Главная - Новости Беслан

02/08/2022 Сæ размæ лæууы вазыгджын хæстæ

Майрæмбоны Беслæн, Культурæйы Галуаны арæзт æрцыд Æппæтдунеон Æхсæнадон Змæлд «Иры Стыр Ныхасы» Рахизфарсы районы хайады XI-æм дзуаппон-æвзарæн конференци. Йæ архайджыты размæ рахастой æртæ фарстай: ÆÆЗ «Иры Стыр Ныхасы» Рахизфарсы районы хайады бакуыст IX-X-æм æнæрадон съезды уынаффæтæ æххæст кæнгæйæ (докладгæнæг. ТОМАЙТЫ Савели); районы хайады Советы уæнгты æвзæрст (Къониаты Хазби); ÆÆЗ «Иры Стыр Ныхасы» XI-æм радон съездмæ делегатты æвзæрст (Къониаты Хазби). Конференцийы куысты архайдтой: Фрайты Сослан - районы сæргълæууæг, Уарзиаты Валери -районы сæргълæууæджы хæдивæг, Тæтæраты Вадим – Беслæныхъæуы сæргълæууæг, Гуытъиаты Вячеслав – парламенты депутат, Еналдыты Хъазыбег – «Иры Стыр Ныхасы» сæрдары бартæ рæстæгмæ æххæстгæнæг, Моргуаты Едислав - «ИСН» æгъдæутты комитеты сæрдар, Айлараты Зæлинæ, Дыгуры Анжелæ –районы администрации сæрдары хæдивджытæ, Æбиты Валери – Цæгат Ирыстоны базарадон-экономикон коледжы разамонæг, Бургалаты Заремæ – «Иры Стыр Ныхасы» ирон æвзаг бахъахъхъæныны комитеты сæрдар, Гусаты Хетæг – куыстагур адæмы хайады сæргълæууæг, хъæуты Ныхасты сæрдартæ, ирон æвзаджы ахуыргæнджытæ, æхсæнадон организациты минæвæрттæ, газетты уацхæсджытæ.
Ныхасы сæрдар Томайты Савели йæ доклад «Рæстæджы ног домæнтæ – цардмæ»-йы лæмбынæг æрныхас кодта нæ районы абоны æхсæнадон царды уавæртыл. Куыд загъта, афтæмæй, районы æппæт Ныхасты къæпхæнтæ æнувыдæй куыстой ирон адæмы IX æмæ X-æм съезды уынаффæтæ æххæст кæныныл æмæ сын бантыст зынгæ æнтыстдзинæдтæ. Зæгъæм, раздæр азтимæ абаргæйæ, дзæвгар фæкъаддæр сты фыдгæнджыты, наркоманты, расыггæнджыты æмæ хъылма уæйгæнджыты нымæцтæ. Хуыздæр арæзт у фæсивæды æхсæн патриотикон æмæ спортивон -хъомыладон куыст. Бæрзонддæр сты мадæлон æвзаджы æмæ литературæ ахуыр кæныны бæрæггæнæнтæ.
Районы стæмтæ йедтæмæ нал кæнынц мæрдæхсæвæртæ, лæггадгæнджытæн лæвæрттæ æмæ æндæр æнæуаг æгъдæуттæ.Дзуæртты кувæндæттæ, сыхты , мыггæгты куывдтæ фылдæр ахадындзинад дæттын райдыдтой фæсивæды хъомыладæн. Ацы рæтты дзæвгар фæкъаддæр карз нозт.Бирæуæладзыгон хæдзæртты арæзт æрцыдысты Ныхасы къордтæ. Уыдонмæ æвзæрст цæуынц æрыгондæр æмæ куыстхъомдæр куырыхон лæгтæ.
Районы скъолаты арæзт цæуынц хистæркъласонты æхсæн Ныхасты къордтæ. Баргонд сты ирон æвзаджы ахуыргæнджытæн.
Ныхасты куыст хуыздæр цæуы Зæронд Бæтæхъойыхъæуы, Заманхъулы, Цæлыччы, Ног Бæтæхъойыхъæуы, Маисон комбинаты зылды, Олгинскæйы хъæуы.
Фæлæ куыд Беслæны бирæуæладзыгон хæдзæртты Ныхастæ, афтæ хъæуты Ныхасты архайды дæр нырма ис бирæ хъæндзинæдтæ. Куысты фылдæр æргом аздахын хъæуы мыггæгты Советты арæзт æмæ архайдмæ, фылдæр фæсивæд сæм æрбакæнын хъæуы. Ахæм хатдзæгтæ ма скæнæн ис хайады комитетты куыстæн дæр. Сæ куыст хуыздæр æмвæзадыл цæуы хистæрты æмæ сылгоймæгты комитеттæн, сæ сæрдартæ Дзуццаты Саханджери æмæ Тетаты Джульеттæ.
Районы Ныхасы ног равзёрст Советы размёцы хёстё лёууы, уыдон сты вазыгджын. Хъæуты æмæ сыхты ног æвзæрст Ныхасты уæнгтæн лæмбынæгæй бамбарын кæнын хъёудзён сæ хæстæ, цæмæй районы цæрджытæм хæццæ кæной , конференцийы цы уынаффæтæхаст ёрцыд, уыдон.
Районы æппæт къæпхæнты Ныхастæн хæсгонд цæуы: ирон адæмы XI-æм съезд цы уынаффæтæ рахæсдзæн, уыдон æххæст кæныныл бæрнæй бакусын; Ныхасты архайд аразын хъæуы ног домæнтæм гæсгæ; ахсджиагдæр цæстæнгас здæхт æрцæуæд фæсивæды хъомыладон куыстмæ; фылдæр æргом здæхт цæуæд нæ хуыздæр традицитæ адæмы æхсæн парахат кæнынмæ, уынгты фæлгонцмæ , уæлмæрдты сыгъдæгдзинадмæ.
Карздæр, æгъатырдæр тох æмæ куыст рапарахат кæнын хъæуы хъылмайæ сæудæджергæнджыты, расыггæнджыты, экстремизм æмæ терроры ныхмæ . Уый тыххæй æппæт къæпхæнты Ныхасты куыст хъæуы фæнывылдæр кæнын. Ацы куыст хъуамæ фидар баст уа нæ районы æхсæнадон организацитимæ, дины кусджытæ, пъæлицæ æмæ барадхъахъхъæн органты куыстимæ.
ÆÆЗ «Иры Стыр Ныхасы» Рахизфарсы районы хайады конференцийы архайджытæ курынц ÆÆЗ «ИСН» координацон Советæй, цæмæй цæхгæр æрæвæрой ацы лыггæнинаг фарстатæ республикæйы хицауады размæ.
Мадзалы кæронбæттæны йæ архайджытæ ÆÆЗ «Иры Стыр Ныхасы» XI-æм Ирон адæмы съездмæ делегаттæй æвзæрст æрцыдысты 33 адæймаджы. Рахизфарсы районы Ныхасы Советы уæнгтæй æвзæрст æрцыдысты 52 адæймаджы.

"ВЕСТНИК БЕСЛАНА"

 

Комментарии:

Комментарии к данной записи отсутствуют

Добавить комментарий

Имя:  

Уведомить меня о новых комментариях