Главная - Новости Беслан
24/09/2019 ХУЫЗДÆР ЦЫХТАХСДЖЫТÆ – ЗИЛГÆЙЫ ХЪÆУЫ ÆФСИНТÆ!
Куыд зонут, афтæмæй ацы бонты нæ республикæ бæрæг кодта æртæ юбилейы иумæ: 245 азы рацыд, Ирыстон Уæрæсеимæ куы баиу, уæдæй нырмæ, Цæгат Ирыстоны автономон республикæйыл сæххæст 95 азы, нæ республикæйы сæйраг горæт Дзæуджыхъæуыл та - 235 азы.
Уыцы æртæ цауы фæдыл канд нæ сæйраг горæты нæ, фæлæ Ирыстоны æппæт хъæуты дæр ацыд бирæ конкурстæ, хъастизæртæ, концерттæ.
Зилгæйы культурæйы артдзæст ныр дыккаг аз бæрæг кæны нæ республикæйы бон. Ардæм æрбамбырд вæййынц хъæуы цæрджытæ стырæй-чысылæй. Фарон ацы ран ацыд диссаджы конкурс - бæгæныйы бæрæгбон. Ныр та бацæттæ кодтой хуыздæр цыхтахсджыты фестиваль. Ам ма, æнæмæнг, бахынцын хъæуы уый, æмæ нæ районы хъæутæй ахæм конкурс æмæ фестивальмæ сæ ныфс бахастой æрмæстдæр Зилгæйы хæдзæртты æфсинтæ.
Мадзалы архайджытæ уыдысты Дудайты Раисæ, Лазарты Розæ, Микелты Хади, Азиаты Ритæ, Азиаты Лидæ, Дзгойты Зифæ. Уыдон æрмæст цыхтытæ нæ бацæттæ кодтой фестивальмæ, фæлæ ма алыхуызон ирон хæринæгтæ дæр: уæливыхтæ, дзыкка, нас, кæрдзынтæ, цывзыдзæхдон…
Райдайæн 1 фарсыл.
Райдианы æртæ уæливыхæй Хуыцау æмæ Йе сконд зæдты ном ссардта хъæуы разагъды лæгтæй иу, районы Ныхасы æгъдæутты комитеты сæрдар Хæмыцаты Раман:
- Табу Стыр Хуыцауæн! Кæддæриддæр нæ Йæ хорздзинæдтæй хайджын кæнæд! Лæгты Дзуар нæлгоймæгты Дзуар у æмæ нæлгоймагхъуаг куыд никуы суæм, фæлæ æнæхъæн Ирыстоны нæ «омменгæнджытæ» фылдæрæй-фылдæр, тархъæды бæлæстау та бæзджынæй-бæзджындæр куыд кæной, ахæм арфæ нын ракæнæд! Тæтæртупп фæндæгты бардуаг у, бирæ бæлццæттæ йæ бынты цæуынц, æмæ куыд рæсугъдæй ацæуынц, афтæ иу дзагармæй, æнæфыдбылызæй сæ хæдзæрттыл куыд сæмбæлой, ахæм арфæ нын ракæнæд! Хетæджы Уастырджийы бонтæ дæр уыдысты, æмæ нæ фæсивæдæй исчи куы фæцуда, уæд Хетæгæн цы æххуыс бакодта, уыцы æххуыс-иу ын цы бакæна, ахæм арфæ нын ракæнæд! Уæдæ Реком, Мыкалгабыртæ, Таранджелос бæркаддæттæг сты, æмæ нæ бæркæдтæ фылдæрæй-фылдæр куыд кæной, ахæм арфæ нын ракæнæнт! Къобы Уастырджи хъуыстгонд Дзуар у, кæд æм нæ бон бацæуын нæу, уæддæр æм кувæм æмæ нын ахъаз куыд кæна, ахæм арфæ нын ракæнæд! Тбау Уацилла, табу йæхицæн, фыдбылыз сафæг у æмæ нæ фыдбылыз сæфт куыд уа, нæ амонд – тыхджын, ахæм арфæ нын ракæнæд! Мады Майрæм – табу йæхицæн, уымæй цæуынц нæ кæстæртæ æмæ нæ иу дыууæ куыд кæна, нæ дыууæ та фарасты хистæр куыд уой, ахæм арфæ нын ракæнæд! Рухс Аларды, нæ кæстæртæ рынчын куыд нæ кæной æмæ хистæрты бынатмæ куыд бахизой, хистæртæ та зæронды бонмæ куыд цæрой, ахæм арфæ нын ракæнæд! Ам быдыры зæдтæ ис, сæ иуæй-иннæ кадджындæр: Заманхъулы - Дурджын Бæрзонд, Зилгæйы - Къохы Дзуар, кæрдзынтæй сæм кувæм, æмæ нын ахъазгæнæг куыд уой, ахæм арфæ нын ракæнæнт! Афтæмæй хохæй-быдырмæ цы зæдтæ ис, уыдоны хорзæх нæ уæд! Нæ «омменгæнджытæн» сæ «оммен» æрвнæрæгау зæдтæ æмæ дауджытæм куыд хъуысой æмæ сæ хорз лæгтæ куыд рауайа, Иунæг Кадджын Хуыцау сын уыцы арфæ ракæнæд!..
…Бæргбон сæ аив кафтæй байгом кодтой бынæттон культурæйы артдзæсты хæрзæрыгон архайджытæ Гаглойты Зауыр æмæ Реуазты Камиллæ. Дарддæр хихъæппæрисадон къордты хæдахуыр артисттæ сæ зард æмæ кафтæй бахъæлдзæг кодтой бæрæгбондзауты зæрдæтæ…
Фæлæ та раздæхæм нæ фестивалы архайджытæм. Сæ цыхтытæ уыдысты иу иннæмæй хæрзаддæр. Куыд рахатыдтам, афтæмæй Зилгæйы «Сатанатæ» иууылдæр тынг дæсны сты цыхт ахсынмæ. Азиаты Ритæ та йæ цыхт цъæх хъонтхорайымæ лыстæг карстæй бацахста. Рауад ын тынг цымыдисаг.
Фестивалы архайджытæн се ‘ппæтæн дæр кадджын уавæры лæвæрд æрцыд æвдисæндар гæххæттытæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæ.
Кæронбæттæны нæ цыхтахсджытæн раарфæ кодтой Тетаты Эльврик, Хæмыцаты Раман, Бæтæгаты Разитæ æмæ Тетаты Джульеттæ.
Хæмыцаты Раман уæлдай арфæ ракодта мадзал бацæттæгæнæг, Зилгæйы культурæйы хæдзары сæргълæууæг Гаглойты Альбинæйæн.
Мах газеты фæрстыл иу æмæ дыууæ хатты нæ фыстам Альбинæйы тыххæй æмæ ма йæ ноджыдæр зæгъæм, нæ аивады артдзæстыты афтæ зæрдиаг, æмæ разæнгардæй чи кусы фæсивæдимæ, ахæм курдиатджын разамонджытæ фылдæр куы уа, уæд нæ кæстæртæн тас нæу фæрæдийынæй. Мах дæр ын зæгъæм стыр бузныг.
Альбинæ куыд загъта, афтæмæй ахæм конкурстæ æмæ фестивальтæн сæ сæйраг хъуыды æмæ нысан у фæсивæды ирон традицитæ æмæ фарныл бæдтын, цæмæй сæ уыдон дæр сомбон рæсугъдæй хæццæ кæной фæлтæртæм.
Мадзал æмбæлгæ уавæрыл ацæуыны охыл Альбинæйæн ацы хатт дæр та йæ фарсмæ æрбалæууыдысты йе ‘мкусджытæ Солаты Розæ, Дзгойты Зифæ, Бедойты Кристинæ æмæ Болиаты Ритæ. Фидæны ма сæ къухы ноджы фылдæр æнтыстдзинæдтæ бафтæд!
"ВЕСТНИК БЕСЛАНА"
Комментарии:
Комментарии к данной записи отсутствуют
Добавить комментарий