары æртæ кæрдзыны скув æмæ Стыр Хуыцауæй хорздзинæдтæ кур. Ахæмтæн Хуыцау сæ куывдтæ дæр нæ айсдзæн. Мæгуыр адæймаджы фæллой Не Скæнæг никæмæн хатыр кæны. Дарддæр араст дæн æмæ фыццагдæр кæдæм бацыдтæн, уымæн загътон: «Дæуæн ма иннæтимæ абаргæйæ гыццыл хуыздæр сты, æмæ ма мын уыцы æртæ фæрсчы абар». «1200 сомы, - райхъуыст уæйгæнæджы ныхас, - мæнæ уыцы æртæ дихы дæр – 800 сомы».
Бафыстон, рацыдтæн, уæдæ цы уыдаид, «зæрдæрухсæй». Сфыхтон ме ‘ртæ фæрсчы æмæ уыцы дзидза. Куы сфыхт æмæ йæ фынгыл куы æрæвæрдтон, уæд мæ хуынд нæлгоймæгтæй тынг фефсæрмы дæн, сæ фæлмæн дзидзатæ сын кæм æрæхсæстой, уырдыгæй æртæ фæрсчы ныхъхъил сты. Хуыцау хорз æмæ ма дзидза райстон, æндæр нæ хуынд лæгтæ уыдысты аст. Радзырдтон сын мæ хабар. Раст сæ цыма мæхæдæг ралыг кодтон, афтæ фефсæрмы дæн. «Ма ‘фсæрмы кæн, уыдон æрмæст дæуæн нæ рауæй кодтой ахæм дзидза, алчидæр сæ афтæ «арфæйагæй» раздæхы. Ма тыхс, Хуыцау сын тæрхонгæнæг уæд», - æмдзыхæй дзырдтой мæ уазджытæ.
Иуныхасæй, чи йæ бæрæгбоны рæсугъддзинадыл фæархайы, чи та кæй æмæ куыдфылдæр асайон, цыбырдзырдæй, йæ дзыппы мæт фæкæны. Кæронбæттæны мæ зæгъан фæнды: æрхудут ма уæхиуыл, «лæггадгæнджытæ», кæд адæмæй нал æфсармы кæнут, уæд бæрæгбæттæй уæддæр фефсæрмы ут. Уæ фыдæлты кад, кæйдæртау, ма баивут æхцайыл!

"Вестник Беслана"

 

Комментарии:

Комментарии к данной записи отсутствуют

Добавить комментарий

Имя:  

Уведомить меня о новых комментариях