
Главная - Новости Беслан
01/02/2016 Удæй хъæздыг
Амæй размæ нæ редакцийы телефон ныззæланг кодта. Дзырдта нæ газет нын æдзухдæр чи кæсы, йæ царды фылдæр хай совхозы кусгæйæ чи арвыста, хæрзæгъдау ирон сылгоймаг – Джимиты Разетæ Фарныхъæуæй.
Хорз хабар нын фехъусын кодта, æмæ йæ мах дæр рохуаты нæ ныууагътам.
«Æрæджы нæ дуармæ уæзласæн машинæ æрлæууыд. Рахызтысты дзы цалдæр æрыгон лæппуйы æмæ кузовæй зæххмæ æристой фондз нартхоры голладжы. Ай цы у, куы афарстон, уæд мын загътой, Мамиты Чермены æрвыст лæвар кæй у, уый. Лæмбынæгдæр хабар куы базыдтон, уæд рабæрæг ацы диссаджы цау.
Фарныхъæуы раздæр уыд совхоз, йæ куыстæй рагæй ныллæуыд, ныр ын йæ кой дæр арæх нал фехъусдзынæ. Йæ кусджытæ ныртæккæ сты уæлдæр кары адæм, пенсионертæ. Фæлæ кæд цыфæнды зын заман у, æмæ кæд адæймагмæ уæлдай нæ вæййы, уæддæр Мамийы-фырт, йæ тыллæг æмбырдгонд куы фæци, уæд уый фæстæ дзы фæхай кодта, совхозы фæллой чи кодта, уыцы кусджытæн дæр.
Кæй зæгъын æй хъæуы, æз мæхæдæг Чермены уынгæ дæр никуы фæкодтон, зонгæ дæр не стæм, хъусгæ йæ цы фæкодтон æндæр, фæлæ мын цы хорздзинад фæци, уый никуы ферох кæндзынæн.
Фæнды мæ зæгъын стыр бузныг уæ газеты фæрцы. Адæмæн балæггад кодта, æмæ йæ цæрæнбон Хуыцау бирæ скæнæд!» - радзырдта Разетæ.
Æвæдза, арæх нал фехъусдзынæ ахæм хабæрттæ…
Тынг æхсызгон нын уыд фæллойы ветерантæ рæвдыд кæй æрцыдысты, уый.
Мах дæр редакцийы номæй стыр арфæ кæнæм Мамиты Черменæн. Фæрнæйдзаг у, дæ хъуыддæгтæ рæстмæ уæнт, æмæ дæ къух макуы фæцудæд.
Стыр бузныг иу хатт ма!
ДЗГОЙТЫ Фатимæ.
Комментарии:
Комментарии к данной записи отсутствуют
Добавить комментарий